Хъæууон хæдзарады министрад сиды нæ республикæйы хъæуты цæрджытæм, цæмæй архайой морæгъуыз хъæндил скуынæг кæныныл. Зымæджы мæйты уыдон бацагурынц хъарм бынæттæ. Фембæхсынц ныккæндты, хæдзары, пысулты счъилты, бабырынц цары хуынчъыты.

Хъæууон хæдзарады министрады халсаргуысты управленийы сæргълæууæг Мулдарты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъæндил стыр зиан хæссы дыргътæ æмæ халсæрттæн. Адæймагæн йæхицæн ницы тæссаг сты. Семæ тохгæнæн ис химикаттæй, фæлæ уæддæр иууыл эффективондæр у къухæй сæ ахсын æмæ куынæг кæнын.

Мулдарты Игорь ма куыд зæгъы афтæмæй ацы зианхæссæг хъæндил нæ республикæйы 2018 азы фæзынд Гуырдзыстоны цы биологон лаборатори уыд, уырдыгæй, арæнгæрон хъæутæ Синагур æмæ Карзманыл апарахат. Уыцы аз ацы хъæуты цæрджытæ бынтон æнæфтиаг фесты сæ хъæууон хæдзарады тыллæгæй.

Уалдзæджы æйчытæ æрæфтауы бæласы сыфтæртыл. Цы бæлæстыл фæзыны ацы хъæндил, уыдон сты бирæ – фæткъуы, кæрдо, атъами, хурма, сæнæфсир, цитрусон зайæгойтыл иууылдæр. Халсартæй та арæхдæр фæзыны пъамидорыл, хъæдурыл, джитърийыл, нартхорыл, афтæ ма фæзыны декоративон зайæгойтыл дæр. Цы бæлæстыл фæзыны, уыдонæн сæ дыргъы гъæд февзæрдæр вæййы, сдæрзæг вæййы сæ уæлцъар. Цитрустæ кæронмæ нал срæгъæд вæййынц, æмæ æмгъуыдæй раздæр æрызгъæлынц. Нал сбæззынц сæнæфсир æмæ нартхоры гагатæ дæр. Пъамидортæ æмæ цывзытæ æмбийын райдайынц», – зæгъы ма Мулдары фырт.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй ацы хъæндил 2016 азы фæзынд Абхазы территорийыл дæр, æмæ сæ æркодта стыр тыллæг сæфтытæм. Ацы хъæндилы аххосæй мандарин, апельсин æмæ хурмайы æрзад фæкъаддæр дыууæ хатты. Цæмæй ацы зианхæссæг хъæндил нæ республикæйы ма апарахат уыдаид, уый тыххæй Абхазæй æрластæуыд химикон препараттæ, уыдон уæрст æрцыдысты районтыл. Синагур æмæ Карзманæй продукттæ ласыны бар нæ уыд горæты базартæм. Ручъы контролон пункты слæууыдысты «Югоссельхознадзор»-ы кусджытæ дæр æмæ сгæрстой, республикæмæ цы хъæууонхæдзарадон продукци ласт цыд, уыдон. Фæлæ уæддæр, куыддæр амæлттæй æрбаирвæзт ацы зианхæссæг хъæндил. Йемæ тох кæныны иууыл эффективондæр метод у, уыдон къухæй æрæмбырд кæнын исты мигæнæны æмæ сæ уый фæстæ хъæуы басудзын.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.