Йæ нацийы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, йæ сæйраг рис йæ адæмы зындзинад кæмæн у æмæ патриотикон удыхъæд æрдзæй чи рахаста, ахæм фæрнджын æмæ æгъдауджын сылгоймагыл нымад у сывæллæтты литературæйы  фыссæг, курдиатджын прозаик, æхсæнадон кусæг, полиграфион рауагъдады дæсны, бирæ хорзæхты æмæ куысты ветераны кадджын номы хицау Тедеты Валентинæ Абрамы чызг.

Валентинæ  райгуырд 1941 азы  октябры мæйы 19-æм боны Дзауы районы Хуымысæрты хъæуы. Йæ фыд Абрам хæсты агъоммæ каст фæци Ленинграды педагогон институт æмæ куыста Дзауы районы ахуырады хайады. 1941 азы йæ куысты фæдыл уыд Теделеты хъæуы. Уырдæм райста æрсидты гæххæтт дæр. Абрам комкоммæ уырдыгæй араст фронтмæ, æгæрыстæмæй, хæрзбон дæр нал загъта йæ бинонтæн, афтæмæй. Йæ мад Пъело, уый фехъусгæйæ, ратагъд кодта йæ фæдыл æмæ йæ æрæййæфта, поезд анкъуысынæввонг   куы уыд, афтæ. Абрам æмæ Пъело кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ йын Абрам йæ хъусы сусæгæй бадзырдта йæ фæстаг фæдзæхст: «Мæ номыл хæфс куы райгуыра, уæддæр-иу дзы адæймаг саразут»,   зæгъгæ. Уыцы бонæй æртæ мæйы фæстæ райгуырд Валя дæр, Абрам та æхсæз мæйы фæстæ Мæскуыйы бахизæнтæ хъахъхъæнгæйæ, фæмард ис знаджы нæмыгæй.

Валяйæн æрмæст йæ райгуырды азтыл дзургæйæ дæр бæлвырд у, йæ цардвæндаг кæй нæ уыд æнцон æмæ бæллиццаг.  Хæсты дуджы æндæр сабитау, уый дæр æййæфта æххормаг æмæ зындзинæдтæ. Фыдыбæстæйон хæсты ма  фæмард сты Валяйæн йæ фыды æфсымæр Андрей æмæ  йæ фыды хо Нанойы цардæмбал, йæ фыды кæстæр æфсымæр Григол та фæстæмæ æрыздæхт уæззау цæфтæй. Цардхъуаг æфсымæртæн сæ зæнæг баззадысты сæ фыд Ростом æмæ сæ мад Пъелойы æвджид. Ростомы хæдзарвæндаг цæрдхъом бинонтыл нымад уыдысты, фæлæ æхсæз сидзæр сывæллонмæ кæсын хъуыд, уæлдайдæр та фæсхæсты уæззау уавæрты, æмæ бинонтæ æййæфтой зындзинæдтæ.  Валяйы мад Тъотъоты Наташæ уавæр æмбаргæйæ, куыста дыгай сменæты æмæ Валя фылдæр уыд йæ нана æмæ йæ дадайы æвджид. Валя йæ райгуырдæй фæстæмæ мæллæг саби уыд, рæвдз нæ уыд хæрынмæ дæр æмæ йæ Ростом æппынæдзух хаста йемæ, никæуыл æй æууæндыд. Афтæмæй райрæзт Валя, бацыд Дзауы астæуккаг скъоламæ. Ахуырмæ æвзыгъд чызг, кæсын æмæ фыссын скъолайы агъоммæ базыдта, сбадт-иу хицæн къуымы æмæ-иу цыдæртæ фыста. 1959 азы Валя каст фæци астæуккаг скъола æмæ йæ мады фæндонмæ гæсгæ бацыд Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндонмæ. Фæлæ Валяйæн йæ чысылæй фæстæмæ йæ хъуыдытæ æндæр профессиимæ уыдысты баст æмæ медицинон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы Полиграфион институты редакцион-рауагъдадон факультеты фæсаууонмæ хайады.

