Ныр 12 азмæ æввахс немæ нал ис нæ диссаджы хæларзæрдæ æмæ ирд гоймаг, Ирыстоны зынгзæрдæ патриот,  РХИ-йы сгуыхт журналист Хуриты Гиви Георгийы фырт. Уый йе ‘нусон бæстæм бацыд йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Гивийы æнæрæстæджы амæлæты тыххæй фехъусгæйæ, уæззау цæфау фесты æрмæст йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæ нæ, фæлæ йæ чи зыдта, уыдон иууылдæр. Хурийы фыртæн æрдзæй лæвæрд уыдысты зæрдæхæлардзинад, æгæрон адæймагдзинад æмæ уыцы-иу  рæстæджы цахæмдæр хуымæтæгдзинады миниуджытæ, кæцытæ сæхимæ магнитау æлвæстой адæймаджы. Уæздан, хиуылхæцгæ, æппынæдзух худæндзаст æмæ фæлмæн адæймаг, кæстæртимæ – кæстæр, хистæртимæ – хистæр, раст ахæмæй бахъуыды кодтой Гивийы йæ бирæ хæлæрттæ æмæ зонгæтæ, Ирыстоны адæм. Раст æй йæ уыцы диссаджы æрдзæй ратгæ миниуджытæ хицæн кодтой бирæтæй.

Хуриты Гиви райгуырд 1947 азы 5-æм майы Ленингоры районы Угъелтехы хъæуы. Ахуыр кодта Цъинагары астæуккаг скъолайы, кæцы абон сæрыстырæй хæссы йæ ном. Скъо-лайы фæстæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хæххон-хъæууонхæдзарадон институт. Тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Бакуйы Уæлдæр партион скъола. Куыста алы æмæ алы бы-нæтты – газеттæ «Ленинон», «Советон Ирыстон»-ы редак-циты, Хуссар Ирыстоны партийы обкомы инструкторæй, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæгæй, РХИ-йы паддзахадон телеуынынад «ИР»-ы сæйраг редакторæй, йæ директорæй, радиойы сæргълæууæгæй. Советон Цæдисы рæстæджы æфсады службæ кæнгæйæ хорзæхджын æрцыд «За трудовое отличие»-йы майданæй. Уыд Советон Цæдисы, Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны журналистты цæдисы уæнг. Уыд РХИ-йы Парламенты депутат дæр.

Алкæмæ дæр ын уыд аудгæ æмæ цыты ахаст, алкæйы тыххæй дæр-иу ссардта хъарм ныхæстæ. Афтæ зынд, цыма йæ царды уымæн алцы дæр уыд хорз, ницы проблемæтæ йын ис, фæлæ царды та афтæ никуы вæййы. Алкæмæн дæр йæхирдыгонау вæййы проблемæтæ дæр æмæ зындзинæдтæ дæр. Æцæгæй та, Гиви уыд, алцыдæр йæ зæрдæмæ æввахс чи хаста, ахæм адæймаг. Искæйы маст дæр ын уыд йæхи масты хуызæн. Хурийы фырт никуы никæй æвзæры кой кодта, никуы никæмæй хъаст кодта. Гивийы алчидæр уарзта, алкæцы компанийы, кæцыфæнды коллективы дæр уыд зæрдæйыфæндиаг адæймаг æмæ цыты уазæг. Чындзæхсæвты æмæ æндæр фынгты рæстæджы-иу æй арæх  акодтой кадджын уазæгæй.

