9 азы рацыдис уыцы тæссаг бонтæй, Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг фашистон æфсæдтæ куы æрбабырстой æмæ йæ хæсты цæхæры бын куы фæкодтой, уæдæй. Ноджыдæр ма фылдæр рæстæг рацæудзæн, фæлæ нæ адæмы зæрдæты уыцы цаутæ цæрдзысты, куыд æнкъард мысинæгтæ, афтæ. Ацы фараст азы дæргъы цас маст хæссы нæ адæмы зæрдæтæ æмæ цас судзаг цæссыг фæкалдтой сæ хъæбултæ, се ‘ввахс хиуæттæ гуырдзиаг лæгмарты къухæй кæмæн фæмардысты, уыдон.

Нæ республикæйы 7-8 августы уагъд цыдысты мысæн мадзæлттæ, уыдон баст сты, Гуырдзыстоны агрессийыл 9 азы кæй сæххæст, ууыл.

Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 7-æм августы, изæрæй, 1989-2008 азы чи фæмард, уыдоны цытæн арæзт цырты раз хъæууон администрацийы хъæппæрисæй (администрацийы сæргълæууæг Джиголаты Олег) мысæн мадзалмæ æрбамбырд сты хъæуы цæрджытæ чысылæй-стырæй, сæ къухты дидинджытæ æмæ цырæгътæ, афтæмæй.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси. Фыццаджыдæр, уый бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Адæм цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ æмæ ссыгътой цырæгътæ.

Икъаты Ануси радзырдта, хæсты йæхи цæстæй цы цаутæ федта, цытæ бавзæрста йæ хъæуккæгтимæ иумæ, уый. Æрымысыдис, августы хæсты бонты чи фæмард сты, уыдоны – Лолоты Владимир, Отар, Хуриты Суликъойы рухс  нæмттæ.

2008 азы августы мæйы карз хæсты нæ фæсивæд бацыд знагимæ æнæмсæр тохы. Уыцы уæззау бонты бирæтæ баисты знаджы амæттæгтæ. Августы мæйы фыццаг бонты хъæуы цæрджытæ иууылдæр ам уыдыстæм, – дзуры Икъиан, – сывæллæттæ дæр дзы бирæ уыд, æхстой нæ алырдыгæй ставдкалиброн артиллерийæ. Фæстæдæр сывæллæтты æмæ сылгоймæгты арвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Сылгоймæгтæй бирæтæ баззадысты хъæуы, нæ ныууагътой сæ хъæбултæ, сæ нæл-гоймæгты.

Мах мысæм æмæ нæ сæрæй ныллæг кувæм уыцы хъайтарты раз, кæцытæ сæ цард нывон-дæн æрхастой бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тыххæй. Уыцы хъайтарты нæмттæ фыст æрцæудзы-сты нæ историйы, – загъта кæронбæт-тæны Икъаты Ануси.

Мысæн изæры ма раныхас кодта 2008 азы фæмардуæвæг Æлборты Валтеры мад Æлборты Мери дæр. Уый загъта, зæгъгæ, нæ чысыл Ирыстон бирæ туг-калдæн сфæрæзта, бæрæг нæу, кæд байгас уыдзысты, сæ хъæбултæ зна-джы нæмыгæй кæ-мæн фæмардысты æмæ сæ æвзонгæй сыджытмæ цы ный-йарджытæ барвыстой, уыдоны зæрдæты хъæдгæмттæ. Махæй алчи дæр хæсджын у, цæмæй сын сæ рухс нæмттæ алы хатт дæр мысæм.

Уый ма раарфæ кодта хъæубæстæн, æвзонг фæлтæрæн, цæмæй макуыуал бавзарой зындзинæдтæ æмæ цæрой кæддæриддæр цъæх арвы бын.

Хуыцау зæгъæд, Ирыстоны зæххыл цы уа сабырдзинад, цы цæрой йæ адæм сабыр арвы бын æмæ макуы ахуыссæд мысæн цырæгътæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.