Хуыцауы раргомы номыл сылгоймæгты алайнаг моладзаны ныр цалдæр азы æрцыд æвæрд ахæм хорз фæтк: куадзæны фæстæ къуырийы — Рухс авдбононы уыдон ацæуынц Иры кувæндæттæм, ахæссынц сылгоймаг моладзантимæ сæрибардзинады минæварад æмæ фæкувынц, цы бæстæты фæбалц кæнынц, уымы аргъуанты ирвæзынгæнæг, Мады Майрæм, зæдтæ æмæ дауджытæм. Фарон ахæм хуыцаумæ кувæн балцы уыдысты нæ сыхаг Абхазы Республикæйы — Сухумы сахары, уый размæ азы та — сахар Курскмæ хæстæг — Рыльскы нæлгоймæгты моладзандоны.

Æмæ ахæм Хуыцаумæ кувæн балц ацы аз дæр раст-уырнæг чырыстæттæн Куадзæны рухс авдбоны (29.04 −01. 05. 2022) сæ къухы бафтыдис, æртæ боны фæндзай адæймагæй Цæгат Ирыстонæй æмæ бабæрæг кодтой сахар Цхинвалы æмæ уымы хъæуты аргъуантæ æмæ кувæндæттæ. Нæ ацы балц мах снывонд кодтам Аланийы Паддзахад чырыстон дин куы райста, уæдæй 1100 азы кæй рацыд, уыцы бæрæгбонмæ. Ацы фæрнæйдзаг хъуыддаг — Хуыцаумæ кувæн балц сырæзт Дзæуджыхъæу æмæ Ирыстоны (Аланийы) Алчер Герасимы барарфæйæ.

Чи уыдысты ацы кувæн балцы райдайджытæ, кæй фæрцы фæрæстмæ ис æмæ сырæзти ацы хъуыддаг? Хъæппæрис равдыстой Хæтæгты Артур, дохтыр-стоматолог, кусы Дзæуджыхъæуы клиникæ «Оливия»-йы, Попов Андрей «РОСТЕЛЕКОМ»-ы хицауы хæдивæг, сæйраг инженер, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон Палатæйы уæнг æмæ Коцойты Виктория, ООО «Цех»-ы пиар-инженер Беслæнæй. Раза-мынад та сын лæвæрдта мад Ноннæ (Багиан), Хуыцауы раргомы номыл сылгоймæгты алайнаг моладзандоны сæргълæууæг.

Фыццаджыдæр, Цхинвалмæ цæугæйæ бабæрæг кодтам Уанелы хъæу. Уым фæкуывтам Федор Тироны аргъуаны, фæзарыдыстæм Куадзæны канон, ссыгътам мыдадзы цырæгътæ, фæцагътам дзæнгæрæг. Аргъуанмæ хæстæг нæ къух сæвæрдтам Гаглойты Рутены (1888-1937) цыртдзæвæныл, æрымысыдыстæм ацы зындгонд инженер, æхсæнадон архайæг, фыссæг æмæ курдиатджын публицисты рухс ном, æнæаххосæй чи бабын æмæ гуырдзиаг националистты амæттаг чи баци, уый. Тынг нæ фæндыдис йæ мемориалон музей дæр фенын, фæлæ нын нæ бантыст — уыдис æхгæд.

Нæ фæндаг дарддæр адардтам Цхинвалмæ æмæ бахæццæ стæм ацы сахары стырдæр æмæ кадджындæр — Рухс Æртæиууоны аргъуанмæ (Пресвятой Троицы). Ам нæ размæ рацыдысты æмæ нын æгасцæуай загътой сауджын фыд Сергий æмæ аргъуанмæ цæуæг бирæ адæм. Тынг ныл фæцин кодтой.