Хуриты Гивийы удæгасæй-иу, æрвылаз дæр 5-æм май мæнæн райдыдта традиционæй телефоны фæдзуырнæй, уымæн æмæ-иу уыцы бон уыд мæ зынаргъ хæлары райгуырæн бон. Куы-иу æм фæдзырдтон арфæйы ныхæстимæ, уæд-иу фæдисау, зæгъгæ, дам, дæ куыд никуы ферох вæййы мæ гуырæн бон. Зындис-иу ыл, тынг æхсызгон-иу ын кæй уыд, уый. Загътон-иу ын зæгъын, 5-æм май Советон Цæдисы рæстæджы уыд Мыхуыры бон æмæ йæ уымæ гæсгæ бахъуыды кодтон. Æцæгæй та 5-æм майы райгуырд мæ кæстæр фырт дæр. Фæлæ ныр 12-æм хатт нал фæдзырдтон мæ хæлармæ, уыйхыгъд, уæддæр мæхинымæры йемæ фæныхас кодтон, уыцы бон дæр. Ныр дæр ма мæм афтæ фæкæсы, цыма  дуар æрбайгом уыдзæн æмæ та  худæндзастæй æрбахиздзæн  Гиви. Арæх мæм æрцæуы ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъын, цыдæр рагæй нал зыны мæ хæлар, фæлæ та куы ахъуыды кæнын уæззау æцæгдзинадыл, уæд та мæ зæрдæ суынгæг вæййы.

Нæ йæ хъуыды кæнын кæд æмæ цы уавæрты базонгæ стæм, уый, фæлæ тынг схæлар стæм мæ зонадон архайд  информацион службæйыл  куы баивтон, уæд. Иу рæстæджы иумæ дæр акуыстам партийы обкомы. Мæн ракодтой партийы обкоммæ æмæ Гиви та цалдæр азы куыста уым. Фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ кусынмæ æрвыст æрцыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ сæйраг редакторы хæдивæгæй. Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны фæстæ та мæ снысан кодтой РХИ-йы Журналистты цæдисы сæрдарæй, æмæ Гиви та уыд йæ правленийы активон уæнг.

Ивгъуыд æнусы 90-азтæй райдайгæйæ, мах нæ журналистон архайдмæ гæсгæ, бахъуыд алыгъуызон журналистон форумты хайад райсын, цыран хайад истой нæ коллегæтæ Уæрæсе, Сомихстон, Азербайджан, Гуырдзыстон, Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Хæххон Хъарабахæй алыгъуызон дунеон организациты эгидæйы бын. Нæ фембæлдтытæ уагъд цыдысты Мæскуы, Сочи, Пятигорск, Варшава, Ереван, Цахкадзор, Нальчик æмæ æндæр горæтты. Нæ дискусситæ æмæ быцæутæн алыхатт дæр уыд карз характер. Фæлæ, æгæрыстæмæй, ахæм уавæрты дæр Гиви Георгийы фырт хицæн кодта йæ сабырдзинад, хиуылхæцындзинад æмæ æмбаргæдзинадæй. Гивийы ацы миниуджытæ тынг хъыг кастысты нæ хуссайраг сыхæгтæм. Уыцы фембæлдтытæ-иу райдыдтой традиционæй. Нæ делегаци-иу сарæзта хъусынгæнинаг, зæгъгæ, цалынмæ гуырдзиаг фарс мах «Самачабло» кæнæ «Шида Картли» нæ, фæлæ куыд æмбæлы, афтæ Хуссар Ирыстон хона, уæдмæ мах семæ нæ ныхас кæндзыстæм. Иумиагæй, нæ гуырдзиаг «коллегæтæ» алыхатт дæр сæхи дардтой æнæкорректонæй, арæзтой алыгъуызон провокацитæ, архайдтой ахæм мадзæлттæ уадзыны ныхмæ. Радон хатт та уыцы темæйыл нæ куырдиат иу гуырдзиаг сылгоймагмæ расайдта карз реакци, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны конституцийы нæй иу ныхас дæр Хуссар Ирыстоны тыххæй, уымæ гæсгæ, зæгъ, мах хæсджын не стæм æмæ уæ Хуссар Ирыстон хонæм. Уæд  Гиви сабырæй, æнæ эмоцитæй, бафиппайдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыс-тоны Конституцийы дæр  иу ныхас дæр нæй Гуырдзыстоны тыххæй, фæлæ, зæгъ, уæ мах уæддæр нæ хонæм «гюрджюстайнаг вилайет», туркаг географион картæты куыд у, афтæ. Гивийы ацы дзуаппмæ сылгоймаг фæджихау æмæ дзурын ницыуал сфæрæзта.

