Ивгъуыд æнусты ирон адæмы интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн кæд сæ фылдæр дины кусджытæ уыдысты, уæддæр сæ ахадындзинад зынгæ уыд ирон адæмы æхсæнадон хиæмбарындзинад æмæ культурæ дарддæр рæзын кæныны хъуыддаджы. Сæхи хъæппæрисæй архайдтой  адæмы æхсæн рухсдзинад тауыныл, скъолатæ гом кæныныл, тæлмац кодтой ирон æвзагмæ чингуытæ.  

Уыцы раззагдæр адæмы зынгæдæртæй сæ фыццаг уыди Æгъуызаты Иуане. Иуанейæн йæ мыггаг уыд Гæбæратæй, Залдайы хъæуæй рацæуæг. Йæхи хуыдта Æгъуызатæй, Цæразонты къабазæй рацæуæг паддзахты мыггагæй. Райгуырд 1775 азы. Йæ сабийы бонтæ бæрæг не сты, фæлæ йæхи ныхæстæм гæсгæ æрыгонæй афтыд Калакмæ, æмæ йæ ам паддзах Ерекъле ахуыр кæнынмæ радта гуырдзиаг сауджын Карумидземæ. Дины скъолаты Иуане фæцахуыр кодта 15 азы бæрц, зонгæ кодта философи æмæ æзагзонынадимæ. Паддзах Ерекъле бæргæ бавæрдта зæрдæ Иуанейæн, йæ ахуыры фæстæ дæр ын кæй баххуыс кæндзæн йæ дарддæры цардвæндаджы, фæлæ паддзах æнæнхъæлæджы  амард, æмæ: «баззадтæн мæхи бар, мæхи куыстæй цæргæйæ», – фыста Иуане. Куыста ахуыргæнæгæй Душеты, тæлмацгæнæгæй, Гуырдзыстоны уырысы паддзахæн цы хицæуттæ уыд, уыдонмæ. Уый Хуссар Иры хъæутыл зылди, амыдта адæмæн, цæмæй уырысы æфсады ныхмæ тохы сæрыл ма слæууой, фыдбылызæй сæхи бахизой. Уый барджын хъæлæсæй домдта хицæуттæй, цæмæй ирон адæм хъыгдард æмæ æфхæрд ма цæуой. Арæх-иу бацыд хицæуттæ æмæ мæ-гуыр адæмы быцæуты æхсæн. Йæ фæрцы-иу се ‘хсæн тугкæлдтытæ не ‘рцыд.

Иуане йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта ирон дзыллæмæ хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та, йæ раст хъуыдымæ гæсгæ, уыдис чиныг. Куыд зонæм, афтæмæй фыццаг чингуытæ уыдысты аргъуаны чингуытæ. Ирон адæммæ 18-19 æнусты фæзынд сæхи сауджынтæ, æмæ уыдоны руаджы дины уырнынады чингуытæ хæццæ кодтой тæлмацгондæй ирон адæммæ. 1820-1823-æм азты Иуане гуырдзиаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта цыппар Евангелийы дæр (Ног фæдзæхст). Евангелийыл кусгæйæ, кастис æй ирон хъæуты æмæ йын бæрæг кодта йæ хъæнтæ. Ныры уавæрты чиныг раивын ирон æвзагмæ диссаг никæмæ фæкæсдзæн, фæлæ уæды уавæрты уый сгуыхтдзинад уыд удварны хъуыддаджы.

Æгъуызаты Иуане сæвæрдта бындур ирон литературон фыссынады традицитæн дæр. Гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл сарæзта фыццаг ирон алфавит. Хуынд хуцури. Фыццаг ирон Абеты чиныджы автор дæр у Иуане, сарæзта йæ 1821 азы. Чиныгмæ бахаста цыбыр, диныл фыст радзырдтæ.

Нæ куырыхон рухстауджытæн  сæ зынгæдæртæй уыд Колыты Аксо дӕр. Уый йæ цард, йæ зонд снывонд кодта ирон адæмæн, ирон æвзагæн. Ирыхъæуы аргъуаны кæрты, ныгæд кæм æрцыд, уым йæ цыртыл сыгъзæрин дамгъæтæй фыст уыдис: «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг стæм.» Æрмæст уыцы ныхæстæ дæр сты цымыдисаг. Аксо райгуырди 1822 азы кæрон Дзæуджыхъæуы горæты, Ирыхъæуы. Йæ фыд Бесо у Мамысонæй рацæугæ. Аксойы фыд хохæй Дзæуджыхъæумæ кæд ралыгъд, уый бæлвырд нæу, æрмæстдæр 1819 азы Ирыхъæуы цæрджыты номхыгъды ис ахæм бæрæггæнæн, мæгуыр хохаг лæг Колыты Бесо Ирыхъæуы аргъуангæс кæй уыд. Райдиан ахуырдзинад Аксо райста Дзӕуджыхъӕуы дины скъолайы. Колыты Аксо уыди уыцы скъолайы фыццаг ахуырдзаутæй иу. Скъола каст куы фæци, уæд æй йе стыр зæрдæргъæвддзинады тыххæй арвыстой Тифлисы дины семинармæ. Семинары Аксо ахуыр кодта дины ахуырад, философи, литературæ, физикæ, æмæ адæмы истори, латинаг, бердзенаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæ. Æппæт предметтæй дæр Аксо иста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Семинар каст куы фæци, уæд Аксойы рарвыстой Дзæуджыхъæумæ, йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы дины скъоламæ инспекторæй æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр уыди Ирыстоны дины скъолайы директор. Уæдæй йæ амæлæты бонмæ Колыты Аксо сауджыны куыстимæ уыциу фæдыл кодта ахуыргæнæджы куыст дæр. Иу ахæмы фæндагыл суазал сты йæ рæуджытæ, æмæ1866, йæ тæккæ лæджы кары уæвгæйæ, амард.