1969 азы институт æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ бацыд кусынмæ горæт Цхинвалы рауагъдад «Ирыстон»-мæ. Уым фæкуыста 32 азы дæргъы æндæр æмæ æндæр бынæтты. Уыд техникон редактор, стæй та куыста кæстæр редакторæй, хистæр экономистæй. Мыхуыры хæдзар куы æрбайгом, уæд куыста чингуыты рауагъдады хайады хистæрæй, стæй та – рауагъдад «Хуссар Алани»-йы директорæй. 32 азы дæргъы йæ цæсгомджын æмæ æнæзæрдæхудт куыстæн æвдисæн сты йæ бирæнымæц Кады грамотæтæ æмæ арфæйы гæххæттытæ. У Компартийы уæнг, 15 хатты æвзæрст æрцыд партион организацийы секретарæй, 1983 азы Валя хорзæхджын æрцыд «Ударник одиннадцатой пятилетки»-йы нысанæй. ССР Цæдисы Сæйраг Советы  президиумы номæй Хуссар Ирыстоны Æххæст-гæнæн комитет 1985 азы Тедеты Валяйы схорзæхджын кодта  медаль «Ветеран труда»-йæ.

1996 азы  Валяйыл сæххæст ис 55 азы æмæ уый фæстæ, йæ азтæм гæсгæ ныууагъта рауагъдадон куыст, ацыд æмбæлон улæфты.

Æвæццæгæн йæ фыды фæдзæхст æххæст кæныны охыл æви йæ æрдзон курдиат хæлбурцъ кæны Валяйы миддунейы, уый бæлвырд нæу, фæлæ ма æхсæнадон куысты æмрæнхъ Валя кæны сфæлдыстадон куыст дæр. Уæрæх у йæ хайбавæрд сывæллæтты литературæйы къæбицмæ. Тынг зын у сабиты миддуне бамбарын. Уыдоны æнæхин зæрдæйы цæмæй уацмыс йæ бынат ссара, уый тыххæй сын зонын æмæ хынцын хъæуы  сæ бæллицтæ, тыр-нындзинæдтæ æмæ сæ кармæ гæсгæ сæ хъуыдытæ æнкъарын. Кæд æмæ фыссæг уыцы миниуджытæ рафæлгъауа, уæд уый, æвæццæгæн, æнæмæнг ссардзæн фæндаг йæ чысыл кæсджыты зæрдæтæм. Ахæм раст æрмдзæф разынд Валяйæн дæр сабиты литературæйыл фысгæйæ. Уарзон сты рæзгæ фæлтæрæн йæ уацмыстæ, куыд «Чеку æмæ Кекуйы хабæрттæ», «Путрихи», «Æгæнон чызг», «Сыгъзæрин дзæнгæрæг» æмæ æндæртæ. Стыр хъомыладон нысаниуæг ис йæ чиныг «Чызгскъæфджытæ»-йæн дæр. Уацмыс «Æгæнон чызг»-ы автор равдыста, æрыгон чызг йæ галиу митæй тынг кæй маст кодта йæ ный-йарджытæн. Фæлæ стæй æррынчын ис йæ мад, æруатон æмæ уый тынг бандæвта чызджы зæрдæйыл, æппынæдзух ис йæ цуры æмæ йæм тынг дары йæ хъус. Афтæ йæм кæсы, цыма йæ мады фæрынчын уый уагахасты аххос у, æмæ уый тыххæй тынг маст кæны йæхимидæг. Афтæмæй уацмысæн йæ сæйраг нысан баст у хъомыладон фарстимæ. Ахæм ахуырхъомыладон нысаниуæг ис Валяйæн йæ иннæ уацмыстæн дæр. Уыдонæй æнæдызæрдыгæй спайдагæнæн ис рæзгæ фæлтæры раст фæндæгтыл бафтауын хъомыладон фарстытыл кусгæйæ. Ахæм æрмæджытæ та ирон сывæллæтты литературæйы афтæ бирæ не сты.