Рухс Æртæиууоны аргъуаны къултæ амад сты туфдурæй, у тынг зæрдæмæдзæугæ, хæрзуынд, æдде бакæсгæйæ, мидæгæй та аргъуан у парахат, йæ фрескæтæ — къултыл конд нывтæ — сты тынг цымыдис, нæй сæ хи атонæн, сæхимæ адæймаджы æлвасынц, æнæмæнг иууылдæр æнцайынц евангелиты сюжеттыл æмæ хабæрттыл. Ацы нывтæн-фрескæтæн ис сæхи сæрмагонд стиль, кæсынæй сæм лæг не ’фсæды. Бынтон цымыдис сты ирон адæмы дзуары лæгты сурæттæ. Мах се ’ппæты разы дæр ссыгътам цырæгътæ сæвæрдтам аргъуаны мысайнæгтæ, фæцагътам аргъуаны дзæнгæрæг.

Аргъуаны кæрты нын æрæвæрдтой дæргъæй-дæргъмæ фынг æмæ нæ хорз федтой. Нæ бацыдмæ аргъуаны кæрты аджы бынæй цыдис фæздæг — бæлццæттæн аргъуаны кусджытæ — сæ сæргъ фыд Сергийы бинойнаг мад Виктория — махæн цæттæ кодтой хæринаг. Уæлибыхтæ, цæхæраджынтæ, картофджынтæ, халсæрттæ, адджинæгтæ, адджын нуазинæгтæ, дон, аджы та нын сфыхтой ирон лывзæ — лыстæгкарст дзидза — хæрзад æмæ æфсæдæн хойраг.

Уый фæстæ ссардтам нæ цæрæнбынат: сæрмагонд уазæгдзæрæн «Алания-Тедион», йæ хицау Тедеты Галинæ, тынг ныл фæцин кодта, хъуаг нæ ницæмæй ныууагъта.

Изæры фондз сахатыл та нæ сбуц кодтой Цхинвалы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ. Хуынд æрцыдысты, ацы скъолайы сывæллæттæ кæй бацæттæ кодтой, ахæм концертмæ ирон зарджытæ æмæ кæфтытæй. Тынг ныл фæцин кодтой ам, уый фæстæ иумæ дæр хæларæй фæзарыдыстæм æмæ фæкафыдыстæм. Уыцы концерттæн ферохгæнæн нæй. Стыр бузныг зæгъæм Четион Майæйæн, Цхинвалы 2-æм скъолайы ахуыргæнæг, бирæ ма дын бантысæд дæ ахуырадон æмæ хъомыладон куысты! Дæ курдиатджын ахуырдзаутæ та стыр зонды лæгтæ æмæ зындгонд артисттæ Хуыцауы фæрцы суæнт!

Дыккаг бон райсомæй раджы ацыдыстæм Джеры Уастырджийы дзуармæ. Кæд Хуссар Ирыстоны ис рæсугъддæр æрдзы бынæттæ, уæд Джер мæ хъуыдымæ гæсгæ у уыдонæй сæ иууыл хуыздæр æмæ райдзастдæр бынат. Æмæ мах уым куывтам Джеры Уастырджийы кувæндоны. Уым кæрæй-кæронмæ фæлæууыдыстæм литургийы, амыдта йæ æмæ махимæ куывта фыд Сергей. Æртæ боны уый махыл йæ арм дардта, уарзгæйæ, мидбылты худгæйæ, махыл аудыдта.

Ирон таурæгътæм гæсгæ Джеры дзуары бын куывтой рынчын — фæлхæрстытæн (душевнобольным). Рынчыны-иу ардæм æрбакодтой æмæ-иу ын ам акодтой тохъхъыл фырæй кусарт æмæ-иу ын скуывтой. Уый фæстæ-иу рынчын хъуамæ йæхимæ æрцыдаид. Кæд-иу не сдзæбæх, уæд та-иу ногæй ам кусарт акодтой æмæ-иу ногæй Хуыцауы æмæ Уастырджийы ном ссардтой. Рынчынæн-иу йæ уавæр хуыздæр куы нæ фæцис, уæд-иу загътой Джеры дзуар кæй нæ ракаст рæстмæ рынчын æмæ йæ бинонтæм, сæ кувинаг дæр сын кæй нæ айста, нæ баххуыс кодта рынчынæн.

