31 октябрæй 7 ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма фæндæгтыл æрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 284 фæткхалæн цауы. Уыдонæй æртæ уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

1 ноябры Харебаты Исахъы уынгæй Джиоты Аланы проспектмæ азилæны горæттаг 20-аздзыд цæрæг бахауд автомашинæйы бын, кæцыйы шофыр разынд нæ горæты 60-аздзыд цæрæг. Фистæг бæлццон фæндаджы иннæ фарсмæ хызт, бар кæм нæ уыдис, ахæм ран. Аварийы фæстиуæгæн бæлццон бахауд рынчындонмæ — асаст йæ бæхбæттæн æмæ ма ныццавта йæ риуыгуыдыр дæр.

1 ноябры рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта 45-аздзыд нæ горæты цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн йæ гуыбын уыд æртæ раны кардæй цæфтæ. Оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ фыдгæнæг ахст æрцыд, уый разынд 43-аздзыд бынæттон цæрæг, кæцы конд æрцыд рæстæгмæдарæн изоляторы.

2 ноябры Джиоты Аланы проспектыл базарадон центр «Империал»-ы цур автомашинæйы бын бахауд нæ горæты 56-аздзыд цæрæг, кæцы фæндаджы иннæ фарсмæ хызт, бар кæм нæ уыдис, ахæм ран. Шофыр разынд Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы 51-аздзыд цæрæг. Фистæг бæлццон райста алыгъуызон цæфтæ æмæ йæ аластой рынчындонмæ.

Наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой нæ горæты 34-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Баурæдтой ма 33-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта «метадон»-æй, æмæ 45-аздзыд горæттаг цæрæджы — спайда кодта «лирика» æмæ «марихуана»-йæ. Уымæй уæлдай рейдон мадзæлттæ ауадзыны рæстæджы Дзауы районы Гуфтайы хъæуы стационарон посты баурæдтой 33-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцы спайда кодта «лирика», «морфин» æмæ «метадон»-æй. Ноджы ма йæм ссардтой 0,22 граммы та «метадон».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.