2008-æм азы августы хæсты фæстæ нæм Санкт-Петербургы Р. Валленбергы номыл институтæй психологты къорд куы æрцыдис нæ адæмæн баххуыс кæнын æмæ уавæр сахуыр кæныны тыххæй, уæд мах, журналисттæ дæр фембæлдыстæм семæ æмæ нын радзырдтой, хæстон архайдтытæ адæмы æнæниздзинадыл кæй бандавдзысты æмæ цалдæр азы фæстæ та бирæ низтæ кæй рапарахат уыдзысты, уый. Уыдон нымæцы уыдысты зæрдæ, нуæрттæ æмæ онкологион низтæ. Махмæ уæд диссаг дæр фæкастысты сæ ныхæстæ, фæлæ абон онкологи кæй рапарахат ис, уый бæрæг у. Æмæ та сæ ныхæстæ зæрдыл æрлæууынц. Ацы æгъатыр низæй бирæ адæм амæлы, уыдон æхсæн ис чысыл сабитæ дæр. Тынг зын у, нæ сомбон аразгæ кæмæй у æмæ нæ фидæны царды ныфсытæ чи сты, уыцы сывæллæттæ онкологийы æгъатыр низы æндæвдады бын кæй бахауынц æмæ сын сæ ныййарджыты бон дæр баххуыс кæнынæн кæй ницыуал свæййы, уый. Зынаргъ лæууы йе схос кæныны хъуыддаг дæр, алкæмæ та уыцы финанстæ нæ вæййы. Æрæджы нæ республикæйы арæзт æрцыд онкологийæ рынчын сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья», зæгъгæ, ахæм номимæ. Фонды президент у Цхуырбаты Татьянæ. Йемæ нын рауад ахæм ныхас:

– Сывæллæтты хæрзаудæн фонд саразыны хъуыды дæм куыд æмæ кæд фæзынд?

– Цалдæр азы размæ онкологийæ фæрынчын мæ иууыл æввахсдæр æмбал Чилæхсаты Ирэна. Уый йеʻнамонддзинад базыдта æнæнхъæлæджы æмæ æрæгмæ. Ирэна ацы низы ныхмæ тох кодта бирæ рæстæджы дæргъы, хос кодта Уæрæсейы Федерацийы, фæсарæнты иууыл размæдзыддæр хосгæнæн клиникæты, уыцы нымæцы Израилы дæр. Хос кæнын æй дзæвгар рæстæг кæй хъуыдис, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд уыцы ран æрлæууын дæр. Фыццаг йæ фарсмæ уыдысты йæ ныййарæг мад æмæ йæ иунæг фырт. Уыцы рæстæджы чызджы хъуыдис стыр аудгæ хъусдард. Хъуыдис æй моралон æххуыс йæ хиуæттæ æмæ йе ʻввахс адæмæй. Ме  ‘мбал чызг мæм уæд æрбахатыд, цæмæй æз дæр уыдаин йæ фарсмæ, афтæ йын æнцондæр уыдис йæ тарст удæн. Æз хъуыды дæр нæ акодтон, афтæмæй йæм ацыдтæн уыцы рынчындонмæ. Æрбалæууыдтæн йæ фарсмæ æмæ, цас гæнæн уыдис, уыйбæрц æй ирхæфстон, иппæрд æй кодтон йæ низæй.  Кæддæриддæр ын фидарæй дзырдтон, кæй фæуæлахиз уыдзæн ацы æвзæр низыл Израилы уæвгæйæ, æмæ та-иу чызджы бацыд стыр ныфсытæ. Æцæгæй дæр ын бакодтой бæрзонд квалификацион медицинон æххуыс, фæлæ…