1989-1990 азты Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн æхсæннацион ахастытæ карзæйкарздæр кæй кодтой, уый  æндæвдадæй нæ республикæйы  бирæ уагдæттæ цадæггай сæ куыст æрурæдтой, фæцудыдта экономикæ дæр. Æрнымæг информацион коммуникациты  куыст æмæ  рауагъдад «Ирыстон» æрлæууыд йæ куыстæй. Афтæмæй та уыцы рæстæджы æнæмæнгхъæуæг уыд информацион фæрæзты æххуыс республикæйы уæззау уавæр дунейы размæ рахæссынæн, афтæ ма историон цауты фыссын  дæр уыд æнæмæнг хъуыддаг.  Нæ республикæйы уæды къухдариуæгад бахатыд Тедеты Валямæ, цæмæй уый слæууыдаид полиграфион рауагъдады сæргъ.  Адæймаг цыфæнды курдиатджын уа, уæддæр йæ дæсныйад куынæ уарза, уæд уый ницы ахъаз фæуыдзæн нæдæр йæхицæн æмæ нæдæр йæ адæмæн, фæлæ Валямæ разынд ахæм фидар удыхъæд. Райгуырæн бæстæмæ, йæ дæсныйадмæ дæр уый бæрц бæрнон ахаст дардта, æмæ уый кæд уыд æмбæлон улæфты йæ азтæм гæсгæ, уæддæр нæ бахæлæг кодта йæ тых æмæ йæ зонындзинæдтæ, цæмæй ма банымæг уыдаид республикæйы иунæг рауагъдад. Дыууæ азæй фылдæр фæкуыста иунæгæй, æнæ куыстмыздæй æмæ йын бантыст рауагъдад сæндидзын кæнын. Уæд РХИ-йы Хицауады барамындæй 2007 азы  Валя нысан æрцыд   Мыхуыры хæдзары рауагъдады  хайады гæсæй. Афтæмæй Тедионæн райдыдта йæ полиграфион куысты дыккаг этап рауагъдад «Хуссар Алани»-йы. Уыцы бонты газет «Южная Осетия» фыста: «Практичкески завершена реформа книжного издательства. Почетной грамотой информации и печати удостоилась Валентина Тедеева». Уый фæстæ рауагъдадон куыст сфидар кæныны æмæ Хуссар Ирыстоны геноциды фæдыл историон цауты æрмæджытæ бахъахъхъæныны тыххæй Тедеты Валя хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Президенты Кады грамотæйæ.

Валентинæйæн йæ къухты бафтыд Хуссар Ирыстоны геноцидты бæлвырдгæнæнтæ æмæ историон цауты æрмæджытæ æрæмбырд кæнын æмæ сæ мыхуыры рауагъта чиныг «В Южной Осетии и снег горел»-ы цыппар томæй. Ныртæккæ уал чиныгкæсæджы къухты ис чиныджы дыууæ томы æмæ æртыккаг том дæр ацы бонты рацæудзæн мыхуыры. Цыппæрæм том дæр цæттæ у мыхуырмæ, рацæудзæн фæстæдæр. Цыппар томы дæр мыхуырмæ бацæттæ кодта Валя йæхæдæг, дыууæ томы та рауагъта рауагъдад «Хуссар Алани»-йы йæхи финансон хæрдзтæй. Йæхи хардзæй ма рацыд мыхуыры Уалыты Зарæйы чиныг «В фиолет обернутые сны» æмæ «Возрождение». Валя ма æнæ  рауагъдадон хæрдзтæ райсгæйæ рауадзы мыхуыры ирон хъайтартыл фыст чингуытæ дæр.

Рауагъдад «Хуссар Алани»-йы ма мыхуыры рацыд 150 чиныгæй фылдæр: ахуыргæнæн чингуытæ, аивадон  литературæ, публицистикæ æмæ æндæртæ. Уыцы нымæцы Джусойты Нафийы чиныг «Æгас цу, хур!», Уанеты Вл., «Люди, помните нас», Плиты Г., «Ирон сывæллæтты литературæ», Хъазиты М., «Ирон литературæйы истори», Харебаты Л., «Ирыстоны уарз æмæ дæ уарза» æмæ бирæ æндæртæ.

Адæймаг цасфæнды ма фæцæра æмæ фæкуса, уæддæр йæ сæйраг хæзна йæ азтæ нæ вæййынц, фæлæ йын уыцы азты цы бантысы йæ адæмы хæрзæбонæн, уыцы хæрзиуджытæ. Знон Тедеты Валя банысан кодта йæ 75 азы юбилей, æмæ нæ ирон адæм буц сты, ахæм кады сылгоймаг кæй ис се ‘хсæн, уымæй. Валя у, полиграфион рауагъдад сæндидзын кæныны хъуыддаджы æппæты фылдæр хайбавæрд чи бахаста, уыдонæй сæ иу. Фидар удыхъæн, бæрзонд квалификациджын специалист æмæ йæ райгуырæн бæстæйыл æнувыд патриот, Валя йæ сæйраг хорзæхыл нымайы Ирыстоны сабырад æмæ рæзгæ фæлтæры æнтыст.

Йæ юбилейон бæрæгбоны цытæн ын газет «Хурзæрин»-ы коллективы номæй арфæ кæнын. Мæ зæрдæ дын зæгъы бирæ азты фидар æнæниздзинад æмæ æнæкæрон æнтыстытæ дæ рухстауæн куысты. Уадз, дарддæр дæр фылдæр кæнæд дæ хайбавæрд Ирыстоны историмæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.