Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры дарддæр уагъд цæуынц фæстиуæгон пресс-конференцитæ. Ацы хатт та ардæм хуынд æрцыд  Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр. Уый хатдзæгтæ сарæзта 2018 азы йæ дæлбар ведомствойы архайдæн. 2018 аз уый банымадта юбилейон цауты азыл.

«2018 аз хъæздыг уыд нæ паддзахадæн нысаниуæгджын юбилейон цаутæй  Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырд, Уæрæсеимæ дипломатон ахастыты сырæзт…», – зæрдыл æрлæууыны нысанæн банысан кодта министр.

Министр банысан кодта Женевæйаг дискусситы ахсджиагдзинад. «Женевæйаг дискусситы фыццаг раундæй фæстæмæ нæ позици у æнæфæивгæ. Дискусситы сæйраг хæс у æдасдзинад сифтонг кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны æрдыгæй агресси фæлхатт ма æрцæуа, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл къухтæ фыст æрцæуа. Хъыгагæн, нын нæ позици  Женевæйы гуырдзиаг фарс æмбæлон æгъдауæй сæ хъусдардмæ нæ исынц», – банысан кодта æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг.

Медойты Димитр куыд радзырдта, афтæмæй гуырдзиæгтæ Женевæйы дискусситы рæстæджы бацархайынц, хуссарирыстойнаг фарс уынаффæмæ цы темæтæ раразмæ кæны, уыдон аиуварс кæнын, Хуссар Ирыстоны позици мацæмæ дарын, Женевæйы дискусситы хæдразмæ алыгъуызон трибунæтæй Уæрæсейы аххосджын кæнын, оккупант æй хонын, Хуссар Ирыстоны территорийæ уæрæсейаг æфсæддонты ракæныныл. Сæ тых, сæ бонæй архайынц дискусситы формат сæйраг фарстæй, ома, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон документыл къухтæ æрфыссын аиуварс кæнын.

«Тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл къухтæ æрфыссын у иууыл актуалондæр фарст Хуссар Ирыстонæн æмæ боны фæткæй ист никуы æрцыд. Хъыгагæн, уый у иунæг фæзуат, цыран Хуссар Ирыс-тонæн йæ позици хъахъхъæнын йæ бон у», – загъта министр æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, æндæр æхсæнадæмон фæзуæтæм рахизын Хуссар Ирыстоны кæй нæ уадзынц, уый у адæймаджы æхсæнадæмон бартæ халын. Кæд, зæгъгæ, æнæхъæн дуне зонынц, 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст Гуырдзыстон кæй райдыдта, уæддæр абоны онг иунæг дунеон организаци дæр Гуыр-дзыстоны нæ банымадта агрессорыл.

Дарддæр Медойы фырт куыд радзырдта, афтæмæй 2018 азы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад адарддæр кодта РХИ-йы Президенты банысангонд стратеги.

2018 азы райдианы Сербимæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы официалон балц æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг банымадта Европæмæ ахъаззаг айгæрстыл, кæцы расайдта Гуырдзыстоны æмæ ныгуылæйнаг бæстæты æрдыгæй карз критикæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы балцы фæлгæтты къухтæ æрфыстæуыд цалдæр сразыдзинадыл, кæцытæ реализаци цæуынц планбæрцонæй. Уый æнтыстджын къахдзæфыл банымадта Наурумæ балц æмæ уыцы балцы фæлгæтты æхсæнпаддзахадон сразы-дзинæдтыл къухтæ кæй æрфыстæуыд, уый дæр. Афтæ ма радзырдта Италимæ Бибылты Анатолийы кусæгон балцы тыххæй, горæттæ Градар æмæ Пезаройы йын цы ахсджиаг фембæлдтытæ уыд, уыдоны тыххæй дæр.

«8 августы нæ минæварады инициативæйæ Пезаройы (уым ис РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты минæварад) паркы, 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгты номыл ныссагъдæуыд æнгуз бæласы тала. Мадзал ацыд цытджын уавæры, айзæлыд РХИ-йы гимн. Уымæй дарддæр ма Италийы иуæй-иу горæтты къухдариуæггæнджытæ равдыстой Цхинвалимæ æмгуыст кæныны фæндондзинад»,  – загъта Медойты Димитр.

Министр иууыл ахсджиагдæрыл ба-нымадта, Сири Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый.

«2018 азы республикæйæн нысаниуæгджындæр цаутæй ахсджиагдæр у Сирийы Арабаг Республикæйы  ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымад. Уый у Бибылты Анатолийы æнтыст. Стыр нысаниуæг уыд 2018 азы апрелы Хъырымы Æхсæнадæмон форумы нæ делегацийы хайадистæн. Форумы фæлгæтты Бибылты Анатолийæн Уæрæсейы Федерацийы Сирийы Арабаг Республикæйы минæвар Хаддадимæ уыд мидисджын фембæлдтытæ.