Уæд æз федтон тынг бирæ рынчын адæмы. Федтон дзы бирæ æнамонд, цардбæллон адæймæгты. Се ʻхсæн уыдысты, кæй зæгъын æй хъæуы, алы кары сывæллæттæ дæр – ноггуырдтæй райдайгæйæ. Уыцы нывтæ мæ цæстытæй никуы ахицæн уыдзысты. Федтон-иу дзы ныййарджыты стыр трагеди, куыд тох кодтой, куыд тыхстысты, цæмæй-иу сæ царды нысаниуæг чи сты, уыцы хъæбулты байстаиккой æгъатыр низы дзæмбытæй. Æз мæхæдæг дæр ныййарæг дæн æмæ мыл ацы уæззау ныв тынг бандæвта. Цыфæнды низæй дæр сывæллон рынчын куы уа, уый ныййарæджы æппары стыр катайы. Æмæ ма дын ноджы дохтыртæ куы фехъусын кæной ацы тæссаг низы диагноз, уæд райдайы æцæг тох низы ныхмæ. Онкологийæн схос кæныны хъуыддаг абон, алчи дæр æй зоны, у тынг зынаргъ. Бирæтæн сæ ныфс асæтты, уыцы æхцаты фæрæзтæ куы не ссарынц, уæд. Стыр хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны дæр онкологийæ рынчынтæ ис æмæ уыдон æхсæн сты сывæллæттæ дæр. Дунейы æппæт бæстæты дæр фæстаг азты мидæг баконд æрцыдысты онкологион рынчынтæн бирæ хæрзаудæн фондтæ. Æз-иу Израилы афарстон рынчынты, зæгъгæ, ахæм зынаргъ клиникæйы схос кæнынæн сын æхцатæ кæм вæййы, æмæ-иу мын загътой, хæрзаудæн фондты æххуысæй кæй æрцæуынц, уый. Ахæм нывтæ фенгæйæ нæм ме ‘мбалимæ æрцыдис хæрзаудæн фонд саразыны хъуыды, кæцыйæн-иу хъуыды кодтам йæ фидæныл, ома, куы адзæбæх уа, уæд фонды архайдæн кæй сараздзыстæм программæ æмæ ахæм рынчынтæн кæй æххуыс кæндзыстæм, фæлæ Ирэнайæн йæ низ сытынг… ме ʻмбал йæ цардæй ахицæн ацы аз февралы мæйы æмæ мын мæ зæрдæйы ныууагъта егъау маст. Уыцы трагедийы фæстæ йæ рухс ном арыны тыххæй скодтон, иумæ саразынмæ кæй хъавыдыстæм, уыцы хæрзаудæн фонд саразыны фæнд.

– Таня, зæгъ-ма, Израилы сæхицæн ацы низæй чи хос кодтой, уыдоны ‘хсæн уыд ирæттæ дæр æмæ дарддæр куыд рауад сæ хъысмæт? Искæмæн дзы хос æрцыдис уыцы ран?

– О, уыдис дзы. Уыцы рынчындоны рынчынтæ кæрæдзимæ уыдысты æнгом. Базонгæ-иу стæм процедурæты рæстæджы. Кæрæдзи-иу афарстам, чи цæмæн хос кæны, куыд æрбахаудтой Израилмæ, уыдæттæй. Фембæлдыстæм дзы Чилæхсаты бинонтимæ. Уыдонæн та сæ лæппу уыдис рынчын. Медицинон къамис куы рацыдис Мæскуыйы, уæд ын дохтыртæ сæвæрдтой ацы низы диагноз. Уыцы æвзонг лæппу йæ амондæн æрбахаудта ацы клиникæмæ. Æрæджы фембæлдтæн йæ бинонтимæ, æмæ мын куыд загътой, афтæмæй сын сæ лæппуйæн тынг баххуыс ис, Израилы цы хосгæнæн курс рацыд, уый. Абон ахуыр кæны Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндоны æмæ йæ цард дарддæр кæны. Мæнæн уыцы хабар уыдис тынг æхсызгон.

Зæгъ-ма, дæ фондæн  ахæм ном цæмæ гæсгæ равзæрстай?

– Израилы уæвгæйæ-иу, мах Ирэнæимæ нæхи арæх раирхæфстам фæзуатмæ. Иуахæмы та куы ‘рбацыдыстæм нæ уарзон бынатмæ, уæд мæм дзы иууыл диссагдæр фæкаст, фæзуаты тынг бирæ бæлæттæ кæй уыдис, уый. Уыцы бон уыдис æнахуыр рæсугъд зымæгон бон, кастис хур æмæ цыма, адæймаджы зæрдæйы цавæрдæр ныфс уагъта, уыйау зæрдæйæн уыдис æнцон. Бæлæттæ уыгътой зæххæй сæ хæринаг æмæ уалынмæ æвиппайды куы стæхиккой æмхуызонæй. Æвæццæгæн, цæмæйдæр фæтарстысты. Уыцы ныв ахæм æнахуыр рæсугъд уыдис æмæ нæ дисы бафтыдта. Æмæ мæм уæд фæзындис нæ фондыл ахæм ном сæвæрын, «Подари крылья», зæгъгæ. Æцæг мын нæ бантыст нæ эмблемæйы бæлоны ныв бакæнын. Ис нын дзы цъиу Феникс. Уый та уымæн афтæ рауад, æмæ мын эмблемæ хъуамæ сарæзтаид ме ʻмбал курдиатджын нывгæнæг, дзæнæттаг Джуссойты Инал (Беге). Фæстæдæр интернеты руаджы ссардтон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, эмблемæйыл цавæр цъиу хъуамæ æрцыдаид нывгонд, ахæм, æмæ  абон куыд у, афтæ та йæ сарæзта Хъоцыты Дианæ. Тынг бирæ адæм æрбалæууыдысты мæ фарсмæ æмæ мын æххуыс кæнынц фонды презентаци ауадзыны хъуыддаджы. Уый тыххæй сын стыр бузныг зæгъын се ʻппæтæн дæр.

