«Мӕ зынаргъ, мӕ уарзон хӕлар Аланчик! Куыддӕ мын дӕ? Фехъуыстон, ацы аз фыццаг хатт скъоламӕ бацыдтӕ, зӕгъгӕ. Зоныс, куыд ӕй фехъуыстон? Дӕ дада иу бон мæ дадайӕн афтӕ зӕгъы: «Нӕ гыццыл лӕппумӕ телеграммӕ ратт, раарфӕ йын хъӕуы, скъоламӕ фыццаг хатт кӕй цӕуы, уый тых-хӕй».                            

Ӕз дӕр фырцинӕй сгӕппытӕ кодтон ӕмӕ мын уӕд дада иу дзидзайы кӕрдих авӕрдта. – Куыд у мӕ хӕлар, хорз у  ахуыр кӕнын? Ех, ӕз зӕронд дӕн, ӕндӕра мӕн дӕр куы барвитиккой куыйты скъоламӕ, уӕд дзы дзӕбӕх фӕхъылдымтӕ кодтаин. Хорз ахуыр кӕн, мӕ хӕлар, ӕмӕ фидӕнмӕ куы ӕрцӕуай каникулты, уӕд мӕн дӕр сахуыр кӕн чиныджы кӕсын.                      

Ныр та дӕ хъуамӕ фӕхудын кӕнон. Адӕм сӕхи тынг зӕнджын ӕнхъӕлынц, фӕлӕ мӕнмӕ гӕсгӕ бынтон ӕдылытӕ сты. Нӕ дӕ уырны? Уӕдӕ мӕм хъус: иу хъарм бон нӕ цуры аууоны ӕрбадтысты лӕппутӕ доминойӕ хъазынмӕ. Сӕ иу дзы иннӕмӕ смӕсты ӕмӕ йын афтӕ: ды та цӕуыл рӕйыс, куыдзы хуызӕн. Ацы ныхӕстӕ мӕм ахӕм худӕг фӕкастысты, ахӕм, уӕлгоммӕ афӕлдӕхтӕн ӕмӕ фырхудӕгӕй мӕ тъӕнгтӕ фӕцӕйскъуыдысты. Мишикты гӕды мӕ цыфыддӕр знаг у, уый мӕм дисгӕнгӕ бирӕ фӕкаст, афтӕ фенхъӕлдта мӕлгӕ кӕнын. Ӕввахс мӕм ӕрбалӕууыд, йӕ мидбылты фӕхудт фырцинӕй ӕмӕ миау, зӕгъгӕ, йӕ къӕдзилыл бӕрзонд схӕцыд, ома, федтай. Куы йӕ ауыдтон, уӕд мӕ мӕ худӕг ферох, фырмӕстӕй йӕм фӕгӕппластон ӕмӕ уӕд уый дӕр бӕласмӕ сгӕпласта. Мӕ удхӕссӕг у. Хӕрдмӕ ма йӕм бӕргӕ рӕйдтон, фӕлӕ, мара, зӕгъ, бӕласӕй мӕм йе ‘взаг радардта, ома мын цы хъомыл дӕ ӕмӕ ӕз дӕр доминотӕм раздӕхтӕн. Ничи сӕм кӕсы, куыдзы хуызӕн, дам. Ӕмӕ мах, куыйтӕ, уыдоны хуызӕн стӕм? Ту кӕнынц фӕйнӕрдӕм, тамако дымынц, ӕнӕуаг дзыхӕй дзурынц… Мах дӕр афтӕтӕ кӕнӕм?

