Иу азы размæ, 2021 азы 22-æм июлы хуссарирыстойнаг дзыллæйыл æрцыд уæззау зиан. Йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ 64 аздзыдæй цардæй ахицæн зынгæ политик, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг Цоциты Барис Елиозы фырт. Уый æппæт йе ‘мбаргæ цард снывонд кодта йæ радтæг ирон адæмæн лæггад кæнынæн. Цоцийы фырт республикæимæ рацыд æппæт уæззау фæндæгтыл йæ сырæзты фыццаг бонæй фæстæмæ. Йе ‘мтохгæнджытæ, йæ дæлбар кусджытæ, йæ хæлæрттæ æмæ Цоциты Барисимæ зонгæ чи уыд, уыдон иууылдæр банысан кодтой, йемæ Хуссар Ирыстоны историон рæзты æнæхъæн эпохæ кæй ацыд, уый.

Цоциты Барисы политикон карьерæ райдыдта 1990 азты Парламентмæ иууыл фыццаг æрсидты æвзæрстытæй, кæцы уый фæстæ райста республикæйы паддзахадон хæдбардзинады тыххæй Акт. 1991 азы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Цоцийы фырты ном Хуссар Ирыстоны национ-сæрибаргæнæн змæлды зынгæ архайджыты нæмттимæ иу номхыгъды апарахат кодта, куыд «ирон экстремистты къухдариуæггæнджытæ æмæ лидертæ», афтæ. Æмæ Барисы та фæндыд æрмæстдæр йæ адæмæн хорз фидæн æнæ дæлдзиныг кæнын. Алчи нæ зоны уый, æмæ 1990 азы райдианы Барисы амынæты кæй акодтой гуырдзиаг экстремисттæ Аунеуы хъæумæ æввахс æмæ ма йæ тыхамæлттæй ссæрибар кодтой. 1990 азы октябры уый слæууыд Централон æвзарæн къамисы сæргъ æмæ æппæт йæ фæлтæрддзинадæй спайда кодта, цæмæй Парламентмæ æвзæрстытæ ацыдаиккой Советон Цæдисы закъондæттынады фæлгæтты æмæ нымад æрцыдаиккой легитимоныл. Суанг 1999 азы онг иннæ æвзæрстытæ дæр уагъд цыдысты Централон æвзарæн къамисыл Барис Елиозы фырт къухдариуæгад кодта, афтæмæй.

1991 азы январы гуырдзиаг хæстон агресси райдианы, энергетикон æмæ информациолн блокадæйы уавæрты, Хуссар Ирыстонæн æнæмæнгхъæуæг уыд æвæстиатæй советон къухдариуæгадæн ирон адæмы ахасты националистон Гуырдзыстоны фыдмиты тыххæй хъусын кæнын. Цоцийы фырт иста иууыл активондæр хайад информацион комитеты куысты, кæцы тагъдыл арæзт æрцыд уавæр æрбæстон кæныны фæдыл уæлвæткон комитеты цур æмæ йæ хуыдтой Штаб. Æппæт информаци дæр – амынæттты æрцахсыны, амарыны цауты, хъæуты æхстыты, лигъдæтты тыххæй цыд Штабмæ. Æниу-иу лигъдæттæ сæхæдæг дæр цыдысты уæзласæн машинæтыл комкоммæ Штабмæ. Алкæцы истори дæр хъуыд фæнысан кæнын, уавæрмæ хъус æрдарын. Арæзт æрцыд нацийы хъуыддæгты фæдыл комитет, кæцы фылдæр куыста лигъдæтты фарстатыл. Барис йæ куыст адарддæр кодта ацы комитеты, уый фæстæ та слæууыд Наци æмæ миграцийы хъуыддæгты фæдыл паддзахадон комитеты сæргъ æмæ дзы бакуыста 2001 азы онг.

