Кæронмæ бахæццæ номдзыд ирон композитор Галаты Барисы 130 азы цытæн уагъдæрцæуæг æхсæндунеон форум, цыран адæмы, аивадæн табугæнджыты рæгъмæ ирон национ культурæйы æмрæнхъ рахастæуыд хæххон адæмты иумиаг традицион культурæйы проблемæты. Форумы куыст ахаста цалдæр боны дæргъы. Махæн нæ фæцис йæ куысты ахсджигдзинад информацийы хуызы адæммæ фæхæццæ кæныны фадат, йæ географион тыгъдад ын хынцгæйæ. Уымæ гæсгæ нæ газеты уацхæссæг бахатыд Галаты Барисы номыл культурæйы фонд «Центр Æмахъаз»-ы бындурæвæрæг Гæбæраты Андреймæ, цæмæй нæ лæмбынæгдæр базонгæ кæна форумы ахадындзинад æмæ фæстиуджытимæ.

Фарст: Кæронмæ бахæццæ Галаты Барисы райгуырдыл 130 азы сæххæсты цытæн æхсæндунеон зонадон-практикон форумы куыст – «Хæххон адæмты традицион аивадон культурæйы проблемæтæ». Куыд зонæм, афтæмæй ахæм ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын мадзал уагъд фæцæуы стыр культурон    центрты. Ацы форум уагъд цæмæн æрцыд Ирыстоны?

Дзуапп: О, æцæгæйдæр. Уый бæрц ахуыргæндтæ хайад кæм райстой æмæ уыйбæрц бирæпланон мадзæлттæ кæм æрцыд уагъд дунеон фольклорон зонад æмæ Ирыстоны композиторон скъолайы фæдыл, ахæм комплексон æмæ гуырахстджын проект никуыма уыд, нæдæр Хуссары, нæдæр Цæгат Ирыстоны. Уый та уымæн афтæ рауад æмæ Галаты Барисы номыл Культурæйы фонды архайдмæ Уæрæсейаг аивæдты историйы институт стыр хъусдард кæй аздæхта нæ номдзыд æмбæстаджы архайд   ахуыр æмæ пропагандæ кæнынмæ.

Фарст: Фонды куыст æмæ архайдимæ нæ газеткæсджытæ йæ сырæзтæй фæстæмæ сты зонгæ. Фæлæ цыма а-фæстаг рæстæджы йæ архайд ноджы фæактивондæр, афтæ нæм кæсы. Цæуыл дзурæг у уый?

Дзуапп: Фæстаг фондз азы дæргъы цы фембæлдтытæ ауагътам, нæ культурон бынтæм фæстæмæ æрыздæхыны фæдыл цы бастдзинæдтæ райтынг кодтам, уыдонмæ гæсгæ бæлвырд æрцыд, ССР Цæдисы этномузыкологийы зонады бындуртæ æвæрд кæй цыдысты ам, Цхинвалы Галаты Барисы æвæллайгæ æмæ арфæйаг архайды фæрцы. Йæ зындгонд, йæ цæ-рæнбонты фæллой – чиныг «Ирон адæмон зарджытæ» у ахæм куыстыты фæдыл ССР Цæдисы адæмты ‘хсæн рухс чи федта, уыдоны фыццæгтæй, æмæ Цхинвал (уæды Сталинир) у уыцы бынат, цыран куыст цыд суанг дыууынæм азтæй фæстæмæ, фыст æмæ хъахъхъæдгонд цыдысты ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмæ зарды аивады хъæздыг бынтæ, кæцыты фæрцы абон махæн ис ирон адæмон зарджытæ æмæ кадджытæм хъусыны фадат. Уæрæсейаг аивæдты историйы институты нæ фембæлды рæстæджы мах базыдтам, ацы чиныг сын кæй у ахуыргæнæн чиныг, этномузыкологи чи ахуыр кæны, уыдонæн.

Уыцы фембæлды фæстиуæгæн ацы институты кусджытæ Галаты Барисы архивимæ базонгæ уæвыны тыххæй ивгъуыд аз балцы æрцыдысты Цхинвалмæ æмæ Дзæуджыхъæумæ, кæцы балцы æрцыд расайдта Петербургаг конференци «Кавказы адæмты музыкалон традицитæ».