Джеры Уастырджийы дзуар тæккæ рагъыл æрбынæттон ис, йæ архитектурæмæ гæсгæ та у раг астæузаманы аргъуан дзæнгæрæгимæ. Йæ бынат та у дзæнæты бынат. Амæй кадджындæр æмæ тыхджындæр дзуар Хуссар Ирыстоны нæй. Куывды фæстæ мах æртæ хатты фæцагътам дзæнгæрæг, йæ кæрты та аргъуанæн сæвæрдтам мысæйнæгтæ.

Уыцы боны — Хуыцаубоны — ма мах уыдыстæм Тигъуайы хъæуы. Знауыры районы. Ам бабæрæг кодтам Тигъуайы Мады Майрæмы сылгоймæгты астæузаманы моладзандон. Йæ аргъуаны агъуыстæн ис дзуарамад архитектурæ, у тынг зæрдæмæдзæугæ. Моладзандонæн йæ бындурæвæрæг уыдис гуырдзиаг паддзах Дауит V, аразæг кæй хуыдтой, уый чызг Тамар, ирон паддзах Дауыт-Сосланы цардæмбал Тамары фыдыхо. Уыдоны тыххæй ис бакæсæн гуырдзиаг 1152 азы уацфысты.

Аргъуаны къултæ сты метр æмæ æрдæджы фæтæнæн. Дисы æфтауы адæймаджы йæ архитектурæ, кæд йæ мидæггаг арæзтæй бирæ нал баззади, уæддæр ма алтары нывтæй цалдæрмæ гæсгæ ис зæгъæн, ацы аргъуан уыдис тынг рæсугъд æмæ хъæздыг.

Изæрæй уæлдæфæй улæфынмæ æмæ цхинвайлæгты фенынмæ рацыдыстæм æмæ атезгъо кодтам сахары сæйраг — 8 июны æмæ Джиоты Аланы уынгты. Махæй алкæцыйы риуыл дардæй дæр бæрæг дардтой аив сфæлдындгонд бейджиктæ. Алы бейджикыл дæр Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы тырысайы бындурыл нывгонд уыдис урс дзуар æмæ сырх егъау дамгъæтæй мыхуыргонд «Паломническая группа «Алания 2022» æмæ бæлццоны аргъуыды ном. Мæнæн дзы фыст æрцыд мæ аргъуыды ном «Алыксандр».

Цхинвалы цæрджытæ нæм цымыдисæй кастысты, бирæтæ-иу нæ æрурæдтой, фарстой нæ балцы нысанæй, чи стæм, кæцæй, нæ хуызтæ нын истой, нæ балцы нысанæй нæ фарстой, цы бынæттæ бабæрæг кодтам Хуссар Ирыстоны, уымæй. Иууылдæр ныл цин кодтой, салам нын-иу радтой, арфæйы ныхæстæ нын дзырдтой, иуæй-иутæ та нæ сæхимæ уазæгуаты хуыдтой.

Мах æрмæст æртæ боны фестæм Цхинвалы, фæлæ уыцы рæстæг дæр фаг уыдис, цæмæй адæймаг, бынтондæр та æндæр бæстæй æрбацæуæг, цалдæр хатдзæджы скæна ацы сæйраг хуссайраг сахары тыххæй.

Мæ бон у æнæдызæрдыгæй зæгъын: Цхинвал у диссаджы райдзаст æмæ сыгъдæг сахар, йæ уынгты ацæуын, атезгъо кæнын та у адæймагæн æхсызгон, боныцъæхты йæ уынгты куы фæхæтай, уæддæр дыл ницы æрцæудзæн. Йæ уынгты брон никуы федтон, у алы ран дæр сыгъдæг æмæ райдзаст. Мах сæйраг сахар Дзæуджыхъæу йæ сыгъдæгдзинадæй, раст куы зæгъон, уæд амбылдта.

Мæ иннæ хатдзæг та ахæм: æртæ бонмæ æз Чъребайы уынгты æмæ фæндæгты иу пъалицæйы кусæджы дæр нæ федтон, æрмæстдæр таможнийы бæстыхайы. Уæдæ Хуссар районты æмæ Цхинвалы дæр уыдыстæм, уым дæр уыдонæй никæй федтам. Дзæуджыхъæуы та сæдæ метрæй сæдæ метрмæ иу пъалицæйаг нæ, фæлæ къордтæй рацу-бацу кæнынц æмæ сын нымæц дæр нæй.

