Ацы бонты Республикæ Абхазы Гумистинскы хиды цур мемориалы байгом æрцыдысты мысæн фæйнæджытæ хуссарирыстойнаг бархионтæ Петров-Кокойты Роберт, Мæргъиты Ацæмæз æмæ Сиукъаты Джемалæн. Хъæбатыр ирон хæстонтæ фæмард сты Абхазы зæххыл 30 азы размæ, 1992 азы ацы республикæйы фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Петров-Кокойты Роберт æмæ Сиукъаты Джемалæн лæвæрд æрцыдысты Республикæ Абхазы хъайтарты нæмттæ сæ амæлæты фæстæ. Мæргъиты Ацæмæзæн та саккаг кодтой Леоны орден. Цæгат Ирыстоны абхазаг бархионты цæдисы сæрдар Кокойты Игоры ныхæстæм гæсгæ хæстонтæ фæмард сты Гаграйы размæбырсæн операцийы рæстæджы. «Цы ма нын баззад, уый у мысынад. Цалынмæ хæлардзинад уа, уæдмæ фæмардуæвджыты мысынад цæрдзæн», – банысан кодта Цæгат Кавказы ветерантæ-бархионтимæ æмархайды фарстыты фæдыл Абхазы президенты уынаффæгæнæг Рисмаг  Аджинджал.

Хуссар Ирыстонæй æххуысмæ Абхазмæ фыццаг æрцыд къорд 57 адæймаджы скондæй Хуыбылты Валерийы къухдариуæгадæй. 2003 азы та горæт Гаграмæ бацæуæнмæ æввахс бæрзæндтæй сæ иуы, лæппуты амæлæн бынаты арæзт æр-цыд мемориалон цырт. Абон ацы хъайтар хæстонтæн мах дæр мысæм сæ рухс нæмттæ.

 

ИРОН ХÆРÆФЫРТ ХЪÆБАТЫРÆЙ ФÆМАРД АБХАЗЫ ЗÆХХЫЛ

Ацы аз 30-æм сентябры Абхазы банысан кæндзысты Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады 30 азы бон. Агрессор-Гуырдзыстоны ныхмæ то-хы, абхазаг адæмы сæрибардзинады сæрыл сæ цард нæ бавгъау кодтой хуссарирыстойнаг лæппутæ дæр – Еналдыты Дмитри, Мæргъиты Ацæмæз, Петров Роберт, Цоциты Таймураз, Козаты Роин, Сиукъаты Джемал… Абон уал мысæм уыдонæй дыууæйы – Петров-Кокойты Роберты æмæ Мæргъиты Ацæмæ-зы.

Ацы аз Ирыстоны зынгзæрдæ патриот Петров-Кокойты Роберты райгуырдыл æххæст кæны 50 азы. Роберт хаста дыууæ мыггаджы. Уымæн йæ бæллиц уыдис ирон, йæ мады æрвадæлты мыггаг хæссын. Йе ‘мбæлттæ йæм фылдæр Кокойты мыггагæй дзырдтой, фæлæ ма йæ паспорты дæр афтæ фыст куы уыдаид, уый йæ тынг фæндыд. Йæ мады æфсымæр ын документтæ дæр бацæттæ кодта уый тыххæй, фæлæ йын æгъатыр мæлæт нал бауагъта йæ фæнд сæххæст кæнын.

