Æрдз адæмы канд дæтгæ нæ ракæны, фæлæ сæ дарæг, сæ уромæг у, фæлæ нæ дарæг куыд у, нæ сафæг дæр афтæ у. Æнусты дæргъы цас адæм фесæфт æрдзон фыдбылызты аххосæй æмæ абон дæр цас сæфы, уыдонæн банымайæн дæр нæй. Æмæ æрдзы ныхмæ фæлæууын нырма никæйы бон бацис – æдых у æрдзы фыдмиты ныхмæ адæймаг.

Æдых разындысты митзæйы ныхмæ Къуыдаргомы Арашендайы хъæуы Джусойты мыггаг дæр 85 азы размæ. Уый уыд 1932 азы 14 февралы. Уыцы æнамонд заман фондз боны æнæрлæугæйæ фæуарыд мит. Иу афон хохы фахсæй раскъуыд зæй æмæ фæласта æнæхъæн хъæуы. Цы авд æмæ ссæдз хæдзары дзы уыдис, уыдонæй зæй фæласта иу æмæ ссæдз. Бæстæ миты рыджы аныгъуылд, сау тæпп никуыцæйуал зынд. Бацарæфтыд сты Джусойтæ æнæхъæн хъæуæй. Æнамонд хабар уайтагъд айхъуыст. Фæдисмæ ных-хæррæтт кодтой сыхаг хъæутæ Цъон, Ерцъо, Замтарет, Кæсагджын. Зæйы бын ма удæгасæй скъахтой бирæты. Чи бабын, уыдон уыдысты сæдæ адæймагæй фылдæр. Зæй фæласта хъæуы скъолайы дæр æд сывæллæттæ, стæй ахуыргæнджытæ Гаглойты Симæ æмæ Багаты Ладойы. Джусойтæй чи фæмард, уыдонимæ уыдысты, хæдзарыдзагæй чи фесæфт, ахæм бинонтæ дæр. Уыдон уыдысты Джусойты Тебæ, Мамыкъа, Мыстул, Жижыла, Ким æмæ Васойы бинонтæ. Ацы æхсæз хæдзары бинонтæ бынсæфт фесты, сæ фæстæ змæлæг нал баззад, сæ таг аскъуыд. Уыимæ дыууадæсæй фæмард сты Сесейы бинонтæ, Мелитонтæй -10, Никъалатæй – 8 адæймаджы æмæ афтæ дарддæр. Зæйæ ма чи аирвæзт, уыдон дæр æрхæндæг зæрдæйæ арвыстой сæ цард. Тарскæйы хъæуккаг Джусойты Леуан (рухсаг уæд) йæ цæссыг нæ урæдта, афтæмæй мын йæ ностæ æвдыста: “Мæныл уæд иу – цыппар азы цыдаид. Нæ бинонтæ уыдыстæм авдæй, æртæйæ дзы фæмард сты. Зæй нын нæ хæдзар йæ быны куы рыссæста, уæд цыдæр хъæдæрмæджы бын фæдæн, уым кæмдæр зыхъхъырæй аззад æмæ мæм уырдыгæй уæлдæф цыд. Хæдзары фарсмæ скъæтæй мæм хъуыст фосы тæригъæддаг нæтын дæр. Афтæ фæдæн суткæйæ фылдæр. Иу афон айхъуыстон фæдисæтты хъæлæба æмæ хъæр кæнын райдыдтон. Афтæмæй аирвæзтæн, фæлæ нæ мыггаджы тæригъæддаг сæфт мæ зæрдæйæ никуыуал сцух”.

Леуаны хистæр æфсымæр Виктор та мын кæддæр куыд дзырдта, афтæмæй зæйластыты агургæйæ канд белтæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæй нæ пайда кодтой, фæлæ сæ агуырдтой хъисфæндыры руаджы дæр. Фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ, хъисфæндырæй цæгъдгæйæ зæйластыты куы агурай, уæд, дам, адæймаг кæм вæййы, уым хъисфæндыры зæл нал райхъуысы, фæмыр вæййы. Джусойты трагедийыл скодта йæ зындгонд нывтæй иу Тугъанты Махарбег дæр “Зæйластыты агурын”, зæгъгæ, ахæм номимæ. Уым зачъеджын зæронд лæг миты сæрыл йæ хъисфæндыримæ зоныгуылтыл лæугæйæ иннæ адæмимæ агуры зæйластыты.

Уыйбæрц зиæнттæн хицæнтæй ингæнтæ чи къахта. Бавæрдтой сæ иу æфсымæрон ингæны. Мæнæ цы фыста Нафи газет “Советон Ирыстон”-ы 1972 азы 15 февралы:

“Ерцъойы æфцæгæй коммæ куы ныккæсай, уæд дæ цæст схæцдзæн цæугæдон Хърамулайы рахизфарс уæлбыл иу чысыл уæлмæрдыл. Ам цалдæр балбæласы дæлбазыр мæрдвынæй кæнынц ныр цалдæр азы Джусойты зæйласт мыггаг. Æз, цагъды уæлдæйттæй иу, ардæм куы ‘рбафтын, уæд худаистæй фæзæ-гъын: рухсаг ут, мæ зынгхуыст æрвадæлтæ!”.

Ацы цауыл зæрдæриссæн æмдзæвгæ ныффыста Нигер дæр:

Хъæу Арашенда

            Абон бабын ис,

            Абон Джусойтæ

            Фесты царæфтыд!…

Уыцы аз зындгонд кадæггæнæг Наниты Андо Къуыдары фæсивæдимæ скодтой Джусойты зарæг. Стæй ма ноджыдæр бирæ фыст æрцыд ацы трагедийыл. Туг адджын у. Зæрдæ тоны уал азы фæстæ дæр уыдон тæригъæдæй. Нæ мыггаг æнæуый дæр чысыл нæу, æмæ уæд та, æвæдза, цас уыдаиккам. Чи бацарæфтыд, уыдонæн сæ фылдæр сывæллæттæ уыдысты…

Уыцы стыр трагеди баззад ирон адæмы историйы. Ныр ыл ацы аз, 14 февралы,  сæххæст 85 азы æмæ сын мах дæр сæркъулæй зæгъæм: “Рухсаг ут, нæ зынгхуыст æрвадæлтæ!”.

Джусойты  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.