2-æм июлы Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад кусæгон балц сорганизаци кодтой Дзауы районы дæрдтаг хъæу Синагурмæ æмæ диспансеризацийы хуызы басгæрстой хъæуы цæрджыты.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæныныл чи архайы, уыцы сæйраг æмæ æнæмæнгхъæуæг фадыг у Æнæниздзинад  хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад. Уый контрол кæны республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнын системæйы куыстыл, бæрæг кæны бакæнгæ лæггæдты гъæд æмæ æндæр профилон хъуыддæгтæ. Адæймагæн иууыл сæйрагдæр йе ʻнæниздзинад у æмæ уый хынцгæйæ, министрад йæ авналæнтæм гæсгæ архайынц æмæ лæггад кæнынц нæ республикæйы æмбæстæгтæн.

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ басгæрсты хайад истой куыд хуссарирыстойнаг, афтæ уæрæсейаг медицинон кусджытæ дæр.

Медиктæн кусæгон балц организацигонд æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ʻхсæн интеграцион æмархайды фæлгæтты. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ахæм гуырахсты медицинон басгæрст кæй уадзынц фыццаг хатт. Басгæрстытæ уагътой ахæм специалисттæ, куыд эндокринолог, кардиолог, педиатр, невролог, хирург-ортопед, дохтыр-эндоскопист æмæ терапевт.

Пресс-службæйы ма куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ ацы медицинон басгæрст ахъаз фæуыдзæнис рæстæгыл ахæм низтæ  сбæрæг кæнын, куыд диабет(сæкæрниз), рæуджыты низ, зæрдæ-дадзинты æмæ психиатрон низтæ.

Басгæрсты рæстæджы куыд фæбæрæг, афтæмæй хæххон хъæуы цæрджыты фылдæр хай тыхсынц зæрдæ æмæ туджы æлхъывдадæй. Уыдон та сты фылдæр хистæр кары адæм. Хъæуы цæрджытæн алыхатт рæстæг кæнæ та фадат нæ вæййы ахæм дард фæндагыл республикон-соматикон рынчындонмæ дохтыртæм æрцæуынæн.

Медицинон басгæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ пациенттæй кæй бахъæуа, уыдон, гæнæн уæвгæйæ, æрвыст цæудзысты республикон рынчындонмæ, цæмæй уым дарддæр бæстондæрæй рацæуой медицинон басгæрст. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ республикæйы дæрддзæф хъæуты медикты ахæм куыст планмæ гæсгæ организацигонд кæй цæудзæнис. Ацы басгæрстытæн æрмæст профилактикон нысаниуæг нæй, фæлæ ма  ахъаз уыдзæн раздæр йæ низы хатт кæмæн фæбæрæг æмæ хос кæнын кæмæн хъæуы, уыцы рынчынтыл контрол кæнын æмæ сын медицинон æххуыс бакæнынæн.

Рæхджы ма Синагуры хъæуы басгæрст цæудзысты сывæллæттæ дæр æмæ уымæй фæрог кæндзысты ныййарджыты къух.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.