…«Мах кæдфæнды дæр хъуыды кæндзыстæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты, кæдфæнды дæр хъахъхъæндзыстæм салдаты туг æмæ хидæйдзаг зæхх.

Кæдфæндыдæр хъуыды кæндзыстæм, Кады музейтæ æмæ обелискыл цы диссаджы ныхæстæ фыст ис «Ничи ферох, ницы ферох», уыдон». Ахæм бацæуæн ныхæстæй Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты доцент Тедеты Залинæ байгом кодта Кады Аллейы æнусон арты раз, 1941-45 азмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 72 азы сæххæсты цытæн митинг.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг салдаты уæлахизæн кад кæнынæн ацы бынатмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад, ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Ӕнусон арты раз РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли сæвæрдта венок. Дарддæр хицауады уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ дидинджытæ æмæ веноктæ æвæрдтой обелискы раз, æмырæй алæугæйæ ардтой, тохы быдырæй чи нал сыздæхт, уыдон рухс нæмттæ.

Цытджын митинджы Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы бонæй мах сæрыстыр кæй стæм, нæхи куы бамбæрстам, уæдæй.

«Нæ буц ветеранты ордентæ æмæ майдантæ уынгæйæ, парадтæ æмæ демонстрациты рæстæджы дæр чысылæй мах сæрыстыр уыдыстæм уыдон сгуыхтдзинæдтæй. Уыдоны хъæбатырдзинæдтæ мах сахуыр кодтам скъолайы – Марьесев, Чкалов,  зынгæ ирон инæ-лæрттæ Плиты Иссæ, Мамсыраты Хадзы-Умар æмæ æн-дæрты.

Уыдон сæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ бахъахъхъæдтой сæ фидæны фæлтæрты сабырдзинад, нæ хъуыды кодтой ууыл – сæрæгас баззайдзысты æви нæ. Уыдон цæрынц нæ зæрдæты, кад сын кæнæм æмæ сын нæ сæрæй кувæм сæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уымæн æмæ сæ цард æмæ сæ æнæниздзинадæй æрхастой махæн Стыр Уæлахиз.

Уыцы хъæбатыр хæстонты кадджын традицитæ мах ныр дæттæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ, ахуыр сыл кæнæм, цæрын куыд хъæуы, уарзын куыд хъæуы, аргъ куыд хъæуы æмæ адæймаг цахæм патриот хъуамæ уа, цæмæй йæ Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уа. Мах сæрыстыр стæм, ахæм фыдæлтæ нын кæй уыд, уыдон знаджы морæгъуыз емынæйы баскъæрдтой фæстæмæ йæ хуыггоммæ. Мах арфæимæ хъуыды кæндзыстæм нæ кадджын ветеранты сгуыхтдзинæдтæ», – банысан кодта йæ ныхасы кæрон Бибылты Анатоли.Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Дзеранты Шота æрымысыд 1941 азы цаутæ. Банысан кодта, Иосиф Сталины Ирыстоны нысаниуæг уæлахизы хъуыддаджы хъæбатыр фæсивæд, сæ бæстæ фашистон тыхæйисджыты бахъахъхъæныны сæрыл слæууыдысты æмæ уæды Советон Цæдисы адæмтау иумæ æнæмсæр тох фæкодтой.

Дзеранты Шота ма æрымысыд Хуссар Ирыстоны цаутæ, гуырдзыйы тыхбахаст нæ бæстæмæ, зæгъгæ, историйы цалх разылд æмæ та нæ ногæй бахъуыд нæ Райгуырæн бæстæ фашистон тыхтæй бахъахъхъæнын.

Стыр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, уыдон руаджы стæм æдас, æмæ, зæгъгæ, уый æгæрон лæггад у.

Митинджы ма ныхасы рацыд Хуссар Ирыстоны «Ӕнæмæлгæ полк»-ы змæлды волонтер, æвзонг ахуыргæнæг Тедеты Хетæг.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон хъæбатыр салдатæн æнусон кад æмæ цыты нысанæн айхъуыст хæдæхсты гæрæхтæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.