Зынгæ ирон фыссæг  Гæдиаты Секъа 1913 азы журнал «Чырыстон дин»-ы дыккаг номыры афтæ фыста: «Аксо хорз зыдта ирон адæмы. Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти, Ирыстоны къуымты зæрватыккау ратæх-батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид… армыдзаг æмæ хæлиугонд  ирон адæмы, цæмæй сæ цардыуаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл тох кодта». Уæлдай æргом здæхта ирон æвзагмæ, йæхи хъардта ууыл, цæмæй ирон фæллойгæнæг хохаг лæджы цот къазнайы хардзæй ахуыр кæной. Йæ цæст дардта, скъола-иу каст чи фæци, уыдонмæ дæр. Йæ куысты фадæттæй, стæй Кавказы уæды дины кусджыты хицæутты æхсæн нымад кæй уыд, уымæй пайда кæнгæйæ æххуыс кодта, скъола-иу чи фæци каст, уыдоны куысты сæвæрыныл, архайдта ууыл, цæмæй дарддæр ахуыр кæной.

Зарæг, дам, маст æмæ цинæй равзæры, фæлæ, æвæццæгæн, фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæн зарджытæ схонæн нæй, фæлæ хъарджытæ. Уымæн æмæ уыдон сты æфхæрд зæрдæйы мыртæй конд, сæ сæйраг мидис у адæмы маст æмæ æнамонддзинад. Темырболатæн йе сфæлдыстад у æнæхъæн трагеди, æмæ йыл зарджытæ нывæндгæйæ æцæгæлон зæххыл ссардта йæ адзал.

Цыбыр уыд йæ зæххон цард. Æдæппæт – фæндзай цыппар азы! Фæлæ уый хыгъд æнæкæрон даргъ у йе сфæлдыстадон фæндаг. Æнус æмæ æрдæджы сæрты ахызт йæ кады ном. Нæ йæ баурæдтой нæдæр Турчы змисджын быдыртæ æмæ Сау денджызы абухгæ уылæнтæ, нæдæр Кавказы бæрзонд хæхтæ. Æрбаздæхт йæ райгуырæн адæммæ æмæ сæ зæрдæты цæрдзæн, цалынмæ ирон зæххыл ирон лæг иронау дзура, уæдмæ.

Æцæгæлон бæстæйы æвирхъауы тухитæ æмæ удхæрттæ бавзаргæйæ, Мамсыраты Темырболат бамбæрста, 600 мины бæрц хæххон адæмæн паддзахы хицауад цы æгъатыр сайд фæкодта, уый. Æмæ гъе уыцы удхæрттæ равдыста йе сфæлдыстады ирон фыццаг поэт Мамсыраты Осмæны фырт Темырболат.

Къоста… Мæгуыр хæххон адæмты сæрхъуызой, сæ бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæй дæр дзыллæты сæраппонд чи æрхаста, уыцы  æнæмæлгæ куырыхон лæг. Æппæт дзыллæтæн дæр Къоста уыди сæ сомыйы, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр. Йе мдугонтæ йæ базыдтой ахæмæй, афтæмæй йæ зонынц абоны дзыллæтæ, ахæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн.