Цынæ фехъусдзынæ адæмæй: чидӕр, дам, куыдзӕн фиуӕй ӕрчъитӕ кодта; куыдз зӕрдӕ зо-ны; йӕхи куыдзы уавӕрмӕ ӕруагъта; куыдзы рӕстӕг скодта; куыдз стӕг ӕхсынын бирӕ уарзы; куыдз ӕмӕ лӕдзӕджы цард кӕнынц; куыдзы зӕронд бауын; куыдзы цард фӕкӕнон». Ноджы ма дзы бирӕ цыдӕр ӕдылы ныхӕстӕ ис, фӕлӕ адон дӕр фаг сты, адӕм нӕ цӕмӕй азымы дарынц, уыдон бынтон ӕнӕсӕрфат кӕй сты, стӕй ӕнӕсӕрфат нӕ, фӕлӕ ма, ӕгӕрыстӕмӕй, иттӕг худӕг дӕр.                                                                                                                                 

Цӕмӕн, уый зоныс? Зӕгъӕм, цы у «куыдзы къахӕй фӕнӕмын»? Ныр мӕнӕн цы къах ис? Чысыл дзӕмбы, дзӕккор куынӕ у, мыййаг, цы дзы хъуамӕ фӕнӕмай, йе та – кӕй? Уый уал дын иу ӕдылы ныхас. Науӕд «куыдзы бӕлӕгъӕй дон бастъӕрын». Аланчик, мӕ хӕлар, уый бӕрц базӕронд дӕн ӕмӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты бӕлӕгъ мӕ цӕстӕй дӕр никуы федтон. Цы у, цы? Мӕнмӕ гӕсгӕ йӕ ды дӕр уадиссаг нӕ хатыс, цалынмӕ дзырдуатмӕ нӕ ‘ркӕсай, уӕдмӕ. Дон ӕз стъӕрын къраны цур. Бирӕ хатт бынтон лыстӕг фӕцӕуы дон, уӕлдайдӕр та – уӕ къранӕй ӕмӕ йӕм уӕд мӕ дзых бадарын ӕмӕ ӕнӕбары сыллыппытӕ  райдайын… Уыдон та «куыдзы бӕлӕгъ…». Иууыл худӕгдӕр та у «куыдзы амонд…». Уымӕн куыдзы амонд ис, йӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕуынц». Диссаг, ӕмӕ куыдзӕн цӕй амонд ис? Ӕхсӕвӕй-бонӕй – уынгты. Уӕддӕр Олег хорз у, мӕнӕ хъусджын ӕмӕ стыр фындз-джын Олег, уый мӕ бауадзы мидӕ-мӕ, фӕлӕ иуӕй-иу хатт ӕдтейӕ баззайын.Тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнын ӕмӕ уӕд дзӕгъӕлы цасдӕр фӕ-рӕйын, йе, уый дын мӕ амонд. Мӕнӕ афтӕ кӕй дзурынц, «куыдз дзы стӕг нӕ атондзӕнис», зӕгъгӕ, уый иттӕг раст у. Адӕмӕй бирӕтӕ ахӕм ӕлгъин сты, ӕмӕ ӕнахуыр диссаг. Цӕвиттон, мӕнӕ нӕхи Аза. Уй, уй, уй! Къӕбӕр дын йӕ цӕст нӕ бауарздзӕнис ницыгъуызы, ӕрмӕст йӕ цъӕх-цъӕхид цӕстытӕ ныиирд кӕндзӕнис ӕмӕ йӕ цъах-цъахӕй нал фенцайы, Олег кӕнӕ мын Кристина исты хӕринаг куы авӕрынц, уӕд.