Комитет раздæрау иста лигъдæтты, регистрацийы фæстæ-иу сæ æрцæрын кодта алы бынæтты, гуманитарон æххуысимæ йæхимæ иста дунеон организацитæ – лигъдæтты фæдыл ИНО-йы уæлдæр къамисары управленийы, лигъдæтты фæдыл Норвегийы советы минæвæртты æмæ æндæрты. Куыст домдта æрмæст бæрæг дипломатон курдиат нæ, фæлæ ма фидар позицитæ дæр, уымæн æмæ дунеон организацитæ сæ мисситæ регистраци кодтой Гуырдзыстоны, æмæ Цхинвалы та гом кодтой афтæхуыйнæг «быдырон офистæ» æмæ се ‘ххуысы фылдæр хай уыд куыд цыхт мыстахсæны, афтæ. Æххуыс чысыл нæ уыд, фæлæ йæ хъуыд зондджынæй райсын æмæ уыимæ Хуссар Ирыстоны интерестæ бахъахъхъæнын. Дунеон мисситы сæргълæуджытæ æмæ кусджытæ стыр кад кодтой Цоциты Барисæн, йæ ныхас ын нымадтой авторитетоныл. Уыд æнахуыр дзырдарæхст. ИНО-йы уæлдæр къамисары управленийы миссийы раздæры сæргълæууæг Джон Эндрю банысан кодта: «Хуссар Ирыстоныл куы фæхъуыды кæнын, уæд фæхъуыды кæнын Цоциты Барисыл». Уыдонæй бирæтимæ Цоцийы фырты бастой хæларадон ахастытæ, фæлæ уый не ндæвдта дунеон организацитæн объективон аргъ скæнынæн, кæцытæ уыдысты гуырдзиæгты æвварс. Зæгъæм, 2009 азы уый цæхгæр рацыд Женевæйаг дискусситы ИНО-йы уæлдæр къамисары управленийы хайадисты фæнды ныхмæ. «Сусæггаг никæмæн у, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ лигъдæттæ раздахыны фæдыл резолюцийы проект ИНО-йы  Генералон Ассамблеяйы  бакуыст кæй у, уый. Æмæ æвзæры фарст, национ миниуджытæм гæсгæ адæмæн чи æххуыс кæны, уыцы организацийæн бар ис ИНО-йы фæлгæтты лигъдæтты проблемæтыл архайынæн? Чифæнды дæр ма æрбацæуа Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ, уæддæр махæн иу фæндагыл цæугæйæ нæу. Æндæр нацитæм æнæуынондзинад, уæлдайдæр та ирæттæм, уыдонæн æвæрд у сæ генты. Æз бирæ азты дæргъы дæн бадзырдон процессы æмæ сын тынг хорз зонын сæ ахаст», – дзырдта-иу Барис. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн ссис Зары трагеди дæр, цыран фæмард Барисы æфсымæр Ермак, æмæ йын адæймагады ныхмæ  ацы тæссаг фыдракæнд æрхаста стыр маст.

1992 азы Сочийы бадзырдты рæстæджы арæзт æрцыд гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамис, цыран хайад истой цыппар фарсы – Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстон. Барис Æмхæццæ контролон къамисы сконды куыста 1993 азæй фæстæмæ. Æнцон ын нæ уыд знæгтимæ иу фынджы фарсмæ бадын æмæ йæ эмоцитæ уромын, уæлдайдæр та Цхинвалы Фидауынгæнæг тыхты командæкæнынады штабы уагъдцæуæг рабадтыты. Сæйраг уыд конфликты хæстон эскалаци фæлæмæгъдæр кæнын. Уыцы рæстæджы Æмхæццæ контролон къамисы фæлгæтты фембæлдтытæ фадат радтой конфликты зонæйы æндыгъддзинад серьезонæй фæлæмæгъдæр кæнынæн, кæд ацы къамис æдзухон архайæг бадзырдон формат нæ уыд, уæддæр.  Фæстæдæр Æмхæццæ контролон къамис рацарæзт æрцыд бадзырдон механизммæ æдасдзинады гаранти бакусыны хæслæвæрдимæ.

