18-æм майы нæ горæты Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты лицейы актон залы уагъд æрцыд мысæн изæр. Мадзал сорганизаци кодта Лицейы директор Плиты Риммæ. Æнкъард мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ Гасситы Наталийы сæргълæудæй, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæ, нæ горæты скъолаты директортæ æмæ ахуыргæнджытæ, ХИПУ-йы минæвæрттæ, сывæллæтты ныййарджытæ, сæ коллегæтæ, раздæры рауагъдонтæ æмæ æндæр уазджытæ.

Мысæн изæр байгом кодта уагдоны директор Плиты Риммæ. «Арфæ уын кæнын нæ мадзалмæ кæй æрбацыдыстут, уый тыххæй. Абон уын мах уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм нæ уагдоны æдзард ахуыргæнджыты архайды тыххæй, кæцытæ а-дунейæ аивгъуыдтой фæстаг цалдæр азы. Уыдон сæ фæстæ ахæм арф æмæ ирд фæд ныууагътой æмæ сын рохгæнæн нæй, нæ зæрдæты цæрдзысты цал фæнды азы ма рацæуа, уæддæр. Уыдон сты – Кæсойты Лавренти Павелы фырт, Гæбæраты Нелли Дудары чызг, Быценты Геннади Шевиды фырт, Æлборты Шоренæ Гедеваны чызг, Белановская Лили Федоры чызг, Остъаты Светланæ Василийы чызг, Гаглойты Маринæ Батрадзы чызг. Мæ зынаргъ æдзард коллегæтæ, сымах баззадыстут лицейы фæлтæрты мысынады æмæ Сымах тыххæй мысынад цæрдзæн, цалынмæ Лицей уæвынад кæна, уæдмæ», – загъта Плиты Риммæ.

Мадзал арæхстджынæй амыдтой Лицейы 11-æм къласы ахуырдзаутæ Бекъойты Аланæ æмæ Джиоты Батрадз. 90-æм азты Цхинвалы Кæсойты Лаврентийы хъæппæрисæй байгом æрцыд аивæдты лицей, кæцы уæдæй фæстæмæ схъомыл кодта сфæлдыстадон курдитаджын æвзонг адæймæгты. Уыдон баххæст кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон æмæхсæнады рæнхъытæ. Абон РХИ-йы ахуырады тыгъдады объективон портретыл ахъуыды гæнæн дæр нæй æнæ Паддзахадон аивæдты лицейæ.

Рæстæджыты не ‘взарынц, уым цæрынц æмæ сæ мысынад ныууадзынц, ахæм адæймæгтæ, кæцытæ æппæт тыхтæй дæр фæлæггад кæнынц, сæ уд фæхъарынц ахуыргæнæджы арфæгонд профессийæн, уымæн æмæ царды алцыдæр райдайы ахуыргæнæгæй. «Зынаргъ уазджытæ, абон уын мах радзурдзыстæм нæ зынаргъ ахуыргæнджыты тыххæй. Уыдон кæд махæй ацыдысты, уæддæр сæ алкæцыдæр цæры нæ мысынады æмæ уыцы мысынад та лæвæрд цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ. Лавренти Павелы фырт – амондджын адæймаг, уымæн æмæ йæ къухты бафтыд йæ бæллицты скъола саразын æмæ дзы æрæмбырд кодта мах, æнахуыр æмæх-сæнады,  кæцытæ уарзынц се скъола. Уый у амондджын адæймаг, уымæн æмæ схъомыл кодта Ирыстонæн чи кад кæны, ахæм адæймæгты, уыдонæй сæ иу – Къацты Вадим. Уый у амондджын адæймаг, уымæн æмæ йын лицейы йæ хъуыддаг дарддæр кæнынц Кокойты Мария, Къæбысты Алинæ, Цхуырбаты Тимур, Дзугаты Дзерассæ, Хацырты Аннæ, Мæргъиты Зæринæ, Джиоты Джоконда æмæ æндæртæ. Кæсойты Лаврентийы конд нывтæ æвæрд сты куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы Федерацийы музейты дæр», – дзырдтой мадзал амонджытæ.

Экраныл æвдыст цыдысты Кæсойты Лаврентийы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадон архайдæй ист кадртæ æмæ адæймагмæ афтæ каст цыма ныртæккæ рахиздзæн сценæйæ æмæ та хъарм ныхæстæ зæгъдзæн йæ уарзон коллективæн, залмæ æрбамбырд уæвæг адæмæн. Сæ номыл лицейы хор азарыд зарæг «Мысынад», кæцыйы рæстæджы залмæ æрбамбырдуæвджытæ слæууыдысты æмæ афтæмæй кæронмæ байхъуыстой зарæгмæ. Ахуырдзаутæ сæххæст кодтой кафт, Зассеты Максим та азарыд ирон зарæг.

«Æрæмысæм нæ уарзон ахуыргæнæг – хореограф Быценты Геннади Шевиды фырты. Куы йæ зонит, абон нын куыд тынг нæ фаг кæнынц йæ зондамонæн ныхæстæ, йæ уарзондзинад. Геннади Шевиды фырт, мах дын хъуыды кæнæм дæ ныхæстæ: «Сымах ирæттæ кæй стут, уый алыхатт дæр уæ зæрдыл дарут æмæ кад кæнут Ирыстоны сфæлдыстадон æргъадтæн!». Быцены фырты кадæн ахуырдзаутæ сæххæст кодтой ирон дзыллон кафт «Симд».