 – Ныртæккæ фонды цал адæймаджы кусы? 

– Хæрзаудæн фонды кусæм иу-дæс адæймаджы бæрцæй. Æз – фонды президент, фонды куысты бæрныдзыд чи сты, уыдон сæргълæууæг – Парламенты депутат, дохтыр Къозонты Алан. Кусынц нæм бухгалтер, ревизор, дыууæ психологы,  афтæ ма нын нæ сайт саразыныл чи кусы, уыцы адæймаг, æмæ æндæртæ. Фæлæ нæ къахыл куы слæууæм, нæ куыст куы ацæуа, уæд та нæ хъæудзæнис фылдæр кусджытæ. Абон фонды сырæзтыл æнувыдæй чи кусы, уыдон сты æндæр æмæ æндæр уагдæтты кусджытæ æмæ кусынц æнæмыздæй. Уыдон хъуыддагмæ равдыстой зæрдиаг ахаст, адæймагдзинад, æмæ кæдфæнды дæр сты мæ уæлхъус. Фæлæ закъоны куыд фыст ис æмæ куыд домдæуы, уымæ гæсгæ адæмы æххуыстæ, ома, рынчынтæн цы æхцаты фæрæзтæ æрæмбырд уой, уыдонæн сæ фылдæр хай комкоммæ дæр хъуамæ цæуа рынчынтæм æххуысы хуызы. Цы чысыл проценттæ дзы баззайа, уыдон та фыст цæуынц фонды кусджытæн. Уыцы æхцатæ та куыстмыздæн  сты хæрзцъус, фæлæ хъуыддаг чи æмбары, йæ зæрдæ кæмæн риссы, уыдон разы сты хæрзаудæн куыст кæныныл. Бирæтæ мын фæзæгъынц, зæгъгæ, хорз хъуыддагыл хæст кæй дæн æмæ мын фæарфæтæ кæнынц. Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Хуссар Ирыстоны полиграфион баиуæгæнды директор Икъаты Мадинæйæн, нæ офисæн нын æрдæг аргъыл кусæн хатæн кæй радта. Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй рæстæгыл æххуыс цæуа рынчынтæн.

Финансон æххуыс та уын чи кæндзæнис?

– Ацы хъуыддаг, фыццаджыдæр, æнцой кæндзæнис спонсорон æххуыстыл. Уагъд цæудзысты алыгъуызон хиирхæфсæн хæрзаудæн мадзæлттæ, акцитæ, концерттæ, равдыстытæ, кæд æмæ-иу искæцы рынчыны бахъæуа не ʻххуысы сæр, уæд. Ахæм хæрзаудæн мадзæлттæ уагъд цæудзысты æдзухдæр. Нæ куысты нын стыр ахъаз уыдзæнис сайты архайд дæр. Адæм дзы исдзысты æмбæлон информаци рынчынты тыххæй дæр æмæ ма фонды куысты тыххæй дæр. Сайт арæзт цæуы, адæмæн æнцонвадат куыд уа, ахæм хуызы. Уыцы ран конд цæудзысты рынчын сывæллæтты нывтæ, сæ диагнозтæ æмæ сын хос кæнынæн цас æхца хъæуа, уый. Нæ куыст уыдзæнис æргом, цæмæй йыл мачи дызæрдыг кæна. Æз фонды куысты тыххæй развæлгъау базонгæ дæн ацы хъуыддаджы фæлтæрд специалисттимæ. Ныхас кодтон, фонды архайды тыххæй Израилы, Мæскуы æмæ Беслæны клиникæтимæ бастдзинад цы хæрзаудæн фондтæн ис, уыдонимæ. Ныртæккæ архайæм ууыл дæр, цæмæй фæхуымæтæгдæр уа, адæм се ʻхцайы фæрæзтæ куыд æнцондæрæй ахынцой, уыцы системæ. Ныхас кæндзынæн Мегафоны кусджытимæ дæр, цæмæй нын саразой æхцатæ смс-ы руаджы арвитыны лæггæдтæ. Нæ куыст хъуамæ цæуа рæвдзæй. Нæ хъуыддæгтæ сараздзыстæм Национ бангимæ дæр.