Иннæмæй та, нæ дыууæ дæр уыдыстæм цæгатирыстойнаг централон газеттæ «Северная Осетия» æмæ «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уахцæсджытæ. Арæх кæрæдзийæн дзырдтам нæ идеяты, темæты тыххæй, кæцы дзурæг уыд мах кæрæдзийыл тынг кæй æууæндыдыстæм, ууыл. Уый ма журналистикæйæ дарддæр архайдта литературæйы дæр. Фыста радзырдтæ, миниатюрæтæ, кæцытæ йын мыхуыры цыдысты алыгъуызон æмбырдгæндты, газетты, журналты фæрстыл. Йæ амæлæтæй иу азы размæ нæ бавдыстмæ гæсгæ, Гиви номинацигонд æрцыд Æмбалаты Цоцкойы номыл журналистон премимæ. Фарст скъуыддзаг æрцыд РЦИ-Аланийы Журналистты цæдисы фæлгæтты дæр, фæ-лæ фæстаг моменты цыдæр фæивта æмæ преми райста æндæр адæймаг – нæ иумиаг хæлар. Уыцы æнæрастдзинады фæдыл æз йæ организатортæн равдыстон ме ‘нæразыдзинад. Уыдон дæр бамбæрстой, раст кæй нæ сарæзтой, уый, æмæ мын  баныфс æвæрдтой, зæгъгæ, сæ рæдыд иннæ хатт сраст кæндзысты. Фæлæ иннæ хатт нал уыд, адæйма-гæн æмбæлонæй кад кæнын хъæуы йæ удæгасæй. Гиви йæхæдæг хæдæфсарм кæй уыд, уымæ гæсгæ ницы дзырдта ацы æнæрастдзинæдты тыххæй.

Гуырдзиаг-ирон хæстон цаутæ нæ ахызтысты Хуриты Гивийы бинонты фæрсты дæр, кæцы йын тынг бандæвдта йе ‘нæниздзинадыл. 1992 азы 9-æм июны гуырдзиаг агрессийы рæстæджы йæ бинонтæ  фæндагыл бахаудтой тыхджын æхстыты бын æмæ йæ дыууæ хъæбулы фæцæфтæ сты нæмыджы схъистæй. Гиви хабар куы базыдта, уæд сæ фæстæ фæлидзæгау æмæ йын йæхи дæр комкоммæ фехстой снайпертæ, уый дæр фæцæф нæмыджы схъистæй. Йе ‘нустон бæстæм дæр бацыд гуырдзиаг нæмыджы схъисимæ. Æнцондæр ын нæ уыд 2008 азы августы хæсты рæстæджы  Гиви цы корпусы цард, уый дæр æхстой алырдыгæй, гуырдзиаг танкæтæ практикон æгъдауæй уыдысты сæ цуры. Фæлæ уæддæр Гиви иу суткæ дæр никуыдæм ацыд йæ уарзон Цхинвалæй.

Гиви йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал Джиоты Екатеринæ кусы газет «Хурзæрин»-ы редакцийы. Йæ фырт Батрадз та кусы телерадиокомпани «Ир»-ы. Уый у алыварсон, курдиатджын, стыр ныфс бавæрæн кæ-мæй ис, ахæм журналист. Зæгъæн ис, афтæ дæр, æмæ йын дыууæ дæр кæй дарддæр кæнынц Гиви афтæ тынг цы про-фесси уарзта, уый. Батрадз æркодта цардæмбал, фæзынд ын æртæ хъæбулы. Йæ чызг Ларисæ та кусы Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уымæн бантыст йæ фыдæн йæ удæгасæй дыууæ сывæллоны – чызг æмæ лæппу балæвар кæнын, кæцыты коймæ-иу Гивийы цæсгомыл фæзындысты циндзинады æнкъарæнтæ.