«Нæ уарзон ахуыргæнæг Нелли Дудары чызг йæ къухты нывисæн, къамты форматы Лицейы истори аразæг æмæ хъахъхъæнæг, кæцы уыд æвидигæ энергийы хицау. Йæ номимæ баст сты лицейы царды нысаниуæгджын цаутæ: Лицейыл 10 азы сæххæсты цытæн юбилейон концерт, Уæлахизы 60 азы юбилейы цытджын мадзал æмæ афтæ дарддæр. Æууæнкджын хæлар, хорз хо, мад æмæ нана. Лицей  хъуыды  æмæ кад кæны дæ мысынадæн.

«Марина Батрадзы чызг – Скрипкæ, афтæ йæ хуыдтой уарзæгойæ. Уый скъоладзауты ахуыр кодта скрипкæйыл цæгъдын. Йæ хъомылгæнинæгтимæ иумæ скрипкæйыл дуэтæй æххæст кодта партитæ. Бахъуыды дын кодтам, дæ сабыр хъæлæс, дæ интеллигентондзинад, Лицейы сывæллæттæм дæ уарзондзинад. Æмæ мах та нæ фæсайдзынæ, мах зæрдæйæ æнкъарæм æцæг уарзондзинад. Дæ мысынады тыххæй Бестауты Бибо сæххæст кодтаид скрипкæйыл партитæ, фæлæ, хъыгагæн, ам нæй,  Санкт-Петербургы ис»

Шорена Гедеваны чызг, дæ фæндыры зæлтæ зæрдæйы тæгтæ агайдтой, разæнгард нæ кодтой ирон аивад уарзынмæ. Мах дæ хъуыды кæнæм…

Лицей фесæфта йæ хуыздæр ахуыргæнджыты Лили Федоры чызджы æмæ Светланæ Василийы чызджы. Хæларзæрдæ ахуыргæнджытæ. Уыдон  сæ зонындзинæдтæ æмæ уарзондзинад æнæвгъау лæвæрдтой сæ хъомылгæнинæгтæн. Куыд тынг нæ фæнды уæ уроктыл абадын, уæ хъæлæстæ уын фехъусын, ногдзинæдтæ базонын, сымах хуызæн уæвын. Нæ зæрдыл лæуут, бузныг сымахæн, уæ æвæллайгæ куысты тыххæй. Сымах хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады ныууагътат иууыл ирддæр фæд. Сымах баззадыстут лицейы фæлтæрты мысынады æмæ уæ хъуыды кæндзысты, цалынмæ Лицей уæвынад кæна, уæдмæ», – дзырдтой мадзал амонджытæ.

Мысæн изæры раныхас кодта РХИ-йы Национ музейы директор Зассеты Мераб. «Абон ацы мысæн изæры кæй нæмттæ айхъуыстыты, уыдон стыр адæймæгтæ уыдысты æмæ цæрæнбонтæм баззайдзысты абон ацы залмæ чи æрбацыд, уыцы адæмы мысынады, æмткæй Ирыстоны мысынады, сæ хъомылгæнинæгты мысынады. Рухсаг уæд!», – загъта уый. Зассеты Мераб бакаст Кæсойты Лаврентыл йæхи фыст æмдзæвгæ. Мадзалы раныхас кодта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. «Абон кæй мысæм, уыцы ахуыргæнджыты зыдтам лæгæй-лæгмæ. Дзыхы ныхæстæй мæ бон зæгъын нæу, ныртæккæ нæ зæрдæты цы æрхæндæгдзинады æмæ уыцы иурæстæджы сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ сæвзæрдысты, уыдоны тыххæй. Алкæйы дæр сæ уарзтон æмæ сæ ныр дæр уарзын. А-дунейæ æнæрæстæджы кæй ацыдысты, уый нын нæ зæрдæтæ фæриссын кодта», – банысан кодта уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ лицейы æдзард ахуыргæнджыты алкæйы цардвæндагæй    ист кадртæ дæр æвдыст кæй цыдысты экраныл. Уыдонмæ кæсгæйæ, залы уæвджытæй бирæты рустыл æруадысты цæссыгтæ.  Сæ хъомылгæинæгтæ сæ алкæйы тыххæй дæр сæххæст кодтой музыкалон номыртæ.  Сæ кадæн æмæ сæ мысынады тыххæй сæ ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой уырыссаг кафт, «Рог кафт», «Хæххон кафт», хор – «Память», «Симд», рауагъдонты хор – «Фæстаг поэмæ», хор – «Ветер перемен» æмæ æндæртæ. Афтæ ма Аивæдты паддзахадон лицейы фоейы Кæсойты Лавренты мысынады тыххæй арæзт  æрцыд ахуырдзауты нывты равдыст. Бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы мадзалы организаторæн се ‘дзард коллегæты кæй нæ рох кæнынц æмæ сын ахæм кад кæй  кæнынц, уый тыххæй.

Мадзалы кæрон Лицейы ахуыргæнæг Цгъойты Аринæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзалмæ æрбацæуджытæн.

Мысæн изæрæй адæм фæстæмæ здæхтысты æнкъард зæрдæйы равгимæ, уымæн æмæ æдзард ахуыргæнджытæ алкæмæндæр уыдысты зынаргъ адæймæгтæ. Фæлæ цард дарддæр кæны æмæ сын сæ хорз хъуыддæгтæ дарддæр кæндзысты афтæ бирæ сæ чи уарзта æмæ сæхæдæг дæр кæй уарзтой, уыцы хъомылгæнинæгтæ.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.