– Цы цæстæнгасæй кæсынц адæм ацы ног хъуыддагмæ?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз. Бирæ, тынг бирæтæ мын зæгъынц, цæмæй ацы хæрзаудæн куысты хъуыддагыл кусон. Мæ хъуыддаджы ма мæ фарсмæ æрбалæууыдысты чиновниктæй бирæтæ дæр. Сæрæй мæм афтæ каст, æмæ мын мæ хъуыддагыл адæм æндæргъуызон сæмбæлдзысты. Фæлæ раст нæ уыдтæн. Махæн нæ адæм ахæм хъуыддæгтæм дарынц æмбаргæ ахаст. Уæлдайдæр та, фонд онкологийæ рынчын сывæллæтты тыххæй арæзт кæй цæуы, уый фехъусгæйæ.

– Ацы фонд саразыны тыххæй фыццаг кæмæ бахатыдтæ æмæ йыл куыд сæмбæлдысты?

– Æз фыццаг бахатыдтæн нæ Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй мын баххуыс кодтаид мæ хъуыддаджы. Радзырдтон ын, ацы фонд саразыны хъуыды мæм цæмæн фæзынд, æппæт уыдæттæ. Бибылты Анатоли мын баныфсæвæрдта, кæдфæнды дæр мæ фарсмæ кæй æрбалæудзæн æмæ мын кæй баххуыс кæндзæн. Уыдон мæнæн уыдысты стыр ныфсы ныхæстæ. Æз абон стыр бузныг дæн нæ цытджын Президентæй, фонд саразынæн мын фадæттæ кæй сарæзта, уый тыххæй.

Презентаци бацæттæ кæныны хъуыддаджы та мын æхцайы фæрæзтæй баххуыс кодтой Национ бангы хистæр Зассеты Феликс, республикон парти «Иууон Ирыстон» Тадтаты Аланы сæргълæудæй, дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим æмæ Ирэнæйы мадыфсымæр.

– Нæ республикæйы онкологийæ рынчын сывæллæтты нымæцы тыххæй уæм развæлгъау исты информаци ис?

– Æз уый фæдыл ныхас кодтон нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгиимæ, фæлæ йæм бæрæг бæлвырд информаци нæ уыд. Уæд ацы статистикæ базоныны тыххæй бахатыдтæн дохтыр-онколог Кулиджанов Григоримæ æмæ мын уый куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаг у конфиденциалон æмæ сæ уый дæр бæстонæй нæ зоны. Загъта, зæгъгæ  дзы кæй зоны, уыдон сты æхсæз…

 – Уæ дарддæры куысты уæм цы плæнттæ ис?

– Мæн тынг фæнды, цæмæй нын арæзт æрцæуа Центр, кæцы æххæст кæндзæн фонды программæ. Уый хъуамæ уа хибар ран, цæмæй рынчын сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ сæхи ирхæфсой. Рынчынтæ сæ ахуырæй иппæрд кæй вæййынц æмæ сын ахъазынæн, сæхи ирхæфсынæн уавæртæ кæй нæ вæййы, уый тыххæй хъуамæ куса ахæм Центр. Ахæм мадзæлтты руаджы сывæллæттæ фæхъæлдзæгдæр вæййынц æмæ сæ сæ низ дæр æрбайрох вæййы. Фæнды ма мæ, цæмæй нæ республикæйы дæр фæзына волонтерон змæлд, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр, фæсивæд уой ацы хъуыддагыл лæуд. Махæн нæ фæсивæд хъуамæ ахуыр кæной хæрзиуæг аразыныл æмæ æндæртæн та уой цæвиттойнаг. Ахуырты куы уыдтæн, уæд федтон, волонтертæ куыд æххуыс кодтой æмæ куыд ирхæфстой рынчынты, уый. Клоунтæ-иу æрбацыдысты рынчындонмæ æмæ-иу сæ юмористон номыртæй хъæлдзæг кодтой сывæллæтты. Фæнды мæ, цæмæй мах дæр бафæзмæм уыцы хорз хъуыддаг аразджыты. Адæм æмхуызонæй иумæ куы архайой, иу хъуыддагыл куы кусой, уæд нæ алкæмæн дæр уыдзæн æнцондæр. Мах хъуамæ стыр ныфс уæм æххуысагур рынчынтæн.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.