2001 азы Цоциты Барис нысан æрцыд Æмхæццæ контролон къамисы хуссарирыстойнаг хайы къухдариуæггæнæгæй. Ацы къамисы  хуссарирыстойнаг хайы æмæ йæ къухдариуæггæнæг Цоцийы фырты фидар позицийы фæрцы скъуыддзаг цыдысты бирæ проблемæтæ, уыцы нымæцы сæрибар цыдысты гуырдзиаг полици кæй аскъæфта, уыцы дæсгай ирон лæппутæ. Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу бадзырдтæ ахæссыдысты цалдæргай суткæты дæргъы æнæ улæфтæй, æгæрыстæмæй æхстыты уавæрты дæр. Æмæ-иу йæ хайадисджытæ фырфæлладæй сæ къæхтыл куынæуал лæууыдысты, уæддæр-иу Барис алыхатт дæр уыд уæнгрог. Иууылдæр ын дис кодтой йæ куыстхъомдзинадыл. Экстремалон æмæ хæстон уавæрты Сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министрады сæргъы лæугæйæ, парахат кодта объективон информаци Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй.

Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, Барис политикæйы куы нæ архайдтаид, уæд уыдаид æнтыстджын æхсæнадон архайæг. Уæззау рæстæджыты сарæзта демографион фонд «Фидæн». Мæнмæ гæсгæ, алчидæр хъуыды кæны «Цоцийы фырты» лоторейты тыххæй, кæцыты уагъта æвзонг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн баххуыс кæныны нысанæн. 2004 азы фыццаг чи райгуырд, уыцы сывæллонæн радта Фонды сæрмагонд приз. Ацы рæнхъыты автор дæр хъуыды кæны ахæм цау. Цæвиттон, мæ сыхæгтæ уыдысты æвзонг бинонтæ, кæцытæн уыд æртæ лæппуйы, уыдонæй дыууæ хистæры уыдысты фаззæттæ. Ныййарджытæ цыбыркъух кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сын зымæгон курткæтæ цæмæй балхæдтаиккой, уый нæ уыд. Æз сын бауынаффæ кодтон, цæмæй бахатыдаиккой Барисмæ. Уый сын баххуыс кодта, радта сын æхцайы фæрæзтæ, кæцытæй балхæдтой курткæтæ сæ дыууæ фаззонæн дæр. Æмæ цал æмæ цал æххуысхъуаг бинонтæн баххуыс кодта уыцы уæззау рæстæджыты, уыдон чи фæнымайдзæнис.

Цоциты Барис информацион хæстæн аргъ кæнгæйæ, фыццæгтæй сæ иу 1989 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны нырыккондæр историйæн райдыдта æмбырд кæнын информаци æппæт цауты тыххæй дæр. 1996 азы Джиоты Муратимæ бацæттæ кодта æмæ рауагъта чиныг «Южная Осетия. Хроника грузинской агрессии 1989-1992 годов». 2007 азы Мæскуыйы рацыд йæ иннæ куыст «Книга Памяти: жертвы вооруженной агрессии Грузии против РЮО» – 1989 азæй 2004 азмæ историон æрмæджытæ æмæ мысинæгты æмбырдгонд. 2013 азы ныммыхуыр кодта чиныг, кæцыйы рауадзын уый сфæнд кодта кодта 90-æм азты: «Грузинские летописцы и историки о Южной Осетии и Грузии” – авторитетон гуырдзиаг историкты раныхæсты æмбырдгонд, кæцытæм гæсгæ Хуссар Ирыстон никуы уыд Гуырдзыстоны хай.

2003 азы паддзахадон фæфæлдæхты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны хицауадмæ æрбацыдысты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ ницы нысаниуæг лæвæрдтой Æмхæццæ контролон къамисы архайдæн. Уыдонæн сæ сæйраг нысан уыд «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын». Къамисы эффективондзинад ныллæгдæр кодта. 2005 азы ноябры Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр В.Мерабишвили адæмæн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны минæвæртты, уыцы нымæцы президент æмæ бæрнон бынæтты кусæг адæймæгты номхыгъд, кæцыты хъуамæ æрцахстаиккой кæнæ та сæ скуынæг кодтаиккой. Номхыгъды фыццæгтæй сæ иу уыд Цоциты Барис.