Конференци райста уæрæх æхсæндунеон резонанс æмæ бафидар кодта Кавказы адæмты, номхуындæй Ирыстоны музыкалон культурæ ахуыр кæныны хъуыддаджы нырма кæй ис, иртæст чи нæма æрцыд, ахæм фарстатæ. Æппæтæй тынгдæр банысангонд институты кусджыты цымыдис кодта ахæм регион, цы ран хъахъхъæдгонд æрцыдысты рагон мелодитæ, сæ мелодион интонациты бахъахъхъæнын æмæ транформациты уавæры фарст.

Ахæм хъæздыг архивон æрмæгимæ базонгæ уæвын, стæй рагон зарæггæнджыты зарджытæм байхъусын æмæ сæ нырыккон варианттимæ æрæмных кæныны фадат уыдонæн никуы ма уыди. Уымæн æмæ Галаты Барисы фæрцы, кæцы дыууынæм азты Санкт-Петербурджы райста бæрзонд æмвæзадыл музыкалон ахуырад æмæ 1928 азы уыцы институтæй æрвыст æрцыд ирон зарджытæ ныффыссынмæ, æфснайд æрцыдысты абоны фæлтæрæн йæ фыст зарджытæ. Æмæ æндæр адæмтимæ абаргæйæ, махæн нæ бон у нæхи æвзагыл нарты кадджытæм хъусын дæр.

Фарст: Уæддæр нæ абоны ныхас банысангонд форумыл у. Куыд равзæрд йæ ауадзыны  хъуыды æмæ чи баххуыс кодта уыцы хъуыды царды ауадзынæн?

 Дзуапп: Уæлдæрзагъдгонд хабæртты фæстæ нæм фæзынд ахæм фæндон, цæмæй форум уагъд æрцæуа Ирыстоны. Мах уый тыххæй бахатыдыстæм Бибылты Анатоли æмæ Битарты Вячеславмæ, уыдон рахæцыдысты нæ фæндоны æвварс æмæ форум уагъд æрцыд Ирыстоны. Уый тыххæй сын зæгъæм æгæрон бузныг. Уыдон зæрдæбынæй тыхсынц ирон культурæйыл æмæ сæ фæнды йæ бахъахъхъæнын. Бибылты Анатоли ма форумы хайадисджытæм официалон арфæйы фыстæг дæр барвыста.

Фарст: Цы форумы кой кæнæм, уый уыйбæрц мидисджын æмæ нысаниуæгджын рауад, æмæ, раст зæгъгæйæ, нæ газеты уацхæсджыты бон не ссис, кæронмæ йыл аххæсын, уæлæнгай информаци цы радтам, уый  йедтæмæ. Уымæ гæсгæ нæ фæнды, бæстондæр нæ куы базонгæ кæнис форумы куыстимæ…

Дзуапп: Форум цыдис Дзуæуджыхъæу æмæ Цхинвалы июлы мæйы 21 æм бонæй 26 бонмæ. Йæ ауадзыны фæзуæттæ уыдысты: Цæгат Ирыстон-Аланийы Национ Зонадон библиотекæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы Зонад-иртасæн институт, Мариинаг Театры филиал Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы, Анахарсисы номыл Хуссар Ирыстоны республикон библиотекæ, Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндон, Цхинвалы районы Монастъеры Галуанон комплекс, Цæгат Ирыстоны Уыналы хъæуы Цæллагты мæсыг æмæ сæрдыгон фольклорон скъола…