Иуныхасæй, цхинвайлæгтæ сты хæларзæрдæ, нæртон, кæрдзындæттон, æнгомæй, æмудæй чи цæры æмæ кусы, ахæм адæм. Бынтондæр та мæ зæрдæмæ фæцыдысты æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ, уымæн æмæ сты фæлмæнзæрдæ, иуæй дæр дзы «нæ» зæгъгæ нæ фехъуыстам, нæ курдиæттæ нын иууылдæр æххæст кодтой. Стыр бузныг сын!

Уæдæ такси машинæтыл цы æрыгон лæппутæ кусынц, уыдонæй цы ис зæгъæн? Саламджын, хæдæгъдау, худгæ цæстæй дæм ракæсдзысты, дæ бынатыл дæ æнæмæнг тагъд сæмбæлын кæндзысты, сахары рæсугъддæр бынæттæ дæр ма дын фенын кæндзысты æмæ уæд ды Цхинвал æнæбауарзгæ нæ фæуыдзынæ!

Æртыккаг бон райсомæй сихормæ фестæм Цхинвалы Рухс Æртæиууоны аргъуаны. Литурги амыдта фыд Сергий. Куыд райдзаст у ацы диссаджы аргъуан, адæмæй дзы бацæуæн нæ уыдис, бирæ сывæллæттæ. Диссаджы зард кодтой моладзан сылгоймæгтæ иронау æмæ уырыссагау, ирон æвзаджы зæлтæ æнахуыр æхсызгон æмæ æхцон уыдысты зæрдæйæн, адæймаджы истой уæларвмæ. Ацы аргъуаны ис диссаджы акустикæ (хъуысынад), алы зæл дæр, мыр дæр дзы ирдæй хъуысы, фыд Сергийы куывд та хъуысы, хæццæ кæны чи лæууы службæйы, литургийы, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр.

Цалдæр адæймагæй бабæрæг кодтам Хуссар Ирыстоны Мемориалон уæлмæрд æмæ нæ къух сæвæрдтам нæ дзæнæты фæбадинаг ирон литературæйы классик Джусойты Нафийы ингæныл. Нафийы цыртдзæвæн нæ зæрдæмæ фæцыдис: гом чиныджы иумæйаг фоныл лæууы Нафи — нæ зындгонд прозаик, поэт, драматург, публицист, тæлмацгæнæг, куырыхон адæймаг æмæ нæ буц хистæр. Рухсаг ут не ’фсымæртæ æмæ хотæ! Мæрдтæй аудут, бирæ кæй уарзут, уыцы адæмыл! Хуыцаубоны ма Цхинвалы æрцыдис, бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты Цæгатæй æрбацæуæг растуырнæг чырыстæттæ, ахæм фембæлд: сæ цхинвайлаг æрдхæрдтимæ кæрæдзийыл цинтæ кодтой цæгаттаг хæлæрттæ. Уыдон иумæ кæддæр ахуыр æмæ улæфгæ кодтой Цæгат Ирыстоны сылгоймæгты моладзандоны сывæллæтты центры: цæгаттæгтæ — Беслæны срæмыгъды, теракты æмæ цхинвайлæгтæ — 2008 азы гуырдзыйы æвирхъау хæсты амæттæгтæ. Æнæ цæссыгæй уыдоны цинмæ бакæсæн нæ уыдис — хъæбыстæ, батæ, цинтæ.

