Сноггонд Национ музей йæхимæ здахы фылдæрæй фылдæр уазджыты.

Æрвылбон дæр уырдæм æрбацæуынц куыд Цхинвалы цæрджытæ, афтæ æрцæуæггæгтæ, стæй республикæйы районты цæрджытæ дæр. Алкæцы экспозици дæр у зонындзинады хос æмæ цымыдисон. Уæддæр æппæты стырдæр цымыдис æвзæрын кæны Хæстон Кады хайад. Уымæн йæ экспозици ноггонд æрцыд Уæлахизы бонмæ: ногæй арæзт æрцыдысты ветеранты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты къамты стендтæ, æмбæлон уагмæ конд æрцыдысты экспонаттæ, хæстон дзаумæттæ, ветеранты хисæрмагонд гæрзтæ. Дзырдæн зæгъæм, Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы 4-æм гвардион æфсæддон базæйы æфсæддонты куырдиатмæ гæсгæ, музейы кусджытæ уыдонæн баххуыс кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 71 азы сæххæсты бонмæ равдыст саразыны, æмæ сын сæ бæрны бакодтой Хæстон Кады хайады иукъорд æрмæджы æмæ сæ тынг райгондæй баззадысты.

9 майы бонмæ экспонаттæ здæхт æрцыдысты музеймæ æмæ ссардтой сæ раздæры бынат.

Музейы директор Зассеты Мераб куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ равдыстмæ цæттæ кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, стæй ирон адæмы геноциды тыххæй ног æрмæджытæ.

«Хæстон Кады хайад у нæ музейы ахсджиагдæр хай, — радзырдта уый. Стыр Фыдыбæстæйон хæст раджы æрнымæг ис, фæлæ йæ истори фыст цæуы абоны онг дæр. Музей æххæст цæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æрмæджытæй. Уыцы нымæцы ветеранты хæсты хайадисджыты хисæрмагонд дзаумæттæ, фыстæджытæ, республикæйы цæрджыты архивты æрмæджытæй. Бирæ цымыдисон æрмæджытæ нæм æрæмбырд æмæ се ’ппæт дæр сты хъусдарды аккаг. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ саразæм уæлæмхас стендтæ сæ равдисынæн».

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хæсты цауты фæдыл æцæг æвдисæйнæгтæ æвзæрын кæнынц æцæг цымыдис æппæт цæуджытæм дæр, æмæ сын ис стыр нысаниуæг фæсивæды хæрзнамысон хъомылады.

«Мах хæсджын стæм, цæмæй фидæны фæлтæртæм фæхæццæ кæнæм, æппæт дунейæн дæр трагикон чи уыд, уыцы цауты, стæй Советон Сырх Æфсады хъысмæтхæсæг нысаниуæджы тыххæй уыцы тугкалæн хæсты, иннæ адæмтимæ уæхски-уæхск хъæбатырæй чи тох кодта, Уæлахизы хъуыддагмæ нæ уыцы æмзæххонты стыр хайбавæрды тыххæй», — банысан кодта Зассеты Мераб.

Йæ дарддæры плæнтты фæдыл дзургæйæ, уый загъта, зæгъгæ, фонды инвентаризаци фæуыны æмрæнхъ куыст цæуы ирон адæмы геноциды тыххæй экспозици аразыныл.

«Тынг ахсджиаг у бахынцын æмæ нæ фæстагæттæм адæттын, нæ адæмы трагикон историйы фæрстыл цы фыст ис, уыдон, цæмæй ногæй фæлхатт макуыуал æрцæуой. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори бахъахъхъæнын куыд ахсджиаг у махæн, афтæ уый дæр…

Ацы ахсджиаг экспозицийыл куыст адарддæр кодтам республикæйы Прокуратурæ æмæ Мидхъуыддæгты министрады æххуысы фæрцы. Уыдон нæм се ’ргом раздæхтой æмæ нын нæ бар бакодтой, ирон адæмы ныхмæ 1991 азæй 2008 азмæйы æмгъуыды геноциды тыххæй сæм цы æвдисæйнæгтæ уыди, уыдон. Ног экспозици хъуамæ цæттæ уа фыдохы бон — 8 августы бонмæ. Уыцы бон Гуырдзыстон райтынг кодта ирон адæмы ныхмæ уæрæхмасштабон хæстон архайдтытæ…

Ныртæккæ музейы æнхъæлмæ кæсынц ацы темæмæ хауæг бирæнымæц фото æмæ видеоæрмæджытæм. Махъуамæ уыцы экспозицийæн рахицæн кæнæм хицæн хатæн, стæй дзы сæвæрæм нырыккон æвдисæн техникæ.

Коллективы номæй мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын Прокуратурæ æмæ Мидхъуыддæгты министрадæн се ’ххуысы тыххæй. Ныфс нæ ис, не ’мархайд кæй адарддæр кæндзыстæм», — загъта Зассеты Мераб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.