Къоста… Уый фæрыст дзыллæты рисæй, уый нæ бафæллад сæ амондыл тохы.  Ахæм адæймагæн та нæй мæлæт! Къоста баззад æнустæм цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты, зонды, хъуыдыты æмæ бæллицты. Къоста… Ирыстоны лæугæ хох, Ирыстоны цæугæ мæсыг! Æрмæстдæр ын афтæ схонæн ис. Уымæн æмæ уый у ирон адæмы ныфс, нæ литературæйы астæуккаг цæджындз.  Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поэты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзт æгас бæстæйыл, дунейыл…

Ахæм фарны лæгтæй  иу у æмæ уыд Æмбалты Цоцко – педагог, рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, ирон æвзаг иртасæг, фыссæг æмæ тæлмацгæнæг. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ ирон адæмы, хсæн ацы Арвы Уациллайы хуызæн куырыхон лæджы тыххæй бирæ арфæйы ныхæстæ цæуы, адæмæн, уæлдайдæр, та фæсивæдæн фæзминаг чи у, ахæмтæ. Зонгæ æмæ хæлар уыд уæды рæстæджы  ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттимæ. Бирæ æхсызгон, бæлвырд хабæрттæ æмæ цаутæ нын ныууагъта Къоста, Елбыздыхъо æмæ иннæты тыххæй. Фылдӕр сфӕлдыстадон бынтӕ йын баззад, фӕлӕ йын сӕ 1937 азы скуынӕг кодтой!

Цоцко…. Хуымæтæг ирон хæдзары райгуырд. Æрыдоны ныр дæр ма  фенæн ис уыцы хæдзарæн. Ам дины семинар каст фæци 1891 азы. Семинар-иу каст чи фæцис, уымæн бар лæвæрд цыд сауджын, кæнæ ахуыргæнæджы куыст кæнынæн. Æмæ Цоцко равзæрста рухсады куыст. Уыцы хъуыддаджы балæууыд Къостайы фарсмæ, ирон мæгуыр адæмы сывæллæтты йæ фæдыл хуыдта «рухсмæ æнæзивæг». Уыимæ хистæрты зонды  уагъта размæ тырнындзинад, сæ зæрдæты – ныфс æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Ссис ахуыргæнæг. Бирæ ирон хъæуты сабиты æргом аздæхта ахуыры фæндагмæ, уый фæстæ райдыдта кусын Æрыдоны дины семинары.  Иттæг стыр кад ын уыдис, уымæн æмæ йын, æвæццæгæн, Хуыцауæй лæвæрд уыдис адæмы зæрдæмæ рæсугъд фæндæгтæ гæрдын.

Уынджы – иу куы фæцæйцыд Цоцко, уыцы хæрзконд, рæсугъд нæлгоймаг, уæд-иу цыма уынг ныррухс йæ рухсæй.  Уыди хъæуы фидауц.  Дзæгъæлы йæ нæ хуыдтой зæды хуызæн. Тынг бирæ уарзтой æрыдойнæгтæ сæ рухстауæг æмзæххоны. Стыр кад, стыр аргъ ын кодтой, бузныг дзы уыдысты, уымæн æмæ уымæй цыди рухс Æрыдоны цæрджытæм, хаста сæм культурæ.  Арæзта фæсивæды ахуыры, зонды фæндагыл, хорз æгъдæуттыл.

Цоцко бирæ архайдта «Ирон газет» рауадзыныл.  Зæрдиагæй архайдта хорз æгъдæуттæ царды фидар кæныныл, газеты хъомыс фылдæр, йæ къуылымпыдзинæдтæ йын иуварс кæныныл. 1937 азы октябры йæ хæдзарæй ракодтой æмæ йæ æрцахстой. Чиныгæй, къухфыстæй, фыстæгæй… уæзласæн машинæйы сæ бакалдтой, йæхи йын гуыффæмæ схизын кодтой æмæ…

Гæдиаты Цомахъ – ирон адæмæн номгæнджытæй иу, йæ фарнæй йын йæ намыс чи фæфылдæр кодта, æмæ, цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ рæзгæ фæлтæртæн рухсмæ фæндаг чи амондзæн, сæрыстырдзинады, ныфсы æмæ хæрзуагон æнкъарæнтæ сыл  чи таудзæн, уыцы рæстыл тохгæнæг ирон лæг. Цомахъы æппæт хъуыдытæ дæр баст уыдысты адæмы амонд, сæрибарад æмæ æмбарадимæ. «Уый равзæрста тохы фæндаг,- фыста Цомахъы тыххæй зындгонд ирон литератор Тыбылты Алыксандр. – Йæ сæрибарыл тохмæ сидт байхъуыст хохæгтæм. Йæ æмдзæвгæтæ сты æвæджиау. Къостайы фæстæ Цомахъау ирон фысджытæй ничиуал радзырдта йæ зæрдæйы сагъæстæ йæ адæмы тыххæй».

Ууыл нӕ фӕуд кӕны нӕ рухстауджыты нымӕц. Уыдон фыццӕгтӕ кӕй сты, уый тыххӕй кӕнӕм сӕ кой. Фӕлӕ сӕ фӕстӕ цы фӕлтӕртӕ рахъомыл, уыдоны хсӕн къаддӕр рухстауджытӕ нӕ уыд ӕмӕ нӕй. Махӕн нӕ хӕс у уыдоны кӕстӕр фӕлтӕрӕн зонгӕ кӕнын. Ӕрмӕстдӕр ахӕм хуызы ис рӕзӕн национ хиӕмбарынадӕн.

ГӔДЖИТЫ Лианӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.