Петров Роберт райгуырд горæт Цхинвалы 1972 азы. Ахуыр кодта нæ горæты 7-æм астæуккаг скъолайы. Ахуыры æмрæнхъ архайдта спорты, уарзта футболæй хъазын, уæлдай тынгдæр та уарзта хъæбысæй хæцын æмæ дзы зæрдиагæй архайдта. Робертæн Ирыстон афтæ адджын фæцис æмæ йæ ныййарджытæ йæ фыды райгуырæн бæстæм куы ацыдысты цæрынмæ, уæд Роберты дæр семæ акодтой, фæлæ йæ зæрдæ дзырдта йæ зæрдæйæн адджын чи уыд, уыцы Ирыстонимæ æмæ рацыд фæстæмæ. Цард йæ мады цæгаты, ахуырмæ дæр цыд уыдонæй. Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ æнæмсæр тугуарæн хæст куы расидт, уæд та слæууыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты фарсмæ. Æппынæдзух дæр уыд лæппутимæ постыты. Хæстон стæрты уарзта иунæгæй цæуын. 1992 азы 20 майы Зары уæззау трагедийы хабар Ирыстоныл куы айхъуыст, уæд адæм фæдисы лыгъдысты соматикон рынчындонмæ. Алкæйы дæр фæндыд трагедийы бахауæг адæмæн истæмæй баххуыс кæнын, чи дзы фæмард æмæ цæфтæй чи аирвæзт, уый базонын. Хæстон лæппутæ, уыцы нымæцы бигæдзаумæтты фабрикæйы районы лæппутæ дæр згъордтой фæдисы, семæ уыдис Роберт дæр, фæлæ иу рæстæджы се ‘хсæнæй фæ-хицæн æмæ цы фæцис, уый дзы ничиуал ауыдта. Уымæй чысыл фæстæдæр Тамаресы ‘рдыгæй райхъуыстысты тыхджын æхстытæ. Лæппутæ афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, ныр та уыцы ‘рдыгæй æрбабырстой гуырдзы æмæ атындзыдтой. Сæ хъахъхъæнæн бынаты иунæгæй бадгæйæ баййæфтой Роберты. Фæрсынц æй, цы хабар у, цы æрцыдис ам, зæгъгæ? Уый та йæхи ницызонæг скодта æмæ сын сæхи фарста, зæгъгæ, цы хабар уыд? Æмæ гуырдзыйæ цал амардис, уымæй ницы бæрæг ис? Ацы фарсты фæстæ, Роберты характер хорз чи зыдта, уыдон бамбæрстой, иунæгæй та знæгтæм кæй бамидæг ис æмæ та сæ кæй æхста, уый. Афтæ кæй кодта, уымæй йын тарстыс-ты йе ‘ввахсдæр хæлæрттæ æмæ йын арæх дзырдтой, цæмæй йæхи хъахъхъæдтаид, зæгъгæ, хъайтар уый нæу знагæн фыддæр тугуарæнтæ чи ныккæны, фæлæ дывæр хъайтар у, уыцы тугуарæнты рæстæджы йæхи цардыл дæр чи хъуыды кæны æмæ ауды, уый.

Абхазы зæххыл тугуарæн хæст куы цыд, уæд сæм æххуысмæ фæзындысты æфсымæрон адæмты хæстон лæппутæ, уыцы нымæцы хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр. Роберт уыдис Хуыбылты Валерийы къорды. Ам сæ фыццаг хæстон хæс уыд, уый размæ цæгаткавказаг хæстонтæн цалдæр боны асыгъдæг кæнын цы позицитæн нæ бантыст, уыцы стратегион бæрзæндтæй знæгты фæстæмæ аппарын æмæ йæ уыцы иу ацыдæн сæххæст кодтой. Афтæ уыд ацы къордæн йæ алы хæстон стæр дæр æмæ уыцы тохты Роберт йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй. Абхазаг лæппутæ йæ сæхæдæг дæр дисæн хастой. Йæ амæлæты фæстæ йын Абхазы хъайтары ном официалонæй куы лæвæрдтой, уæд уырдæм фæхуыдтой хъайтары бинонты.

Йæ хæстон æмбæлттæ æрхъулайы куы бахаудтой Колхидайы районы, уæд сын хæстонты къордимæ баххуыс кодта рахизынæн. Ацы районы Роберт спырх кодта дыууæ танчы. Æндæр гæнæн нал уыд æмæ Роберт йе ‘мбæлтты афæдзæхста, уæхи бахизут, зæгъгæ, знæгты та мæ бар бауадзут. Уый цыдис æхсгæ æмæ знæгты сайдта йæ фæдыл, афтæмæй фервæзын кодта йæ хæстон æмбæлтты, йæхæдæг та… Куы фæцæф ис, уæд ыл сæхи бауагътой, удæгасæй йæ хъавыдысты æрцахсынмæ æмæ, дам, сæ къахæй афтæ цавта æмæ знæгтæн ницы сæ бон уыдис бирæ рæстæджы. Фæстæдæр ссардæуыд уыцы бынат, цыран гуырдзиаг фашисттæ басыгътой Роберты æмæ ма ноджы æхсæз хæстоны. Цасдæр рæстæджы фæстæ Роберты хæлæрттæ базыдтой, зæгъгæ, Гаграйы горæты моргы цур ис уæлмæрд, цыран разынд Роберты мард буар дæр. Базыдтой йæ йæ уæлæдарæс æмæ дзабырты фрагменттæм гæсгæ. 20 аздзыд лæппуйы мардбуар æрластой Цхинвалмæ 1992 азы октябры мæйы æмæ йæ баныгæдтой 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты. «Мæ хъæбулы мардбуар нал федтон, йæ табæт бакæнын нын нæ бауагътой. Уый хæцыд Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй дæр», – дзуры йæ мад Эммæ.