Гуырдзыстон йæхи цæттæ кодта ног хæстмæ. 2008 азы хæсты размæ сæвзæргæ драматикон уавæры тыххæй, уыцы рæстæджы РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат загъта: «7 августы уыд Æмхæццæ контролон къамисы рабадт ауадзынмæ бафæлвæрд. Мæскуыйæ æрцыд минæвар Юрий Попов, фæлæ гуырдзиаг делегаци æрбацыд дзæвгар бафæстиатимæ, æххæст форматæй фембæлд ауадзын нæ рауад æмæ бадзырдтам фембæлд 8 августы 12 сахатыл ауадзыны тыххæй. 23 сахатмæ æввахс ацыдыстæм хæдзæрттæм, фæлæ уалынмæ райдыдтой æхстытæ. Уайтагъд мæм фæдзырдта Барис æмæ мын загъта, зæгъгæ, мын Попов фехъусын кодта гуырдзиаг хæстон колоннæ кæй æрбацæуы, уый тыххæй. «Уый у хæст», – загъта Цоцийы фырт. Æппæт уыцы бонты Барис уыд Цхинвалы. 2008 азы августы фыццаг бонты, уый уыд фактон æгъдауæй Хуссар Ирыстонæй сывæллæтты сэвакуаци кæныны организатор. 1-æм августы изæрæй уыдысты тыхджын æхстытæ æмæ Барис йæ фæнд акодта, цæмæй сывæллæтты автобустыл аластаиккой республикæйæ, æгæрыстæмæй, йын уый фæдыл чысыл конфликт дæр рауад премьеримæ. Афтæмæй Цоцийы фырт бахъахъхъæдта сывæллæтты цард.

Иумиагæй, уый тынг бирæ сарæзта уыцы рæстæджыты, йæ куыстæн ын саргъгæнæн дæр нæй. Куысты уыд тынг принципиалон æмæ карз къухдариуæггæнæг, фæлæ уыцы иурæстæджы фæлмæнзæрдæ адæймаг, æнувыд хæлар. Куы-иу æй зыдта кæйдæр йе ‘ххуысы сæр хъæуы, уæд-иу алцыдæр сарæзта цы йæ тыхы цыд, уымæй. Ахæм характер ын уыд.

Хæстон архайдтыты фæстæ Цоцийы фырт ссис РХИ-йы сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министр æмæ уый фæстæ та Женевæйы бадзырдон процессы райдианимæ – фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар. 2012 азæй уыд РХИ-йы президенты администрацийы къухдариуæггæнæг. 2015-2017 азты – РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг. Уыдис ын Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвары дипломатон ранг.

Цоциты Барис стыр хайбавæрд бахаста паддзахадон арæзт, республикæйы хæдбардзинады бындуртæ сфидар кæныны хъуыддагмæ, кæцыйы тыххæй лæвæрдта йе ппæт ‘тыхтæ дæр. Фæстаг рæстæджы уый куыста йæ 4-æм чиныгыл – Æмхæццæ контролон къамисы æрмæджытæм гæсгæ, фæлæ йын хъысмæты фæндонмæ гæсгæ нал бантыст йæ фæуын… Фæнд ма кодта демографион фонд «Фидæн» сæндидзын кæнын дæр, фæлæ йын уый дæр нал бантыст саразын…

Фæзæгъынц, зæгъгæ, æнæбаивгæ адæймæгтæ нæй, фæлæ Цоциты Барис нæ историйы уыд æнæбаивгæ адæймаг.  Йæ оппоненттæ дæр ын стыр кад кодтой æмæ йæ нымадтой Ирыстоны ногдæр историйы политикон хъуыдыйы гигантыл. Хуссар Ирыстоны адæм фесæфтой сæ ирддæр минæвæрттæй иуы, æцæг патриоты, кæцыйы хъысмæт æнæаскъуыйгæйæ баст уыд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзты историимæ. Йæ ном фыст æрцыд не ‘взонг паддзахады ногдæр историйы, уымæн æмæ уый лæууыд йæ арæзты гуырæнты.

Ацыд а-дунейæ адæймаг-эпохæ, фæлæ йæ ном цæрдзæн афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы ирон адæмы ‘хсæн. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.