Фарст: Ахæм уæрæх авналæнтимæ форумы куыднæ уыдаид бирæ раныхасгæн-джытæ…

Дзуапп: О, бирæ раныхасгæнджытæ дзы уыди, æрмæст официалон докладтæ скодтой фæндзай адæймаджы бæрц, уыдонæй æртын адæймаджы бæрц зонæдты доктортæ, профессортæ. Раныхасгæнджыты уæлдай ма форумы куысты хайад райстой, æппынкъаддæр фондзсæдæ адæймаджы  концертты, лекциты хайадисджыты дæр сæм бафтаугæйæ. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй форум уагъд æрцыд академик И.В. Мацкиевскийы сæргълæудæй Уæрæсейаг аивæдты историйы институты хъæппæрис æмæ организацийы фæрцы. Форумы куысты хайад райстой ахуыргæндтæ Хуссар Ирыстон, Цæгат Ирыстон, Мæскуы, Ярославль, Санкт-Петербург, Екатеринбург, Адыгей, Канадæ, Австри, Итали æмæ Казахстанæй. Уæлдай банысанкæнинаг сты ахæм ахуыргæндты докладтæ: Ярославлы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндонæй профессор Дадианова, Цæгат Ирыстоны Зонад-иртасæн Институты, УФ ЗА  Дзæуджыхъæуы зонадон Центрæй филологон зонæдты доктор Сокаты Д., профессор Дзадтиаты Р., филологон зонæдты кандидаттæ Сæлбиты Т., Тахъазты Ф., Гæбæраты А., Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институтæй профессор Бзарты Р, ХИЗИИ йы директор Гаглойты Р, профессор Гаглойты Ю, Философон зонæдты кандидат Дзугаты Къ, филологон зонæдты кандидат Гаглойты Л, Екатеринбургы фонд «Центр Æмахъаз»-ы номæй Гæбæраты А. æмæ бирæ æндæртæ.

Банысангонд проблематикæйы фæдыл хицæн æмæ хицæн фæдыздæхтыты тыххæй рауад компетентон ныхас, хицæн ныхасы аккаг систы æрдзон-географион нысаниуæгимæ бастуæвæг адæмон зарджыты хъæлæсон хиæдтæ. Уыцы нымæцы фыййæутты дзырдуат æмæ духовон оркестры зæлтæ информацийы хуызы адæттын. Форумы раразмæгонд æрцыдысты хицæн культурæтæ, аивадиртасынады хицæн къабæзты уагъд æрцыд мастер-класстæ. Фæлæ сæйраджыдæр хайадисджыты цымыдисдзинад здæхт уыд Галайы фырты биографи æмæ сфæлдыстады фæдыл ног факттæ базонынмæ.

Фарст: Ахæм форумты официалон докладтæ æмæ мадзæлтты уæлдай фадат вæййы ног рауагъд авторон кæнæ æмбырдгæндтимæ базонгæ уæвынæн. Ацы форум дæр фæстейæ кæм баззадаид уыцы хъуыддаджы?..

Дзуапп: Кæй зæгъын æй хъæуы. Форумы фæлгæтты адæмы тæрхонмæ хаст æрцыдысты ног чингуытæ Галайы фырты сфæлдыстад иртасджытæн ахсджиаг чи уыд, ахæм библиографион бæрæгуат «Ирон музыкæйы бындурæвæрæг» (автор Баситы Фаризæ). Галаты Барисы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ æмæ романсты æмбырдгонд. Галаты Барисы райгуырдыл 130 азмæ йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бацæттæгонд буклет-къæлиндар æмæ æндæр æхæмтæ.

 Æппæт уыдæтты уæлдай организацигонд æрцыд равдыст фольклористикæйы фæдыл, цыран адæмы рæгъмæ хаст æрцыдысты стендтæ дыууынæм азты истхуызисттæн, чингуытæ æмæ æндæр æрмæджытæн. Уыдоны æмрæнхъ форуммæ æрбацæуджытæ стыр цымыдисимæ базонгæ сты, Галаты Барис кæй æрæмбырд кодта, уыцы фольклорон аудиофыстытимæ. Уыдон æртæ азы дæргъы реставраци кодта Галаты Барисы номыл Екатеринбургы фонд «Центр Æмахъаз».

Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы сæрдар Махъоты Ацæмæз æмæ Дзæуджыхъæуы культурæйы управленийы æх-хуысæй æндидзыд æрцыдысты партитурæтæ  Галайы фырты зындгонд оперæтæн… Форумы хайадисджытæ æмхъæлæсæй райстой резолюци.

Иу дзырдæй, ацы форум нæ йæ гуыррахст æмæ æхсджиаг-дзинæдтæй бирæ зæгъинæгтæ домы, фæлæ се ппæтыл ах-хæссын нæ бон нæ бауыдзæн. Фæлæ ма уæддæр æнæзæгъгæ нæй иу ахсджиаг хъуыддагæн. Мах сарæзтам, нæ иумиаг традицион культурæйы проблемæтыл дунейы зындгонд адæймæгты хайадистæй æрдзурæн кæм ис, ахæм фæзуат.

Æмæ сæйраг уый у.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.