Октябры мæйы хъайтары райгуырдыл æххæст кæны 50 азы. Уыдонæй æртын азы бæрц не ‘хсæн нал ис, фæлæ йæ хорзы ном цæры æмæ цæрдзæн чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Октябры мæйы æмбисы райгуырдтæ, мæлгæ дæр уæд акодтай æмæ дын Ирыстоны фæззæгау хъæздыг уæд дæ дзæнæтон бынат. Рухсаг у, Роберт!

 

АБХАЗ ÆМÆ КАВКАЗЫ ХЪАЙТАР

Мæргъиты Ацæмæз хъомыл кодта æнæ фыдæй (уый фæмард трагиконæй) бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Уый æмбæрста бинонты ‘хсæн иунæг нæлгоймаг кæй у, уый æмæ хаста бæрндзинад. Чысылæй сахуыр машинæ скъæрын, ленк кæнын, хæцæнгарзимæ архайын, æппынæдзух архайдта спортæй. Сæрыстыр дзы уыдысты йæ бинонтæ. Ацæмæз бирæ уарзта кæсын, каст Нарты кадджытæ, æгæрыстæмæй, уарзта аргъæуттæ кæсын дæр.

1985 азы каст фæцис нæ горæты 7-æм астæуккаг скъола. 1986 азы йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм, Узбекистаны горæт Чирчикы десантон æфсæдтæм. Хъуамæ йæ акодтаиккой Афганистанмæ, фæлæ хæдзары иунæг фырт æмæ нæлгоймаг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ арвыстой ахуырадон хаймæ инструкторæй, цыран цæттæ кодта æрсидтонты. 1988 азы æрæздæхт фæстæмæ æмæ уыцы аз августы бацыд Волгограды милицийы скъоламæ, уыцы иурæстæджы уым кусын райдыдта милиционерæй дæр. Хуссар Ирыстоны хæст куы райдыдта, уæд уайтагъд æрæздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ слæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъы. Бацыд «Водхоз»-ы къордмæ æмæ хайад иста хæстон архайдтыты. Хæст фæивы адæмы, свæййынц агрессивондæр, фæлæ Ацæмæз баззад куыд хæларзæрдæ, æнувыд æмæ æмгаруарзаг уыд, афтæмæй.

Æфсымæрон Абхазы хæст куы райдыдта, уæд «Водхоз»-ы къорд цалдæр хатты ацыд уырдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ацæмæзы мад тынг тыхст йæ иунæг лæппуйыл. «Фæстаг хатт куыд цыд, уæд йæ мадæн загъта, зæгъгæ, бынтондæр ма тыхс, мах тъунелы онг бацæудзыстæм æмæ фæстæмæ раздæхдзынæн, æмæ райдыдта йæ дарæс æмбырд кæнын. Мад-иу раздæр кæд ницы дзырдта, хуыз-иу арæзта, зæгъгæ, йын æууæнды йæ ныхæстыл, уæд ныр уыд тынг тыхстхуыз. Мады зæрдæ зонаг у æмæ иу хатæнæй иннæмæ йæ фæстæ цыд æмæ йæ фарста кæдæм цæуы, уымæй. Фæлæ йын Ацæ не схъæр кодта Абхазмæ кæй цыд, уый. Æрмæстдæр цалдæр боны фæстæ баззыдтам кæдæм ацыд, уый тыххæй», – зæрдæрыстæй йæ зæрдыл æрлæууыд йæ хо Ноннæйæн. 1992 азы 10-æм августы Мæргъиты бинонтæ фесæфтой сæ иунæг фырт æмæ иунæг æфсымæры. Сæ уарзон, се стыр ныфс фæмард Абхазы зæххыл. «Мах уыдыстæм хæдзары, ацы æвирхъау хабары тыххæй нын куы фехъусын кодтой, уæд. Æз уыдтæн дыккæгæм уæладзыджы æмæ уалынмæ фехъуыстон мæ мады кæуын. Æрлыгътæн бынмæ æмæ куы федтон адæм мын мæ мады сабыр кæнынц, уæд алцыдæр бамбæрстон. Рацыд 30 азы, фæлæ нæ зæрдæты рыст нæ къаддæр кæны, нæ нын  фенцондæр», – зæгъы Ноннæ.

