21-æм октябры уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Рабадтæн сæрдариуæг кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Йæ куысты хайад райстой РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ,  арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Рабадт гом кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз эксплуатацимæ лæвæрдцæуæг объекттæн стыр нысаниуæг ис республикæйы æндидзынады хъуыддаджы.  Æмæ арæзтадон организациты минæвæртты хъусдард аздæхта æппæт куыстытæ дæр рæстæгыл фæуынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æрæввахс кæны афæдзы кæрон æмæ, зæгъгæ, махæй алчи дæр æмбары, цахæм хæстæ лæууы нæ разы. Боны фæткы раздæрау лæууы уыцы иу фарст – Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты куыстытæ гъæдджынæй æмæ сфидаргонд æмгъуыдты фæуын. Йæ ныхæстæм гæсгæ эксплуатацимæ радтын хъæуы, арæзт чи фесты, уыцы объекттæ дæр, арæзт чи цæуынц, уыдон та фæуын хъæуы, куыд гæнæн ис, афтæ раздæр.

Штабы ивгъуыд рабадты республикон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы къухдариуæггæнæг Зассеты Сергейæн Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадимæ иумæ бахæс æрцыд, цæмæй сахуыр кæной æмæ аиуварс кæной, соматикон рынчындоны донифтонгады системæйы цы цухдзинæдтæ ис, уыдон.

«Водоканал»-ы къухдариуæггæнæг куыд загъта, афтæмæй рынчындоны донифтонгады системæ арæзт æрцыд уартæ советон дуджы æмæ дзы цы доны резервуар ис, уый хъæуы капиталон цалцæг.

Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, техникон æгъдауæй ацы системæ у вазыгджын конструкци æмæ йæ эксплуатацийы рæстæджы бирæ зындзинæдтæ æвзарын кæны.

Фарсты фæдыл Хицауады Сæрдар бацамыдта, цæмæй зæронд резервуар ифтонг æрцæуа ног донифтонгады автоматикон системæйæ, афтæ ма профилон министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй райсой æппæт мадзæлттæ дæр æппæт медицинон кластер донæй ифтонг цæуа æнæкъуылымпыйæ. «Бакусут ацы фарстыл, афтæ æмæ рынчындон донæй ифтонг куыд цæуа æнæрлæугæйæ. Медицинон уагдæттæ иу бон дæр хъуамæ макуы баззайой æнæ донæй», – загъта Хицауады Сæрдар.

Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ горæты 13 Коммунары уынг 2016 азæн Инвестпрограммæмæ хаст нæ уыд, фæлæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй дзы æндидзын-гæнæн куыстытæ æххæст æрцæуой горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй. Ацы фарсты фæдыл горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты администраци æмæ республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» ацы бонты бадзырд сарæзтой банысангонд уынджы хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ сæххæст кæнын æмæ сæ ацы азы октябры мæйы кæронмæ фæуыны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ дыццæджы, ома, абон æрæвналдзысты уынджы асфальт кæнынмæ. Фыццаг уал аразын райдайдзысты уынгæн йæхи, стæй та – тротуартæ. Афтæ ма дзы йæ ныхæстæм гæсгæ æвæрд æрцæудзæн барьер, цæмæй дзы цæуой æрмæстдæр рог автомашинæтæ.

Раздæр ацы уынджы æххæст æрцыдысты цалцæггæнæн куыстытæ зæххы бын коммуникацитæ раивыны фæдыл. Горæты æндæр уынгты æндидзынгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй рабадты хайадисджыты базонгæ кодта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Фæскомцæдисы уынджы дарддæр æххæст цæуынц бетонæй сисамайæн куыстытæ æмæ фæуыдзысты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ, уынг йæхæдæг та фæуыдзæн хæрзарæзт. Дзаттиайы фырты уынджы та асфальты фыццаг фæлтæр æвæрын райдайдзысты тагъд рæстæджы. Уый ма куыд загъта, афтæмæй хæрзарæзтадон куыстытæ цæуынц Сталины уынджы дæр. Подрядон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СМТ- Юг»-ы сæйраг инженер Таймураз Контеев та штабы рабадты хайадисджыты базонгæ кодта, сывæллæтты профилон рынчындоны æндидзынгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ рынчындон ифтонг цæуы æнæмæнгхъæуæг гæрзтæй, æрластæуыд рентген аппаратурæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй объекты хицæн хуыз æндидзынгæнæн куыстытæй бирæтæ чысыл фæстейæ зайынц. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ объект уæддæр лæвæрд æрцæудзæн сфидаргонд æмгъуыдты. Афтæ ма дзырд цыд, университетон комплексы, паддзахадон драмон театры, ногдзауты парчы арæзтæдтæ куыд цæуынц, ууыл. Хицауады Сæрдар банысан кодта хицæн здæхтыты мæгуырау куыст æмæ бафæдзæхста, зæгъгæ, уыцыиу адæймæгтæн сæ мæгуырау куыст цалдæр хатты куы бафиппайдæуы, уæд сæ ссæрибар хъæуы сæ бынæттæй, цæмæй сæ бынæттæм æрбацæуой æндæртæ. Афтæ ма горæты администрацийы бафæдзæхста, цæмæй карздæр мадзæлттæ исой, ногарæзт уынгты хуыз чи фыдуынд кæнынц, уыдоны ныхмæ. Афтæ ма бафæдзæхста, бакæнгæ куыстыты гуырахсты фæдыл документаци рæстæгыл арæзт кæй хъуамæ цæуа æмæ объекттæ рæстæгыл лæвæрд цæуой эксплуатацимæ.

Кæронбæттæны Хъуылымбегты Доменти арæзтадон организациты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй æппæт сæ фадæттæй спайда кæной æмæ Инвестпрограммæмæ хаст объектты арæзтад фæуа сфидаргонд æмгъуыдты æмæ æххæст гуырахстæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.