29 майы коммюнике мыхуыр кæй æрцыд, уый дæр уыд символикон, уымæн æмæ 29 майы у Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады тыххæй акты райсты бон»,  – банысан кодта Медойты Димитр.

Уый куыд загъта, афтæмæй нын цæмæй Сири нæ хæдбардзинад банымадтаид, уый тыххæй уыцы фарсты фæдыл дæргъвæтин рæстæджы цыд консультацитæ. Коммюникейы нысан æрцыд, зæгъгæ, рæздзысты дыууæ бæстæйы дипломатон ахастытæ минæварадты æмвæзадыл. Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны минæварад бакондæ-уыдзæн Сирийы, Сирийы минæварад та – Хуссар Ирыстоны, фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, Сирийы Хуссар Ирыстоны минæварады баконд фæстиат кæны, уым хæстон архайдтытæ кæй цæуы, уый аххосагæй.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ног аз Сирийы бакондæуыдзæн нæ минæварад», – загъта æддагполитикон ведомствойы къухдариуæггæнæг.

Министр æнæ хъусдард нæ ныууагъта Сиримæ Бибылты Анатолийы балц дæр, цыран фембæлдысты дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ æмæ къухтæ фыст æрцыдысты дыууæ ахсджиаг æхсæнпаддзахадон сразыдзинадыл, кæцытæ сратификаци кодта Хуссар Ирыстоны Парламент.

Гуырдзыстоны «территориалон æнæхъæндзинад» бахъахъхъæныны æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинæдтæ аивыны æмæ уыцы республикæтæй уæрæсейаг æфсад ракæныны сæраппонд Уæрæсемæ сидты тыххæй ЕÆÆО-йы уæнгты хъусынгæнинаджы тыххæй министр банысан кодта, зæгъгæ, уыцы сидтыты ногæй ницы ис.

«10 азы дæргъы алыгъуызон æхсæнадæмон фæзуæттæй хуссарирыстойнаг фарс ацы сидтытæм хъусы æдзухæй дæр. Мах æй куыд уынæм, афтæмæй ахæм сидтытимæ иумæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ æрцæуы ног адæймæгтæ. Иннæрдыгæй та Хуссар Ирыстоны позици дæлдзиныг цæуы. ЕÆÆО-йæн нæй гæнæн æндæр фарсы информаци зонын. Уый тыххæй аразынц иуварсон хъусынгæнинæгтæ дæр. 2008 азы цауты тыххæй иунæг европæйаг организаци дæр æвзæрыл нæ банымадта Гуырдзыстоны архайд-тытæ. Иууыл диссагдæр та уый у, æмæ ахæм хъусынгæнинæгтæ арæзт æрцæуынц Женевæйы дискусситы рæстæджы. Ахæм хъусынгæнинæгтæ карздæр кæнынц æнæуый дæр æндыгъд уавæр», – банысан кодта Медойты Димитр.

Уый радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ йæ фембæлды тыххæй дæр. Ацы фембæлды фæлгæтты уынаффæ цыд дыууæ министрады ‘хсæн æмархайды фарстатыл æмæ 2019 азы плантыл. Медойы фырт банысан кодта дыууæ паддзахады æхсæнполитикон ведомствоты ‘хсæн æмгуыстады бæрзонд æмвæзад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æрвылбон дæр кусы фæсарæйнаг партнертимæ цæдисонтæ ссарыны сæраппонд.

«Ацы здæхты куыст цæуы алыгъуызон мадзæлттæй æмæ йын æнæмæнг уыдзæн фæстиуæг, Гуырдзыстоны æмæ йæ фарсхæцджыты ныхмæвæрд архайдмæ æнæ кæсгæйæ.

Министр радзырдта Гуырдзыстоны инициативæтæ «Хуыздæр фидæнмæ къахдзæф» æмæ «Æмгуыстады руаджы æрбахонын»-ы тыххæй дæр.

«Логикæйæн йæ кой дæр кæм нæй, ахæм цæвиттонтæ сты Гуырдзыстоны инициативæтæ «Хуыздæр фидæнмæ къахдзæф» æмæ стратеги «Æмгуыстады руаджы æрбахонын». Уымæй туттдæр проектæн нæй æрымысæн. Уый у аморалон æмæ йын нæй перспективæ. Иу æрдыгæй нæ сæхимæ æрбакæнынвæнд кæнынц æфсымæрдзинады ныхæстæй, иннæ ‘рдыгæй та сæ ацы 10 азы дæргъы æппындæр хатыр ничи ракуырдта, хуссайраг ирæтты ныхмæ геноциды, хæсты рæстæджы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы фыдракæндтæ сарæзта, уыдоны тыххæй», – банысан кодта министр.

Уый куыд загъта, афтæмæй Гуырдзыстоны, æвæццæгæн, нæ зонынц Хуссар Ирыстоны реалон уавæр æмæ царды æмвæзад, абоны бон республикæ размæ куыд цæуы, уый тыххæй. Цæвиттонæн æрхаста женевæйаг дискусситы æмсæрдæртты, кæцытæ, ХИПУ-йы ног комплексмæ бацæугæйæ,  фæдис кодтой, цы федтой, ууыл.

