Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Бибылты Анатоли РХИ-йы Национ музейæн радта, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин ын цы лæвæрттæ бакодта, уыдон – Тускъаты Александры XVIII æнусы ирон хæцæнгарз кремнийæ æмæ инæлар-лейтенант Хæбæлаты Сергейы XIX æнусы  æхсаргард.

Хæцæнгарз, кæцы уыд Тускъаты  Александры, фæстæдæр æлхæд æрцыд йæ цотæй, уый  2015 азы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин балæвар кодта Тыбылты Леонидæн. Инæлар-лейтенант Хæбæлаты Сергейы æхсаргард та Владимир Путин балæвар кодта Бибылты Анатолийæн æрæджы Мæскуымæ йæ официалон балцы рæстæджы.

Национ музейы директор Зассеты Мерабимæ фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли фыццаджы фыццаг раарфæ кодта Зассейы фыртæн Джиуæргуыбайы бонты цытæн, кæцытæ Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц ацы къуыри. Ирон адæм æмæ республикæйæн загъта дидинæфтыд æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Владимир Путины балæваргонд экспонаттæ – уыдон æрмæст Президентæн лæвар не сты, фæлæ – Хуссар Ирыстонæн æмæ сæ уый тыххæй музеймæ радтын  растдæр у, цæмæй сæ феной адæм æмæ базоной ирон æфсæддонты истори æмæ сæ хъæбатырдзинæдтæ».

Йæ рады Зассеты Мераб бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн зынаргъ экспонатты тыххæй æмæ банысан кодта, уыдон аккаг бынат кæй ссардзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ музейы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.