Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн кусæгон фембæлд уыд республикæйы Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсаримæ. Фембæлды рæстæджы министр Президентæн радзырдта, республикæйы оперативон уавæры тыххæй, фыдракæндты раргом кæныны динамикæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадтæ цы информацион-координацион центр сарæзтой, уый куыд кусдзæн, уыдæтты тыххæй.

Райдианы Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй республикæйы барадхъахъхъæнæг органтимæ иумиаг æмбырдты раздæры практикæ ивд æрцæудзæн. Æмбæлон анализ æмæ консультацитæ ауадзгæйæ, æмбырдты  формат æмæ формæ ныридæгæн фæивтой æмæ уагъд цæудзысты бынтондæр æндæр хуызы: алы министр дæр хыгъд дæтдзæн хицæнæй. Уый, Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, фæбæрзонддæр кæндзæн куысты эффекти-вондзинад.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фыдракæндтæй бафæдзæхсыны сæйраг хæс æнцой кæны Мидхъуыддæгты министрады уæхсчытыл.

«Сымах хъуамæ æмбарат, уæ бæрны цахæм бæрндзинад ис фæтк æрæвæрын æмæ дисциплинæйы, афтæ ма уын республикæйы стабилондзинад бахъахъхъæныны  фæдыл республикæйы къухдариуæгад, адæм уæ разы цы хæстæ æвæрынц, æппæт уыдæтты.

Зонæм æй, мидхъуыддæгты органты эффективон куыст куыд ахсджиаг у республикæйы алы æмбæстагæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис проблемæтæ дæр, афтæ ма ис зындзинæдтæ дæр, фæлæ йæ æз зонын, сымах, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгады сконд æппæт дæр  аразут, цæмæй уыцы вазыгджындзинæдтæ æмæ проблемæтæ иуварс æрцæуой æмæ уæ разы цы фарстатæ ис, уыдонæн сдзуапп кæнат», – загъта Президент.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис, кæмдæр хъуыддæгтæ хуыздæр уой, кæмдæр та  – æвзæрдæр, уыимæ сразы уæвын хъæуы.

«Ивгъуыд аз хуымæтæг нæ уыд. Сæйраг хъусдард здæхт цыд уыцы фыдракæндтæм, кæцытæ комкоммæ хаудысты алы æмбæстагмæ дæр.

Оперативон уавæрыл контроль кæныны дæр ис æвæрццаг динамикæ. Давыны, тыхæй байсыны, лæгмарды, фатерты давыны цауты нымæц къаддæр кæны», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид нæ ахызт фидæны æвзæрстыты тыххæй бацамындтæ радтыны иувæрсты.

«Фидæны æвзæрстытæм цæттæгæнæн этап дæр æмæ хъæлæсдæттæн бон дæр, кæд сæм нырма бирæ рæстæг ис, уæддæр хъуамæ ацæуой сабыр уа-вæрты. Адæм хъуамæ феной, æвзæрстыты размæ азтæ стабилонæй кæй ацыдысты æмæ мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй æвзæрстытæ иу мисхал дæр мацæмæй уой 2011 азы æвзæрстыты хуызæн. Рæстæгыл раргом кæнын хъæуы республикæйы деструктивон  тыхтæ, кæцытæн сæ бон бандавын у нæ иунæг нысан – республикæйы арæзтад сфидар кæнын æмæ размæцыдыл», – фехъусын кодта Президент.

Президент хъусдард аздæхта, æр-мæст ацы азы нæ, фæлæ 2015 азы  фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддагмæ дæр.

«Нæ куыстмæ чи хауы, ахæм фарстытæ бирæ сты, принципиалонæй нæ хъус дардзыстæм, Мидхъуыддæгты министрадмæ цы функцитæ хауы, уыдон куыд æххæст цæуынц, уымæ. Стыр фыдракæндтæ хъуамæ æргом æрцæуой. Мидхъуыддæгты министрад æмæ Генералон прокуратурæ тæрхондонмæ  цы хъуыддæгтæ балæвæрдта, уыдонæн нæ тæрхонгæнджытæ рахæсдзысты æмбæлон  тæрхон. Уыцы здæхты мах хъуамæ фæтыхджындæр кæнæм куыст. Не ‘мбæстаджы амарыны тыххæй Мидхъуыддæгты министрады раздæры кусæгыл стæрхон кæнын нысан кæны, нæ республикæйы къухдариуæгад йæ хъус кæй дары цæмæй алы фыдракæнд дæр æргомгонд æрцæуа, фыдгæнæг та æфхæрд баййафа закъонмæ гæсгæ», – загъта Президент.

Министр, Президентæн доклад кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад йæ хæстæ хорз æмбары.

«Уавæр у сабыр. Ведомствойы дырысæй æмбарынц республикæйы стабилондзинад бахъахъхъæныны фæдыл сæ хæслæвæрд. Фæстаг æртæ къуырийы дæргъы иунæг фыдракæнд дæр регистраци не ‘рцыд. Раздæр цы фыдракæндтæ æрцыд, сæрмагондæй та, автовокзалы кассæты кусæджы æхцатæ чи аскъæфта, уыдонæй иу æрцахстæуыд, иннæ æмбæхсы. Уый ис фæдагуырды», – загъта министр.

Лæууойты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, тагъд куыст райдайдзæн Информацион-координацион центры фæлгæтты. Уый фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг милици бар райсдзæн, цæмæй йын фадат уа ног технологитæ æмæ информацитæй пайда кæнынæн.

Информацион-координацион центры кусджытæн бар уыдзæн фыдгæнджыты агурыны рæстæджы æхсæнадæмон бæрæггæнæнты базæйæ спайда кæнын.

«Центр саразынæй фæбæрзонддæр уыдзæн Мидхъуыддæгты министрады системæйы куысты æмвæзад», – йæ ныхасмæ бафтыдта министр.

Фембæлды рæстæджы министр фехъусын кодта, йæ ведомствойы хъæппæрисæй республикæйы армæйхæсты турнир кæй ацыд, уый тыххæй, цыран хайад райстой нæ республикæйы уазджытæ алы бæстæтæй дæр.

Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй ахæм æмвæзады мадзал ауадзын дзурæг у бæстæйы размæцыды æвæрццаг динамикæйыл æмæ æндæр бæстæтæ-парнертимæ хæларадон æмæ цæдисон ахастытыл.

РХИ-йы Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.