Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр арфæйы фыстæг арвыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ, РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны боныл 9 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Арфæйы сæрмагондæй дзырдæуы:

«2008 азы 9 сентябры дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон ведомствотæ кæрæдзимæ нотæтæ кæй радтой, уый ссис Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци кæй банымадта, уымæн йæ логикон кæрон æмæ сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн ног дуджы райдиан – сабырады æмæ арæзтады, стабилондзинад æмæ рæзты, æнцой фидæныл æууæнчы дуджы райдиан.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы æппæтфарсон æххуысæн æмæ кад кæнынц нæ бæстæты æмæ нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады традицитæн. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр нæ бæстæты æмцæдисадон æмæ партнерон æмахастытæ динамикон æгъдауæй æмæ фæдфæдылонæй кæй рæздзысты, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æддагполитикон ведомствоты ‘хсæн та цы конструктивон архайд æрбæстон, уый кæй ахъаз кæндзæн дыууæфарсон æмкуысткæнынад уæрæхдæр кæнынæн регионалон стабилондзинад æмæ æдас-дзинад фидардæр кæныны нысæнттæн, нæ адæмты интерестæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.