«1989 азы ноябры 23-æм бон Хуссар Ирыстонæн у стыр нысаниуæгджын бон – Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон. Ацы бон махæй рох макуы хъуамæ уа. Ацы бон нын у хъыджы, æмæ уыцы-иу рæстæджы цины бон дæр. Хъыджы бон уымæн у, æмæ уыцы бон райдыдта Гуырдзыстоны националон шовинизмы ныхмæ тох, афтæ ма нæ хъизæмæртты райдиан бон дæр. Цины бон та уымæн у, æмæ райдыдтам нæ хæдбардзинады сæраппонд тох кæнын. Сæдæгай азты дæргъы цы цагъайраджы къæлæт хастам, уымæй фервæзыны рæстæг ралæууыд æмæ райдыдта гуырын национ идейæ. Уыцы бон гуырын райдыдта Хуссар Ирыстоны ногдæр истори», – ахæм ныхæстæй байгом горæт Цхинвалмæ æрбацæуæны мысæн дуры раз митинг ахæм номимæ: «Ацы сгуыхтдзинадæй райдыдта хæдбардзинады сæрыл тох».

Мадзаламонæг горæты æхсæзæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ Республикæйы къухдариуæггæнджытæй дарддæр бузныг загъта Цæгат Ирыстон æмæ нæм Абхазæй цы уазджытæ æрцыд, уыдонæн. Уыдон сты: Абхазы бæрнон кусæг Соломко Денис æмæ Цæгат Ирыстоны фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр»-ы сæргълæууæг Хуырымты Димитр.

ХИПУ-йы ирон æвзаджы кафедрæйы разамонæг, доцент Дзиццойты Юри йæ раныхасы банысан кодта, ацы боны нысаниуæг алчи дæр кæй æмбары. Дзырдта уæды цауты фæдыл – уæды змæстытæ, зæгъгæ, махæй нæ райдыдтой – Сомихы, Азербайджаны дæр уыд ахæм змæстытæ.

«Гуырдзиаг националисттæ афæлвæрдтой сæ сау фæнд махæй райдайын. Афтæ сæм каст, æмæ ирон адæм сты бынтон лæмæгъ æмæ сæ фæндтæ æххæст кæнын уырдыгæй райдыдтой, ома сыл алæгæрддзыстæм æмæ нæ хъуыддæгтæ ардыгæй аразын райдайдзыстæм.

Равзæрстой Уастырджийы бон. Ирон адæм уыцы бон чындзæхсæвтæ, куывдтыл хъуыды кæнынц, уыдон та æндæр цæуылдæрты хъуыды кодтой, цæмæй ирон адæм сæ фæндыл æрлæууыдаиккой æмæ семæ иумæ советон хицауад халын райдыдтаиккой æмæ советон хицауадæй рахицæн уыдаиккой. Ирон адæммæ разынд æндæр хъуыды, фæлæ уый æвиппайды нæ фæзынд, нæ бахсыст.

Уæды рæстæджы æхсардзинад цы лæппутæ равдыстой, уыдон мах ныфс бауагътой, райхъал нæ кодтой, æмæ алчи дæр хъуыды кæнын райдыдта, цы хабар у, цытæ цæуы нæ алыварс. Бамбæрстой йæ нæ адæм æмæ нæ ацыдысты уыцы фæндагыл. Уый фæстæ фæндæгтæ, хъыгагæн, сты тугæй æхсад. Æмæ канд ирон тугæй нæ…», – дзырдта Юри.

Уыцы уæззау рæстæг, зæгъгæ, æмæ политикон æгъдауæй нæ фæндаг æррæсугъд, 2008 азы августы нын Уæрæсе нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уæд. Зæххы къорийыл раст хъуыдыгæнæг адæм не ‘вварс фесты, Сыгъдæг Уастырджи дæр æмæ Стыр Уæрæсе дæр.

Дзиццойты Юри арфæ ракодта, фадат æмæ фæрæзтæ чи ссардта, цæмæй æрвылаз дæр æмбырд кæнæм ацы бынатмæ, мысæм æмæ кад кæнæм ацы бонæн æмæ йæ хайадисджытæн.

Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан дæр ацы бон банымадта нæ историйы нысаниуæгджын боныл. Ирон адæм уæд, зæгъгæ, равдыстой æнгом æмæ æргомдзинад. Уæдмæ ирон наци æййæфтой æфхæрд, ссæст æмæ дæлдзиныгдзинад.

Ам Тарзан спайда кодта Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæйæ:

«Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй.

Адæм куы бамбарой се ‘фхæрд, сæ марæг

Знон, уæд кæй сыстдзысты иу бон хъыгдардæй,

Зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу бон сæ зарæг.

27 азы мах хъуыды кæнæм уыцы бон – уæд райдыдта Хуссар Ирыстонæн йæ сæрибардзинады бон, æмæ йæ схуыдтам Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон», – дзырдта Тарзан.

Бахатыд абоны фæлтæрмæ, цæмæй нæ зæрдыл дарæм ацы бон, цæмæй нæ фидæн рæсугъддæр уа, ифтонг уа, хъæддыхдæр уа æмæ макуыуал рæдийæм.

Мадзалы ма, уыцы фыдæвзарæн бон гуырдзиаг фыдгулты размæ чи æрлæууыд, уыдон номæй ныхасы рацыд Гаглойты Анатоли. Уый бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн, йæ организатортæн, афтæ кад æмæ цыт кæй кæнынц ацы бонæн. Кæддæр, зæгъгæ, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд мын бафæдзæхста мæ ныййарæг мад, дæ мадæй æртæ хатты фылдæр хъуамæ уарзай дæ Райгуырæн бæстæ.

«Уыцы ныхæстæ мæн никуы рох кæнынц, уыдон мæн разæнгард кодтой уæлахизмæ тырнынадмæ.

Æз сæрыстыр дæн мæ фæлтæрæй, сылгоймагæй , нæлгоймагæй. Уымæн æмæ уыдон руаджы райстам хæдбардзинад. Рацæудзæн азтæ æмæ нын кувдзысты фидæны фæл-тæртæ», – банысан кодта Анатоли.

Мадзалы райдиан Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул Кады гирляндæ сæвæрдтой Мысæн дуры раз. Дарддæр Хицауады бæрнон кусджытæ министрадтæ æмæ уагдæтты кусджытæ æхсæнады минæвæрттæ дидинджытæ æвæрдтой номарынæн.

Нæ горæты фæндзæм æмæ Дзауы поселочы астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ бакастысты нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохы райдианыл фыст æмдзæвгæтæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.