 Дада ма хъуыр-хъуыр дӕр куы скодта, ӕниу, дӕ дедушка ӕнӕуый ӕлгъин нӕу, фӕлӕ йӕм амӕй размӕ фӕхӕрам дӕн. Райдыдта хъӕр кӕнын: «Микъи, Микъи!». Бамбӕрстон ӕй, цыдӕр та хӕрдзынӕн. Цингӕнгӕ аппӕрстон мӕхи ӕмӕ цы? Иу хӕрзчысыл стӕджы мур мын мӕ разы ӕрӕппӕрста, ӕцӕг фӕлмӕн стӕг уыдис. Фыццаг фӕтӕргай дӕн,  мӕстыйӕ йӕм скастӕн. Йӕхицӕн йӕ былтӕ сойӕ ахуырст, сӕфсӕста йӕхи. Бӕргӕ амӕсты дӕн, фӕлӕ уӕддӕр фӕлмӕн стӕг амыртт-мыртт кодтон. Заманайы хӕрзад уыдис. Ех, зӕгъын, амӕй дӕхи дзӕбӕх фен, фӕлӕ цы? Ӕнӕуый ӕлгъин сты адӕм, мӕрддзӕстытӕ, уӕлдайдӕр та – ныртӕккӕ, фӕлӕ уӕддӕр чысыл маст хъӕуы  мӕхуызӕттыл дӕр, уӕдӕ мах цы фӕуӕм? «Куы-дзы гуыбыны хъуыр-хъуыр», ома, бынтон чысыл, иу мур, мӕнӕ мӕнӕн дӕ дада цы стӕджы мур авӕрдта, уый мӕ гуыбыны  хъуыр-хъуыр у, уӕдӕ цы. Кӕсыс, адӕм мӕм фыццаг куыд ӕдылы фӕкастысты, афтӕ дӕр нӕу. Стӕм хатт сӕ рӕстытӕ дӕр схауы. Фӕлӕ тынг худӕг куыд нӕу: «Куыдз, дам, стӕг ӕхсынын бирӕ уарзы». Ныр уый, чи загъта, уый, ацу, ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс. Уӕдӕ Микъи стӕг ӕхсынын  бирӕ уарзы. Уӕдӕ ма мын мӕ разы ӕрӕвӕрӕд фыдызгъӕл ӕмӕ стӕг, кӕддӕра дзы мӕхи кӕуыл ныццӕвин. Дзӕгъӕлы дзурынц ӕмӕ сӕм худинаг дӕр нӕ кӕсы. Ныр ма мӕ фӕнды дыууӕ ӕмбисонды тыххӕй зӕгъын. Цас раст у мӕнӕ ахӕм загъдау: «Чи-дӕр, дам, куыдзӕн фиуӕй ӕр-чъитӕ кодта». Диссӕгтӕ! Ӕрчъи цы у, уый рӕстмӕ нӕ зонын. Никуы сӕ федтон. Ӕвӕццӕгӕн, къахыда-рӕс у. Ныр сӕ нал дарынц, ӕнхъӕл дӕн, фӕлӕ та сӕм ногӕй кӕй ӕрыздӕхдзысты, уый мӕ уырны, науӕд дзабыртыл дӕсгай минтӕ куы фидой, уӕд ӕй бамбардзысты. Нӕ дӕ уырны? А-сӕрды дӕ фыд цасӕй балхӕдта иу фӕлыст дзабыр? Ӕртӕ минӕй. Ныр уыцы дзабыртӕн сӕ аргъ ӕппынкъаддӕр уыдзӕнис ӕхсӕз-авд мины ӕмӕ афтӕ куы уа, уӕд фиуӕй нӕ, фӕ-лӕ марлайӕ дӕр райдайдзысты дзабыртӕ ӕмӕ хӕлӕфтӕ хуыйын.

 Ӕмӕ, боныфӕстагмӕ, заманайы хорз ӕмбисонд: «Куыдз зӕрдӕ зоны». Иттӕг хорз ӕмбисонд, ӕз зонын алкӕйы дӕр, цы у сӕ зӕрдӕ бирӕтӕн? Дӕуӕн хорз зӕрдӕ ис, мӕ хӕлар, ӕмӕ дӕ бирӕ уарзын, фӕлӕ нӕ уынджы иу ӕвзӕр лӕг ис, иу ӕвзӕр. Раст хуыйы хуызӕн. Уынджы йӕм ничи дзуры, мӕн дӕр куы фены, уӕд мӕ къахӕй  скъуыры, уый куыд хъуамӕ бауарзон. Афтӕ, мӕ хур.Тагъд дӕм дӕ дада цӕуинаг у. Ирӕйы ӕдылы ам ис ӕмӕ иумӕ хъуамӕ ацӕуой. Дзӕбӕх у, мӕ хӕлар Алан, ӕмӕ дӕ ноджыдӕр фӕдзӕхсын: иттӕг хорз ахуыр кӕн ӕмӕ куыдзӕй ӕмбисӕндтӕ ма хӕсс, фӕхӕрам дӕм уыдзынӕн.

Уанеты Владимир

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.