Хъæууон адæймаджы æрвылбонон куыстытæн сихсийæн нæй, æдзух хъусдарды бын хъуамæ уой, фæлæ уæддæр хæхбæсты физикон куыст уæззаудæр у. Уымæ та кæддæриддæр цæттæ вæййы, цæмæй царды фæстийæ ма баззайа. Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, Ирыстон хъæздыг æмæ æвидийгæ у йæ æрдхæрæны æрдзы  нывтæй, афтæ ма бæркад æмæ хъæздыгдзинады æвæрæнтæй дæр. Дзауы район хауы Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæм, йæ адæм та хайджын сты куыстуарзондзинад æмæ хъаруйæ. Ахæм хъæуыл нымад уыд Машхара дæр.

Козаты Мурат ацы хъæуы байрæзт, æгъдау æмæ Фыдыбæстæм уарзт ардыгæй рахаста, æмæ уыцы фарны æгъдæуттыл фидарæй хæцы абоны бон дæр. Ивгъуыд æнусы æмбисы нæ хæххон хъæутæ йедзаг уыдысты цæрджытæй, уыдонæн сæ царды сæйрагдæр рахæцæнтæ уыдысты фосдард æмæ зæхгуыстæй. Уыцы уæззау куыстытæй та цух нæ зад Козайы фырт дæр, кæд нырма къаннæг уыд, уæддæр. Кæддæриддæр æнæ-зивæг уыд, æххуыс кодта йæ ный-йарджытæн хæдзарон куыстыты, рог сын кодта сæ къух æмæ дзы уыдысты буц. Фæлæ уæддæр цардбæллон лæппуйы зæрдæ æв-дæрзта иу хъуыды: фос кæм дардтой хæх-бæсты цæрджытæ, уым сæ сæй-рагдæр тыхстдзинад иу хъуыддаг уыд. Фосмæ æмхиц уы-дысты алыгъуызон хæцгæ низтæ, уый аххосæй-иу бынтон æнæфтиаг фесты цалдæргай стуртæ. Уæд цæмæннæ ис гæнæн, æмæ уыцы низтæн сæ рохтыл æрхæцæм, кæд фæрынчын сты, уæд сын хъуамæ схосгæнæн дæр уа рæстæгыл. Уæд нал тыхсдзысты фосы хицæуттæ, сæ райсгæ æфтиæгтæ та кæндзысты фылдæр. Уыцы хъуыдытæ уæгъд нæ уагътой æвзонг лæппуйы, æмæ сфæнд кодта фосы дохтыр суæвыны тыххæй ахуырад райсын. Фæлæ хорз хъуыдытæ алы хатт къухты нæ бафтынц, æндæр фæнд-тæ сыл фæтых вæййынц. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ ацы хъæумæ иу рæстææджы фæзынд трактор –  арæзта сæм фæндаг. Хъомысджын тракторыл бадт йе ‘рвад Козаты Хъамбол Ереды хъæуæй. Арæхстджын трактористы архайдæй рухс кодта цæрджыты зæрдæ, фæндаг гæрста, æмæ дзы уый тыххæй алчи дæр уыд райгонд. Æвзонг лæппу дæр сцыбæл, æмæ йæ арæх бæрæг кодта, йæ арæхстджын къухты змæлд ын æрæнцой нал лæвæрдта. Уый фæхатыд Хъамбол, æмæ лæппуйы йæхимæ æрбаввахс кодта, райдыдта йын техникæйы сусæгдзинæдтæ амонын. Æвзыгъд æмæ æнæзивæг кæстæр уайтагъд фæхæст трактор скъæрыныл, æмæ йын æххуыс кодта йæ куысты. Ноджы дзы æппæлыд Козайы фырт, зæгъгæ, дæуæй рацæудзæн хорз механизацийы кусæг-инженер, æмæ хъуамæ ацы хаххыл сахуыр кæнай. Лæппу йæ зæрдæмæ арф айста хистæры уынаффæ æмæ уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта механизацийы хаххыл сахуыр кæнын.

Каст фæци сæхи хъæуы 8-азон скъола, уый фæстæ та Хъемултайы хъæуы астæуккаг скъола. Советон Æфсады рæнхъыты намысджынæй баслужбæ кæныны фæстæ ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы хæххон механизацийы техникумы мехфак. Каст æй куы фæци, уæд кусын райдыдта Цхинвалы районы Ксуисы колхозы тракторон брига-дæйы механикæй, фæстæдæр та Ксуисы «Хъæухæдзтехникæйы» æмæ дзы бафæллой кодта 10 азы. Фæлæ æвзыгъд специалист æм-бæрста, дарддæр æй уæлдæр ахуырад райсын кæй хъæуы, æмæ 1981 азы та каст фæци Хæххон хъæу-уонхæдзарадон институты механизацийы факультет. Козайы фырт кæмдæриддæр куыста, алы бынаты дæр йæ разылæууæг хæстæм каст бæрндзинады цæстæй, æмæ сæ æххæст дæр кодта намысджынæй. Цæдисы рæстæджы хъуамæ æнæ-мæнг сæххæст кодтаис техникæ цалцæг кæныны план, æмæ Козайы фырт ацы хъуыддаджы цыд разæй. Уымæй дарддæр ма сын æрвылаз дæр уыд 10-12 тоннæ æфсæйнаджы цъæлтæ æрæмбырд кæныны план, уыцы куысты дæр кæддæриддæр уыд раззагон. Хорз кусæгæн та алы хатт дæр æрцæуы аргъ, йæ бирæ хорз хъуыддæгтæ фæсвæд нæ аззайынц. Козаты Мураты иузæрдион,  арфæйаг куыстæн дæр нæ Хицауад саргъ кодта, æмæ йын 1996 азы лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны «Хъæууон хæдзарады сгуыхт механизатор»-ы кадджын ном. Ацы хæрзиуæгон номы аккаг механизацийы хаххыл уый райста æппæты фыццаг. 2007-æм азы та йын саккаг кодтой «Куысты ветеран»-ы ном дæр. Фæстаг рæс-тæджы ма Козайы фырт йæ хæрзиуæгон архайд æххæст кодта Хъæу-уон хæдзарады министрады.

Ныр цалдæр азы механизацийы дæсны нал кусы, фæлæ уæддæр иу ран нæ бады. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ йæ хъуыддаджы арæхст-джын специалистмæ арæх бау-лæфынц æххуысмæ. Уый никуы базивæг кæны, фæлæ сын кæд-дæриддæр бакæны æ

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.