Абоны онг дæр Гивийы чи зыдта, уыдон фæзæгъынц, зæгъгæ, уый хуызæн адæймæгтæ никуы амæлынц, ахæмтæ цæрæнбонтæм цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты. Уымæн æмæ уый йæ царды йæ уд хъардта æгæрон хорздзинæдтæ тауыныл, адæмæн æхсызгондзинады æнкъарæнтæ хæссыныл. Уый цыфæнды хъæздыгдзинæдтæ æмæ мулкæй дæр намыс æмæ адæмы уарзондзинад æвæрдта бæрзонддæр, кæйдæртау никуы дæр стыр бынæттæм бæллыд, никуы дæр йæхи адæмæй уæлдæр æвæрдта. Гивийы уарзтой адæм æмæ уый та уымæн уыд йæ иууыл стырдæр хъæздыгдзинд. Йæ царды фæстаг бонмæ дæр аккагæй хаста царды æппæт æввæрццаг миниуджытæ – намыс, æгъдау, æфсарм. Символикон у 5-æм майы кæй райгуырд æмæ йæ 20-æм сентябры – нæ республикæйы боны та йæ адæм йæ фæстаг фæндагыл кæй фæндараст кодтой, уый дæр. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Кады орден»-æй. Фæлæ йын уыцы орден та, æнæмæнгæйдæр, хъуыд йæ удæгасæй радтын.

Ахæм адæймæгтæ куы фæхъæуынц нӕ цардӕй, уӕд ӕрхӕндӕгдзинад нал фæхизы нæ удтӕй, хъыгдзинад ӕрфысым кӕны нӕ зӕрдӕйы, не ‘рвылбонон царды. Газеты, радио ӕмӕ телеуынынады кусгæйæ, Гиви бирӕ хорз æмгæрттӕ ӕмæ зонгӕтӕ ссардта æмӕ йӕ алчидӕр уарзта, уымӕн ӕмӕ уыд хуыцауы радтгæ хӕрзтæй æххæст. Бирæ хӕрзиуджытӕй ӕххæст уыд ме ‘дзард ӕмгар ӕмӕ алкӕйы раз дӕр сысты зӕд адӕймаджы хуызы, ӕнцонӕй рохгæнӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уӕздандзинадæй удгоймаджы уæздан чи кодта æмӕ мысинагӕй кӕронмæ чи баззайы нӕ цӕугæ царды. Гиви ныфсы лæг уыдис æнæхъæн Ирыстонæн, ирон адæмæн æмæ йын уымæн фæрыстис афтæ тынг йе æнæхъæлæджы ацыдыл нæ дзыллæйад. Хуриты Гивийы хуызæн адæймæгтæ цардæй куы ацæуынц, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма фæтардæр вæййы бон, нæ цард дзæвгар фæмæгуырдæр вæййы. Уыдон нын сæ мæлæты фæстæ дæр рухс кæнынц нæ цард, æрцæрынц нæ мысынуаты, сæ рухс фæлгондзтæ, мах та бузныг фæзæгъæм æрдзæн кæй сæ сфæлдыста æмæ нæ сæ уды хъармæй кæй батавтой, уый тыххæй.

Гиви, майы мӕй у ныр, дæ гуырӕн мӕй, уалдзӕг нӕм дидин ӕфтауы æмӕ уыцы бæсты уалдзæгау у ӕмæ дидинты ‘хсæн уӕт дæ уæвынад. Абон, 5-æм майы та Хуриты Гиви бæргæ банысан кодтаид йæ юбилейон райгуырæн бон, бæргæ та йын хъæлдзæгæй фæарфæтæ кодтаиккой йæ бирæ хæлæрттæ, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Æз дæр  раздæр куыд кодтон, афтæ та 5-æм майы райсомæй мæ телефон мæ къухмæ райстон, фæлæ…

Харебаты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.