19-æм октябрæй 26-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны тер-риторийыл фыдракæнд не ‘рцыд. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудтой фондз адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 210 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 5 уыдыс-ты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Ӕхсæнадон фæтк фехалыны фæстиуæгæн административон æфхæрд баййæфта иу адæймаг.

Милицийы Наркотикты ӕрзылд контроль кӕныны хайады кусджытӕ баурӕдтой Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы  35-аздзыд æмæ горæт Цхинвалы 24-аздзыд цæрджыты, кæцытæм сæ зæрдæ фехсайдта наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæнынмæ. Фæткхалджытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ æмæ сæ горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта. Уымæй уæлдай ма баурæдтой Знауыры районы Фарны хъæуы 42-аздзыд, Знауыры поселочы 50-аздзыд æмæ горæт Цхинвалы 26-аздзыд цæрджыты, кæцытæ æнæзакъонæй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

Цхинвал-Дзауы фæндаджы 11-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Горæт Цхинвалы 36-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Гранта» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд фæсвæд лæууæг авто-машинæ «Toyota Harrier»-ыл. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, Цхинвалы районы Ног хъæуы 47-аздзыд цæрæг, алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Дзауы районы Начърепайы хъæуы 23-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Mitsu-bishi Pajero IO» скъæрынмæ æмæ Къуайса-Дзауы фæндаджы 25-æм километры фæсвæд афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн шофыр алыгъуызон цæфтимæ бахауд рынчындонмæ.

Горæт Цхинвалы 51-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ авто-машинæ «ВАЗ-2106» скъæ-рынмæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ Цхинвал-Дзауы фæндаджы 8-æм километры сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «ВАЗ-2114»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд Дзауы поселочы 33-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн дыууæ шофыры дæр алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Шофыртæ разындысты нозтджынтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.