Нæ фæстаг кувæн балц Хуссары зæххыл уыдис хъæу Монастъермæ Цхинвалы районы Тиры моладзандоны комплексмæ. Бындур ацы диссаджы кувæндонæн æвæрд æрцыд раг астæузаманы. Нæ дисæн кæрон нал уыдис, куы йын федтам йæ моладзанты цæрæн бынæттæ, уæд. Уыцы агъуыстытæ — кельятæ къæдзæхы мидæг къахт æрцыдысты VI æнусы, Тиры аргъуаны та йæ къæхтыл слæууыди XIII æнусы. Хицæнæй лæууы аргъуаны дзæнгæрæг, уый арæзт æрцыдис XIV æнусы. Тиры моладзандоны комплекс (аргъуан, дзæнгæрæг, моладзанты кельятæ) у Паддзахад Аланийы истори æмæ архитектурæйы цыртдзæвæн æмæ Хуссар Ирыстоны у тынг зындгонд. Аргъуан хæссы хуыцауы ныййарæджы ном (XIII æнусы). Мах дзы бирæ фæкуывтам, нæхи дзуæрттыл бафæдзæхстам.

Уый фæстæ ацы комплексмæ хæстæг цы æхгæд сара ис, уым сахуыстам, немæ кæй рахастам, ахæм хæринаг. Ирон бæгæны æмæ сæнæй ссардтам Дунесфæлдисæг æмæ йæ зæдты нæмттæ, бирæ фæзарыдыстæм.

Фæнды ма мæ зæгъын, чи нын баххуыс кодта, цæмæй нæ балц æнтыстджын æмæ ницыхъуагæй ацыдаид, ууыл чи бацархайдта, уыдоны тыххæй. Уыцы номхыгъды, фыццаджыдæр, æнæзæгъгæ нæй нæ мад Ноннæйы (Багианы) тыххæй. Уый барарфæйæ æмæ æххуысæй ацыдыстæм мах Хуыцаумæ кувæн балцы æмæ дзы тынг разыйæ баззадыстæм. Бирæ ма нын фæцæр æнæнизæй, уæнгрогæй. Мады Майрæмы фæдзæхст у!

Бузныг зæгъæм Коцты Олегæн, арæзтадон фирмæ «СТМ-ЮГ»-ы хицауæн, мæ меценатæн æмæ йæ хæдивæг Хъантеты Тимурæн. Ацы дыууæ лæджы сты ирон æгъдау æмæ æфсармы хицæуттæ, уæздандзинад уæлиау æвæрд кæмæ у, ахæмтæ. Æппынæдзух дæр нæ фарсмæ лæууыдысты, хæринагæй уа, машинæйæ уа, мах хъуаг ницæмæй уыдыстæм, нæ алы куырдиат дæр нын æххæст кодтой. Бирæ ма уын бантысæт, уе ’ххуысы хай махæй рох нæ уыдзæн. Хуыцау æмæ йæ зæдтæ уын, цы куысты лæуд стут, уым æххуыс кæнæт, уæ исыл сæдæйæ æфтæд.

Нæ зынаргъ фыд Сергий! Мах дæуæй æмæ де ’мбæлттæй куыд разыйæ баззадыстæм, уымæн зæгъæн дæр нæй. Нæ бацыдæй Чъребамæ — нæ рацыдæй Дзауæй ды æппынæдзух дæр уыдтæ немæ. Иумæ уыдыстæм Хуыцаумæ кувæн балцы, иумæ куывтам, иумæ бадтыстæм фынгыл, иумæ гаджидæуттæ уагътам. Стыр бузныг стæм дæуæй æмæ де ’мбæлттæй — Харебаты Валерийæ æмæ Пæррæстаты Димитрийæ, дæ цардæмбал мад Виктория æмæ иннæ сылгоймæгтæй. Мах нæхи цæстæй федтам, цы кад æмæ цыт ис сымахæн Хуссар Ирыстоны.

Æмæ зæрдæбынæй кувæм, цæмæй хайджын уат нæ Ирвæзынгæнæджы цинæй! Хуыцауæн фæндон уæд уæ хъуыддæгтæ æмæ уæ алы куыст! Хуыцауы хæрзаудæн мах кувæн балц Хуссар Ирыстонмæ не ’ппæтæн дæр ноджыдæр ма иу къахдзæф басгуыхæд миддунейы монон сног æмæ уды бæрзæндтæм фæндагыл!

Аслæнбег,
литературæиртасæг, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг, педагогон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.