Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты куыстыл дæр бандæвта ног короновирусон инфекцийы рапарахат. Стæйдæр, нæ республикæйы территорийыл Знауыры районы гуырдзиаг фарс цы æнæзакъонон полициæгты пост æрæвæрдта, уый аиуварс кæныны домындзинад хуссарирыстойнаг фарс æрæвæрдта сæйраг фарстæй механизмты форматы. Æмæ цалынмæ уыцы домындзинад нæ сæххæст кæна гуырдзиаг фарс, уæдмæ механизмты фæлгæтты куыст дæр къуылымпы кæны.

2019 азæй фæстæмæ ма механизмты форматы цы авд техникон фембæлд ауагътой, уым дæр иунæг иу фарст уыд гуырдзиаг блокпост аиуварс кæнын, фæлæ иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты. Уыцы техникон фембæлдтытæй æвдæмæн фæстиуджытæ аразгæйæ хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон уавæры фæдыл бадзырдтæ сног кæндзæн арæнтыл æрмæстдæр уæд, кæд æмæ гуырдзиаг фарс æрбавдиса бæрæг хъуыдытæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты уавæр фæрогдæр кæнынæн.

Сæйраг фарст – æнæзакъонон пост аиуварс кæнын

Ацы азы фыццаг фембæлды рæстæджы дæр Хуссар Ирыстон сæйраг фарст æрæвæрдта Уисты хъæумæ хæстæг полициæгты пост аиуварс кæнын. Уымæн æмæ гуырдзиаг полицийæгтæ хъомысджын кæнынц арæнгæрон районты сæ тыхтæ, аразынц ноджыдæр æнцойгæнæн пункттæ, кæцытæй сæ иу ис нæ территорийыл, дыууæ та – арæнтæм хæстæг.

Механизмты фæлгæтты куыст адарддæр

Механизмты фæлгæтты куыстæн хатдзæгтæ аразгæйæ хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор дæр афтæ радзырдта, Уисты хъæуы алфæмблай æндыгъд уавæр æрбæстон кæнын – уый уыд механизмты сæйраг фарст.

«Хуссарирыстойнаг фарс æдзух архайы ацы фарст æрбæстон кæныныл, уый у нæ сæйраг домæн æмæ дзы иуварс нæ алæудзыстæм. Цалынмæдæриддæр уыцы гуырдзиаг пост иуварс не ‘рцæуа, уæдмæ паддзахадон арæнты алфæмблай дарддæры уавæртыл дзурын æнæпайда у. Уымæн æмæ уыцы æнæзакъонон посты уæвынад йæхæдæг æвзæрын кæны æндыгъд уавæр. Æрмæстдæр уый фæстæ ис дзурæн арæнты алфæмблай æдасдзинады къахдзæфтыл. Уыцы домæнæй хуссарирыстойнаг фарс иуварс нæ алæудзæн. Ацы пост Гуырдзыстоны уæлдай ницæмæн хъæуы, уымæн æмæ йæ территорийыл ницы ис, нæдæр дзы нысаниуæгджын фæндæгтæ ис. Хуссар Ирыстоны территорийыл ацы æнæзакъонон постæй Цънелисы хъæумæ ис 250-300 мерты æмæ æввахс гуырдзиаг хъæумæ та æртæ километры бæрц.

Æппæт ацы факттæ, Коцты Егоры ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг делегаци лæмбынæг радзырдта фембæлды рæстæджы. Нысан æрцыд, ныфс сæ кæй ис æмæ ацы районы уавæр бæстон кæй æрцæудзæн, уымæй.

Фæлæ гуырдзиаг фарс æнæзакъонон пост аиуварс кæныны тыххæй дзуапп кæныныл нæ тагъд кæны.

Фæткхалджытæ – полициæгтæ

Механизмты куысты рæстæджы ма хуссарирыстойнаг фарс хайадисджыты хъусдард аздæхта, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ арæх кæй халынц паддзахадон арæнты фæтк, уыцы нымæцы полициæгтæ дæр. Кæд æмæ хуымæтæг æмбæстæгтæ нæ фæзонынц паддзахадон арæнтæ кæуылты цæуынц, уый, уæд уый тынг хорз зонынц æмæ æмбарынц полицийæгтæ.

«Хуссар Ирыстоны территоримæ сæ алы æрбацыд дæр мах нымайæм провокацийыл, уымæн æмæ уыцы фæткхалджытæ сты хотыхджын полициæгтæ.

Гуырдзиаг фарс фæдзæхст æрцыд – дарддæр дæр ахæм фæткхалæн цаутæ хынцыд куы æрцæуой, уæд Хуссар Ирыстоны Арæнгæрон службæ кæй райсдзæн æмбæлон мадзæлттæ.

Хуымæтæг æмбæстæгтæ кæй халынц арæны фæтк, уый фылдæр у, арæнты хахх кæуылты цæуы, уый кæй нæ зонынц, æмæ республикæйы территорийæ иуварс æрцæуынц æнæ ивартæй. Æмæ кæд зæрдæхсайгæ вæййынц цавæрдæр бархалæн цауты, уæд хъуыддаг аскъуыддзаг кæнынмæ баиу вæййынц барадхъахъхъæнæг органтæ, уголовон хъуыддаг бакæныны фæстæ дарддæр тæрхондон бæрæг кæны азым æмæ æфхæрд хæссыны æмвæзад.

Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты радон фембæлд ауадзын план цæуы ацы аз 23 апрелы.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.