Цхинвалы районы Присы хъæуы уæлвонг ран, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизмæ сæ хайбавæрд цы присæгтæ бахастой, уыдон номыл арæзт æрцыд Мемориалон комплекс. Комплекс саразыны фæндондзинад равдыстой политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы фæсивæдон хайад «Иугонд Алани». Уыдон сæ æвæджиаг хæсыл нымайынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты рухс ном хъахъхъæнын. Мемориалон комплекс цытджын уавæры байгом ацы бонты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 72 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны фæлгæтты.

Ацы бынаты нæртон фысымтау Присы хъæуы цæрджытæ Президент Бибылты Анатолийыл сæмбæлдысты æртæ уæлибых æмæ дзаггарзимæ.

Мадзаламонджытæ, ацы бынатмæ æрбацæуæг, Хицауад, Парламент, ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæртты базонгæ кодтой Мемориалон комплекс саразыны идеяимæ, бакастысты, Присы хъæуы цæрджытæй 1941-45 азты тохы быдырæй чи нал æрыздæхт, уыдоны нæмттæ.

Президент Бибылты Анатоли ацы комплекс саразыны идея рахуыдта Присы хъæуы цæрджытæн сæхи, æмæ йæ сæххæст кæныныл та бацархайдта парти «Иугонд Ирыстон».

«Æз стыр аргъ кæнын ахæм адæмæн, кæцытæ кад кæнынц нæ хъайтар ветерантæн. Æмæ уыдоны раз бæрндзинады, нæ зынаргъ фыдтæ æмæ уыдон фыдты нæмтты кадæн нæ фæсивæд парти «Иугонд Ирыстон»-ы æххуысæй сарæзтой æппæт дæр, цæмæй абон мах хайадисæг суыдаиккам ацы райдзаст бæрæгбоны.

Æз бузныг дæн алкæмæй дæр, кæцытæ ныхасæй, хъуыддагæй, хисæрмагонд хайадистæй сарæзтой æппæт дæр, цæмæй мах ноджыдæр фенын кæнæм, нæ хъайтарты рæстæгæй рæстæгмæ кæй нæ мысæм, ома,  9 майæ иннæ 9 маймæ нæ, фæлæ сæ мысæм æдзухдæр.

Æз бузныг дæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй, кæцытæ сæ тыхтыл, сæ цардыл æнæауæрдгæйæ, сарæзтой æппæт дæр, цæмæй абон мах размæ цæуæм, æндидзæм, кусæм, хъомыл кæнæм рæзгæ фæлтæры, нæ фыдыфыдтæ цы традицитыл хъомыл кодтой, уыдоныл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент ноджыдæр бузныг загъта, ацы Мемориалон комплекс гом кæныны æхсызгон мадзалмæ чи æрæмбырд, уыдонæн. Бузныг ма загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварадæн, 4-æм æфсæддон базæ æмæ Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийæн, кæцытæ уæздан ахаст дарынц нæ ветерантæм. Ахæм ныхæстæ ма загъта фæсивæды номыл дæр, зæгъгæ, кæд æмæ мах мысæм æмæ хъуыды кæнæм нæ ветеранты, уæд цæрæм.

Республикæйы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав та йæ ныхасы банысан кодта ацы мадзалы ахсджиаг нысаниуæг. Йæ фыдæлтæн чи кад кæны, сæрыстыр сæ чи у, уыцы адæмæн ис хорз сомбон æмæ рухс фидæн. Æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта ацы Мемориалон комплекс саразыны историимæ. Присы хъæуы уæлвонг ран цы цырт æвæрд уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты салдаты номыл, ууыл бандæвтой хæстон архайдтытæ – хъæу дыууæ хатты басыгътой гуырдзиаг лæгсырдтæ æмæ цырты уавæр дæр раууатмæ æрцыд.

«Ныр «Иугонд Алани»-йы организаци æмæ Бибылты Анатолийы хисæрмагонд æххуысæй цырты бынаты арæзт æрцыд Мемориалон комплекс.

Сæрмагонд бузныг зæгъын Бибылты Анатолийæн, уымæн æмæ фæсивæдон организаци у политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы фæсивæдон къабаз. Ацы партийæн йæ организатор æмæ йæ идейон разамонæг у Бибылты Анатоли. Бузныг уын, ахæм фæсивæд кæй хъомыл кæнут, ахæм хæрзиуæгон хъуыддæгтыл сæ кæй цалх кæнут», – загъта Вячеслав.

Фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы сæрдар Коцты Михаил æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта рæстдзинад æмæ хæлардзинады бæрæгбоны цытæн. Мах, зæгъгæ, кæдфæндыдæр хъуыды æмæ аргъ хъуамæ кæнæм, сæ цард чи радта, чи тох кодта æмæ фæсчъылдым чи фæллой кодта фидæны фæлтæрты сæрвæлтау, æппæт уыдонæн. Уымæн æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст уыд адæймагады историйы иууыл тугкалæндæр.

Ацы чысыл хъæу Присæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыры хъæбатырæй фæмард сты 31 адæй-маджы. Уыдон уыдысты æвзонг лæппутæ, кæцыты фæндыд хъæлдзæгæй цæрын, бинонтæ скæнын, фæлæ хæст мæнгард у. Уыдон сгуыхтдзинæдтæ разæнгард кодтой нæ хистæр æфсымæрты гуырдзиаг агрессийæн аккаг ныхкъуырд радтын æмæ æнæмсæр знагимæ тохы фæуæлахиз уæвын.

Хъæубæсты номæй Бесаты Барис бузныджы ныхæстæ загъта, ацы комплексы арæзтадмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн æмæ йæ гом кæныны цытджын мадзалмæ чи нæ базивæг кодта, æппæт уыдонæн дæр.

Цытджын мадзалы хайадисджы-тæ æмырæй алæугæйæ ссардтой, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырæй чи нал сыздæхт, уыдоны рухс нæмттæ. Мемориалон комплексы 31 присаг хæстоны номыл цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ. Афтæ ма 1941-45 азты хæсты фæмардуæвæг хæстонты номыл айхъуыст хæдæхсты залп.

Хъæбатыр салдаты сгуыхтдзинæдтыл кастысты æмдзæвгæтæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.