Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры информацион фæрæзты минæвæрттимæ фембæлгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, фæстаг бонты Венесуэлæйы цы цаутæ цæуынц, уыдон Хуссар Ирыстоны катайы æппарынц æмæ сæм лæмбынæг йæ хъус дары. Уыцы цаутæ сты, Венесуэлæйы паддзахадон хæдбардзинад кæй нæ хъæуы, уыцы тыхты æрдыгæй дунеон барад æмæ нормæтæ, афтæ ма ИНО-йы устав гуымир æгъдауæй халын æмæ арæзт сты 2018 азы 20 майы адæмы равзаргæ закъонон президент Николас Мадуройы йæ бынатæй раппарыны нысанæн.

«Абон Венесуэлæйы цы процесстæ уынæм, уыдон нын нæ зæрдыл æрлæууын кодтой Гуырдзыстон æмæ Украинæйы хуызджын революцитæ. Уыцы процессты сценари æмæ закъазгæнæг у иу. Венесуэлæйаг æхсæнады бæрæг хай бахауд уыцы закъазгæнджыты æндæвдады бын æмæ æнцонтæй кæсынц сæ коммæ, фæлæ мæ уырны, закъонæй цы президенты равзæрстой венесуэлæйаг адæм, уый раппарын нæ бантысдзæн Мадуройы ныхмæ цæуджытæн», – банысан кодта Медойты Димитр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Мадуройæн йæ бæстæйы стыр кад æмæ  хорз авторитет кæй ис, уый мах нæхи цæстæй федтам йæ инаугурацийы рæстæджы. Николас Мадуро президентон æвзæрстыты стыр процентимæ фæуæлахиз  йæ оппоненттыл, æмæ йын чи схъæлæс кодта, уыцы адæмы равзæрст адæймаджы бахъыгдарын бафæлварын æмæ уыцы бæстæмæ хаос бахæссыны бафæлвæрдтытæн æрцæуæн нæ уыдзæн».

Уыимæ ма РХИ-йы æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг  Венесуэлæйы нымайы хъæздыг бæстæйыл.

«Венесуэлæ у æрдзон ресурстæй хъæздыг бæстæ æмæ уый тыххæй цымыдисон у Америкæйы Иугонд Штатты сæргълæудæй бæрæг бæстæтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны архайд здæхт у Венесуэлæйы хæдбардзинад скуынæг кæнынмæ», – банысан кодта Медойты Димитр.

Министр куыд загъта, афтæмæй Венесуэлæйы цаутæм хаос бахæссынмæ цы бæстæтæ хъавынц, уыдоны архайд фæстаг рæстæджы бæрæгæй зыны. Уыцы бæстæтæй сæ сæйрагдæр у Америкæ æмæ йын йæ дипломатты дæр  72 сахаты æмгъуыдмæ  Мадурауый тыххæй æрвиты йæ бæстæйæ.

Медойты Димитр куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон у Венесуэлæйы закъонон президенты æвварс.

«Хуссар Ирыстон у, Венесуэлæйы закъонон президенты æмæ хицауады  ныхмæ цы процесстæ цæуы, уыдоны ныхмæ. Президент æмæ хицауад архайынц уавæр конситуцион фæткмæ æркæныныл. Ацы уавæрæй рахизæн ис барадон фæзуатмæ рахизгæйæ, конфликты эскалаци ма бауадзгæйæ æмæ Венесуэлæйы закон æмæ конституцийы фæлгæттæй нæ рахизгæйæ», – загъта Медойты Димир æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, иууыл ахсджиаг та у, цæмæй адæм ма баййафой æфхæрд.

Йæ ныхасы кæрон министр куыд банысан кодта, афтæмæй «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн  арæзт æрцыд дипломатон ахастытæ æмæ ацы ахастытæн ис перспективæ. Ацы аз 10 азы æххæст кæны нæ республикæйы хæдбардзинад нын Венесуэлæ куы банымадта, ууыл.  Ацы юбилейон цау банысан кæныны тыххæй нысан æрцыд иумæ  иу къорд мадзал ауадзын, кæцытæ хъуамæ æххæст æрцæуой. Фидæрæй мæ уырны, паддзахадон фæфæлдæхты бафæлвæрдтытæн кæрон кæй æрцæудзæн, уымæн æмæ Венесуэлæйы адæм сты иумæ»

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.