Традици ссис Музейты дунеон боны «Музейты æхсæв» Цхинвалы дæр уадзын. Уыцы æхсæв, ома, 18 майæ 19 маймæ æхсæвы, дунейы бирæ бæстæты музейтæн сæ дуæрттæ гом вæййынц адæмæн. Ныр цалдæр азы ахæм акци уагъд цæуы Хуссар Ирыстоны дæр.

Нæ республикæйы национ музей дæр уыцы æхсæв йæхимæ хуыдта, нæ адæмы истори æмæ культурæимæ баст чи сты æмæ ам сæ бынат чи ссардта, уыцы экспонаттимæ нæ цæрджыты базонгæ кæнынмæ.

Музеймæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны Уæрсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Уыцы изæр музеймæ æрбацыдысты нæ горæты цæрджытæй тынг бирæ æмбæстæгтæ. Уыдонæн фадат уыдис, канд музейы залы экспонаттимæ нæ, фæлæ ма дзы цы ног хайад байгом кодтой, «Къостайы уазæгдон», зæгъгæ, уыцы церемонийы хайад райсынæн дæр.

Национ музейы директор Зассеты Мераб йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй уым уагъд цæудзысты, нæ адæмы культурæйыл, аивадыл, ирон æгъдæуттыл дзырд кæм цæуа, ахæм мадзæлттæ.

Музеймæ æрбацæуджытæ стыр цымыдисимæ уыдтой, фыдæлтæй фæстæмæ нæ адæм кæмæн табу кодтой, уыцы «Цыкурайы фæрдыг» – къух ыл æрæвæрдтой æмæ сæхицæн домдтой сæ зæрдæйы бæллицтæ сæххæст кæнын.

«Рагфыдæлтæй фæстæмæ «Цыкурайы фæрдыг»-ы миниуджытæ хорз зындгонд сты нæ адæмæн. Уый хæдзармæ хаста амонд æмæ фарн. Уымæ гæсгæ йын кодтой стыр табу. Дардтой йæ сæрмагондæй арæзт чыргъæды, йæ номыл кодтой кувинæгтæ æмæ сыл уый дæр аудыдта, хаста сын хæрзиуæг», – банысан кодта Зассеты Мераб.

Музейты дунеон боны цытæн уазджытæн æмæ ардæм æрбацæуджытæн зæрдæбын арфæтæ ракодта нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр.

«Нæ национ музей азæй азмæ æввахсдæр лæууы Музейты дунеон боны акцимæ. Мах уынæм, азæй азмæ йæ коллекцитæ фылдæрæй фылдæр кæй кæнынц æмæ уымæй та нæ музей кæны аивдæр æмæ хъæзныгдæр. Музей æххæст цæуы археологон къахæггæгтæй, нæ культурон бынтæн æвдисæндартæй куыд Хъобаны культурæйы артефакттæй афтæ Тлийы ингæнты къахæггæгтæй. Уымæй дарддæр ма музей æххæст цæуы Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнджыты лæвæрттæй æндæр æмæ æндæр азты. Ацы лæвæрттæм ма мæн фæнды бафтауын, Хуссар Ирыстоны историмæ Советон дугæй чи хауынц, ахæмтæ», – загъта Бибылты Анатоли æмæ музеймæ æвæрынмæ радта Ленины орден æмæ Адæмты Хæларады орден, кæцытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн лæвæрд цыдысты сæ хъазуатон куысты тыххæй.

Ацы хорзæхтæ фесæфтысты хæсты рæс-тæджы. Ныр сæ халдихтæ республикæйæн лæвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæ-сейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы хъæппæрисон архайды руаджы æмæ йын Президент загъта зæрдæбын арфæтæ.

«Мæн фæнды, цæмæй ацы хорзæхтæ нæ Национ музейы ссарой аккаг бынат. Нæ кæстæртæ хъуамæ уыной æмæ сæрбæрзонд уой хистæр фæлтæрты хъазуатон куыстæй. Æнувыдæй сæ бахъахъхъæнут», – бафæдзæхста музейы директоры Президент.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ акци «Музейты æхсæв» уагъд кæй æрцæуы ардæм æрбацæуджыты хъусдард музейты коллекцитæм, сæ культурон бынтæм æмæ сæ духовон рæзтмæ аздахыны нысанæн. Уый у афæдзы дæргъы иунæг ахæм бон, дунейы æппæт музейты дуæрттæ гом кæд вæййынц æхсæвæй-бонæй. Музеймæ æрбацæуджытæ ма стыр æхцондзинад райстой, цы концерт дзы равдыст æрцыд, уымæй дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.