Мыггаг йæ разагъды адæймæгтæй вæййы кадджын, нымад æндæр мыггæгты ‘хсæн. Кæцы мыггагмæ ис фылдæр ахæм адæймæгтæ, кæцы мыггæгтæ лæууынц номхыгъды разæй, уый бæлвырдгæнæг не стæм, фæлæ бæлвырд у, се ‘хсæн Плитæ кæй сты фыццагдæрты нымæцы. Уæдæ æфсæддон хъуыддаджы зæгъай, зонады, аивады, литературæйы, спорты, царды æндæр къабæзты – фендзынæ дзы ацы мыггаджы минæвæртты æрмдзæф.

Нæ ныхасы сæр абон у, бæрндзинады æхсæнад «Цыкура» цы чиныг рауагъта, «Мыггаджы хуын», зæгъгæ, ууыл æмæ уый дæр дзурæг у, ацы мыггаг æрмæст литературæйы къæбицмæ цы хуын бахастой, ууыл. Чиныг сарæзтой æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодтой Хъазиты Мелитон æмæ Плиты Феликс.

Плиты Харитон, Плиты Геса, Плиты Грис, Плиты Илья, Плиты Сократ, Плиты Зауыр, Плиты Агуыбе, Плиты Мария, Плиты Феликс, Плиты Олег, Плиты Сергей – адон сты, фыссæджы сис мыггагæй йæ къухы чи дардта æмæ йæ абон чи дары, уыдон. Ацы номхыгъдæй иутæ систы ирон литературæйы рæбинагдæр цæджындзтæ, ис дзы, сæхи чиныгкæсджытæн тынг чи нæ базонгæ кодтой, ахæмтæ дæр. Хицæн кæнынц кæрæдзийæ куыд се сфæлдыстадон тыхæй, афтæ сæ карæй дæр. Плиты Феликс æмæ Плиты Сергейæ дарддæр иннæтæ абон не ‘хсæн нал сты – цардысты æндæр æмæ æндæр рæстæджыты.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ чиныгмæ хаст чи ‘рцыдысты, уыдон, Плиты Геса æмæ Плиты Мария йедтæмæ, сæ тыхтæ кæй фæлвæрдтой поэзийы жанры. Ранымад хицæндзинæдтæм нæ кæсгæйæ, уыдоны иу кæны сæ мыггаг, мадæлон æвзагмæ, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, чиныгмæ хаст автортæн сæ уацмыстыл иууыл чиныгкæсæг ам нæ сæмбæлдзæн. Ис фысджытæ, кæцытæн базонæн вæййы æрмæст сæ иу уацмысæй дæр. Цæвиттон, кадæг «Сæлимæт» куы фæзæгъæм, уæд базонæм, уый Плиты Харитон кæй ныффыста. Уæдæ чи нæ зоны «Авд цухъхъа», «Æрдхутæгдон» Плиты Грисы фыст кæй сты. Сæ ахæм уацмыстæн ног æмæ ногæй бакæсæн ис ацы чиныджы.

Чиныджы рацыд æхсызгон хабар уыдзæн æрмæст Плиты мыггагæн нæ, фæлæ ирон дзырдаивадæн æппæт табугæнджытæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.