8-æм мартæй 15-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

 Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бӕрндзинадмӕ æркодтой фондз адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 283 фæткхалæн цауы. Уыдонæй фараст уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

8-æм марты изæрæй милицийы патрулон экипаж, 8-æм Июны уынгыл уæвгæйæ, фехъуыста æхсæнгарзы æхстытæ. Æвæстиатæй атындзыдтой, гæрæхтæ кæцæй фæцыдысты, уыцы ‘рдæм, æмæ Джыгкайты фырты уынгæй Хуыбылты уынгмæ азилæны баурæдтой нæ горæты 43-аздзыд цæрæджы. Басгæрсты рæстæджы милицийы кусджытæ ацы æмбæстаджы дзыппы ссардтой Макаровы пистолет æнæ нæмгуытæй. Зæххыл та разынд аст гильзы, кæцытæ разындысты ацы пистолетæй æхст.

10-æм марты горæт Мæскуыйы ахст æрцыд нæ республикæйы æмбæстаг, Дзауы районы Хъемултайы хъæуы 48-аздзыд цæрæг, кæцы 2000 азы амардта дыууæ адæймаджы, фæлæ æфхæрд нæ баййæфта. Фыдгæнæг 20 азæй фылдæр æмбæхст барадхъахъхъæнæг органтæй, фæлæ дыууæ бæстæйы иумæйаг координацион центры кусджыты архайды фæрцы ныр бæрндзинадмæ конд æрцæудзæнис. Æввахс рæстæджы фыдгæнæгæн экстрадици сараздзысты Хусссар Ирыстонмæ.

10 марты Ленингоры районы милицийы хайадмæ Орчъосаны хъæуы 41-аздзыд цæрæг барвæндонæй радта æхсæнгарз карабин, гранатæхсæн «РПГ-22», автоматы нæмгуытæ 500 фылдæр, 2 фæздæггæнæн гранаты æмæ ма æндæр хæстон дзаумæттæ. Куыд бамбарын кодта ацы æмбæстаг, афтæмæй йæм æппæт ацы хæстон арсенал  баззад 2008 азы хæстæй фæстæмæ.

12-æм марты кадетон æфсæддон скъолайы ахуырдзау, 16-аздзыд бынæттон цæрæг, горæты цады был тезгъо кæнгæйæ, зæххыл ссардта хæстон гранаты рæмудзæн. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ тæссаг дзаумайы рахастой полигонмæ скуынæг кæнынмæ.

13-æм марты горæты рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта бынæттон 62-аздзыд цæрæг, кæцы, йæ хæдзары уæвгæйæ, фæулæфыд сыгъдхъæстæ газ.

 14-æм марты Цхинвал-Дзауы фæндаджы фыццæгæм километры æрцыд фæндагон-транспортон цау. Нæ горæты 31-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Приора» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «Honda CRV»-йыл. Аварийы фæстиуæгæн ма ноджы бахъыгдард сты дыууæ автомашинæйы. «Лада Приора»-йы æмæ «Honda CRV»-йы шофыртæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.