«Уыдон нæ зонынц, Уæрæсейы руаджы Хуссар Ирыстоны цы прогресс ис, уый. Гуырдзыстон афтæ æнхъæлы, цыма мах ферох сты агрессийы азтæ æмæ, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, цæрæм æххормагæй æмæ уазалы», – банысан кодта Медойты Димитр.

Уый радзырдта Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны ног сæвзæрст президент Саломе Зурабишвилийы ахасты тыххæй дæр.

«Гуырдзыстоны иуæй-иу къухдариуæггæнджытæй хъуысы алыгъуызон ныхмæвæрд ныхæстæ. Иуæй-иу æхсæнадон архайджытæ, политиктæ æппынæдзух дзурынц, цыма сæ махимæ сабырæй цæрын фæнды, фæлæ иннæмæй та сæхи ласынц НАТО-мæ. Фæлæ мах хорз æмбарæм, НАТО-мæ сæ быцъынæг уый тыххæй скъуынынц, цæмæй Хуссар Ирыстоны сæхи бакæной. Хуссар Ирыстон та Гуырдзыстоны хай никуыуал уыдзæн, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Гуырдзыстон йæхи кæй гæрзифтонг кæны, уый фæстиуæгæн, ирæттимæ æфсымæрдзинады тыххæй йæ ныхæстыл æппындæр нæй æууæндæн», – бахахх кодта æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг.

Министры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны тыхты равæрдæй бæрæг у, уым æхсæнад дихтæ кæй у. Гуырдзыстоны политикон тыхтæ архайынц, цæмæй уыцы быцæудзинæдтæ æндæр фæзуатмæ рахизын кæной, фæлæ реалондзинад та æндæр цæуылдæртыл дзурæг у, – загъта уый.

Министр радзырдта, се ‘нæниздзинады сæраппонд Гуырдзыстонмæ цы рынчынты аласынц, уый тыххæй дæр. Уый æрхаста статистикон бæрæггæнæнтæ, кæцытæ дзурæг сты, Гуырдзыстонмæ цæуæг рынчынты нымæц кæй къаддæр кæны, ууыл.

«Республикæйы къухдариуæгад æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад стыр куыст кæнынц, цæмæй нæ медицинон уагдæттæ дзуапп дæттой медицинон æххуыс бакæныны нырыккон домæнтæн. Республикон рынчындоны цур эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд тынг хорз бæстыхæйтты комплекс. Уый ифтонг æрцыд нырыккон ифтонггæрзтæй. Уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты базæйыл цы специалисттæ ахуыр кæнынц, уыдон æрыздæхдзысты æмæ лæггад кæндзысты цæрджытæн», – загъта Медойты Димитр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ Дунеон Сырх Дзуары æххуысæй сæ рынчынты акæнынц Гуырдзыстоны медицинон уагдæттæм.  Гуырдзыстон та уый тыххæй æхсæнадæмон фæзуæтты йæхицæй феппæлы, ома, ирæттæ Гуырдзыстоны райсынц квалификациджын медицинон æххуыс.

«1993 азы 14 сентябры Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон сæ къухтæ æрфыстой гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы районтæ сæндидзын кæныны тыххæй æхсæнхицауадон сразыдзинадыл. Нæ республикæйыл цы зиан æрцыд, уый уæды банымадмæ гæсгæ нысан æрцыд 34 миллиард 200 милуан сомæй. Уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ ацы суммæйы 2/3 хай хъуамæ бафыстаид Гуырдзыстон, 1/3 хай та – Уæрæсе. Абоны æргътæм гæсгæ уыцы суммæ у æрдæг миллиард доллары. Уæдæ зæгъæн ис, Гуырдзыстон нын не ‘мбæстæгтæн лæвар кæй нæ хос кæны», – банысан кодта министр æмæ æрхаста статистикон бæрæггæнæнтæ, кæцытæм гæсгæ 2017 азы Гуырдзыстонмæ хоскæнынмæ ацыд 1212 адæймаджы, уыдонæй удæгасæй кæй æрбаластой æмæ ам чи амард, уыдоны нæ банымайгæйæ,  65 удæгасæй нал æрбаздæхтысты. Хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ кæй аласынц, уыдонæн сæ 10 проценты амæлынц. Кæд 2017 азы уым амард 65 адæймаджы, уæд 2018 азы абоны онг та уым чи амард, уыдоны нымæц у 84. Ацы нымæцтæ æмбæхсгæйæ, Гуырдзыстон йæ «гуманондзинад» æмæ «адæймагдзинад» пиар кæны дунейы. Ахъуыды ма йыл кæнæм, уый медицинон æххуыс у, æви…», – кæронбæттæны банысан кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Осиаты Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.