Фæстаг азты Хуссар Ирыстоны рæстмæ зымæг нал уыд. Ацы аз зымæг, иннæ азтæм абаргæйæ, йæхи бæрæг карздæрæй равдыста. Æцæг, фæзæгъынц, февралы митæн тых нæй, зæгъгæ.  Æниу, горæты цасфæнды стыр мит ма  æруара, уæддæр уынгтæ сыгъдæг æрцæуынц цæрæнуатон-коммуналон службæты æххуысæй. Районтæ æмæ дæрддзæф хъæутæ та цы уавæры вæййынц ахæм митуарды рæстæджы, транспорты цыд сæм фæкъуылымпы вæййы æви нæ, уый бæрæггæнæг фæуазæг стæм автовокзалмæ.

Кæцыфæнды горæт дæр райдайы вокзалæй. Вокзал хæрзарæзт куы уа, уæд уазджытæн хорз тæлмæнтæ баззайы уыцы адæмы тыххæй. Нæ автовокзал кæддæр адæмæй бæз-бæз кодта, йæ уындæй зæрдæ рад, фæлæ йыл 25 азы размæйы цаутæ сæ фæд ныууагътой. Вокзал уæд федзæрæг, броны бын фæцис, дзæгъæл куыйтæ йæ алыварс зилдух кодтой æппынæдзух.

Уæддæр 2008 азы фæстæ йæ хуыз скалдта. Ныртæккæ нæ автовокзал нымад цæуы  нæ горæты иууыл рæсугъддæр бынæттæй сæ иуыл. Æмæ канд æддейæ æрбакæсгæйæ нæ фæивта йæ хуыз. Мидæгæй, бæлццæтты æнхъæлмæкæсæн зал дæр æрцыд капиталон  цалцæг. Арæзт дзы æрцыд хъармгæнæн системæ дæр. Ам бæлццæттæн сæ бон у балхæной билеттæ æмæ автобусы æрбалæудмæ æнцад æнцойæ æнхъæлмæ кæсой. Æцæг, раздæрау бирæ бæлццæттæ нал ис, уымæ гæсгæ вокзалы дæр æмæ залы дæр вæййы сабыр æмæ сыгъдæг. Хæрзарæзт у вокзал æддейæ дæр. Ам цы фæзуат ис, уый йемыдзаг у электроны цæджындзтæй, кæцытæ аив кæнынц вокзалы æддаг бакаст. Бирæ азты бæлццæттæ тыхстысты, вокзалы территорийыл иумæйаг къахбынат кæй нæ уыд, уымæй. Фæлæ, уыцы фарст дæр боныфæстагмæ скъуыддзаг æрцыд. Æцæг, вокзалы иумæйаг хуыз цасдæрбæрцæй фыдуынд кæнынц, ам цы чысыл павильон æмæ ларектæ ис, уыдон.

Уым нын куыд загътой, афтæмæй ныртæккæ кæд мит æруарыд, уæддæр Цхинвалæй   Дзæуджыхъæумæ автобустæ цæуынц графикмæ гæсгæ, гуманитарон æххуысы хуызы цы автобустæ лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстонæн, уыдон фæрцы. Иу автобусы ис дыууын дыууæ адæймаджы бынат. Фæлæ, ам куыд зæгъынц, афтæмæй автобус хатт 7-8 бæлццоны тыххæй дæр ацæуы рейсы.

Цхинвалæй республикæйы иннæ районтæм дæр æрвылбон дæр цæуынц автобустæ. Зæгъæм, Цхинвалæй Знауырмæ бон кусы дыууæ автобусы. Сæ иу Цхинвалæй Знауырмæ ацæуы, иннæ та Знауырæй Цхинвалмæ рацæуы. Цхинвалæй Дзаумæ дæр кусы дыууæ автобусы æмæ Газель. Автобус цæуы бон æртæ хатты, маршрутон такси та – цыппар хатты. Ленингоры поселокмæ уадиссаг бæлцæттæ кæй нæ вæййы, уый тыххæй къуыри дыууæ хатты йедтæмæ нæ вæййы рейсон автобус. Къуайсамæ бон вæййы иу рейс. Ис ахæм хъæутæ, кæцытæм автобус цæуы бон дыууæ хатты. Цыфæнды стыр митуард дæр уа, уæддæр фæндæгты арæзтады æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет цæттæ у, уадид фæндæгтæ асыгъдæг кæнынмæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.