Мæргъиты Ацæмæзы хæстон æмбæлттæй иу – Гаглойты Коба Фейсбукы йæ фарсы ныффыста  цымыдисон пост Ацæмæзы тыххæй: Мæргъийы фырты «Водхоз»-мæ куыд æрбакодтой, цахæм адæймаг æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг уыд, уый тыххæй. «Рацыд цъус рæстæг къордмæ куы æрбацыд, уымæй æмæ нæ Ацæ уазæгуаты хонын райдыдта йæ хæдзармæ, æмæ йæ хотæ Валя æмæ Ноннæ махæн дæр систы тынг æввахс адæймæгтæ. Ацикы мад алыхатт дæр тынг тыхст постмæ-иу куы цыдыстæм, уæд æмæ-иу нæ фæдыл дзуæрттæ æфтыдта. Ацикæн йæ бон уыд  сахатгай, бонгай знаджы позицитæ ахуыр кæнын. Хъайтардзинады тыххæй ныхæстæ нæ уарзта», – фыссы йе ‘мбалы тыххæй Гаглойты Коба. Ацы ран ма уый цитатæ хæссы Хуыбылты Валерийы ныхæстæй Абхазы хæсты тыххæй: «Тох куы сытынг, уæд Ацæ æрхуыссыд бетонон плитæты фæстæ æмæ уыр-дыгæй æхста. Нæ позицитæ нын знаг тыхджын æхст кодта танкæтæ æмæ гранатæхсæнтæй. Нæ зонын цас рæстæг рацыд, фæлæ уалынмæ уынын, лæппутæ кæйдæр ра-хæссынц. Мæ зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста. Кæй хастой, уыцы лæппу æгæр стыр уыд. Ацикæй дарддæр, ахæм стыр лæппу нæ уыд, æгæрыстæмæй абхазæгтæм дæр. Мæ къæхты бын цыма зæхх фезмæлыд, афтæ фæдæн æмæ сæм балыгътæн. Уыдон хастой Аци-кы. Дуне мын нал уæвынад кодта. Куыд мын радзырдтой иннæ бархионтæ, афтæмæй Ацикыл сæмбæлдысты снаряды схъистæ. Ацы трагедийыл сразы уæвын мæ бон нæ уыд æмæ Абхазы фæстæ ацыдтæн Мæскуымæ мæ хæстæджытæм, цæмæй мæ айрох уа ацы стыр маст».

«Мах бузныг стæм абхазаг адæ-мæй, Ацикы кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Абхазаг делегаци Хуссар Ирыстонмæ куы æрцæуы, уæд бабæрæг кæнынц мæ мады, цæмæй йын зæгъой йæ хъæбатыр фырты йын кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Фыццаг хатт Абхазмæ куы ацыдтæн, цæмæй федтаин ме ‘фсымæр кæм фæмард, уыцы бынат, уæд мыл сæмбæлд æнæхъæн абхазаг делегаци. Абхаз хъуыды кæны йæ Хъайтарты тыххæй», – банысан кодта Ноннæ.

Мæргъиты Ацæмæз ныгæд æрцыд Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты. Йæ амæлæты фæстæ йын саккаг кодтой Абхазы уæлдæр хорзæх – Леоны орден, «Кавказы Хъайтар»-ы ном. Йæ ном лæвæрд æрцыд цы уынджы цард, уымæн. Йæ номæй йын схуыдтой йæ хо Ноннæйы хъæбулы æмæ афтæмæй йæ ном цæры йæ бинонты ‘хсæн, йæ радтæг ирон адæмы зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.