«Æз – мæ Иры уды къæртт,

   Ир мæ сомыгæнæн мад у!

     Уæд нывонд ын, уæд мæ сæр,

     Амæлын йæ номыл кад у…»

(Роксалан, «Ир»)

Æндонриуæй фæцу размæ, – арфæ кæнынц кæрæдзийæн ирон адæм – цæрæнбонты. Æмæ йыл лæмбынæг куы ахъуыды кæнæм, уæд арфæ у æви æлгъыст, уый бæлвырдæй нæ аскъуыддзаг кæндзыстæм. Хорз у тыхджын, æндонау фидар уæвын, фæлæ иудадзыг æндонриуæй размæ бырсай кæнæ искæйы ныхмæ лæууай, уый дæр, æвæццæгæн, раст нæу. Уымæн æмæ уæд æд хъама æппынæдзух хъуамæ кæнай тох, быцæу, кæнæ та хъахъхъæнай дæхи, дæ уарт дæ къухы, афтæмæй.

Дзырд дзырд сайы, фæлæ махæн, хуссарирыстойнæгтæн нæ цардвæндаг афтæ рауад æмæ цины дæр æмæ хъыджы дæр басгуыхтыстæм æндонриу æмæ ныфсджын дзыллæйæ. Хуыцау нын кæд фыдæлты фарн æмæ дунейы æнæнымæц хæзнатæй нæ бахæлæг кодта,  цæрæнбонты нын зындзинæдты æххуыс кæны, уæддæр нын йæ цæст нæ бауарзта хорз сыхæгтæ æмæ уымæ гæсгæ фыдæвзарæнты бахаудыстæм сæдæгай азты. Æмæ цæй тыххæй?! Æрмæстдæр, ирæттæй кæй райгуырдыстæм, кадджын нарты фæдонтæ кæй стæм, тыхгæнæг нын тых кæй нæ ардта æмæ бирæ адæмтæ нæ фыдæлтæм гæсгæ кæй цайдагъ кодтой æфсæддон хъуыддагыл, царды фæткыл, æнæмæлгæ ныфс æмæ фидар намысыл, уый тыххæй! Æппæт уыдæттæ уынгæйæ-иу чидæртæ ставд цъутхал систы фырхæлæгæй, тъæппытæ-иу хаудтой фырмæстæй! Цæмæй ма тарстаиккой æмæ ризгæйæ ма æрвыстаиккой сæ царды бонтæ, уый тыххæй цал æмæ цал бæстæйы паддзахы равзæрстой бинойнагæн скифаг, сæрмæттаг, алайнаг æмæ, æппынфæстагмæ, ирон чызджыты.Сæ фылдæр-иу, стыр хъыгагæн, спайда кодтой уыцы «хæстæгдзинадæй» æмæ-иу гадзрахатæй рацыдысты æгас ирон дзыллæйыл. Уый та, не ууæнк кæй нæ сафæм, æгæр æууæнкджын кæй стæм, алкæйы нæхи хуызæн кæй æнхъæлæм æмæ нæм худгæйæ чи сдзуры, уымæн уадид нæ зæрдæйы арфы уæрæх бынат кæй ссарæм, æрмæстдæр уый аххос уыд уæд дæр æмæ  у абон дæр.

«Æз дæн ирон!» – ацы æртæ дзырды тыххæй бирæтæ æрхастой сæ æвзонг цард нывондæн Райгуырæн бæстæйы, радтæг адæмы амондджын царды, сабиты хъæл-дзæг, ныфсдæттæг худты сæрвæлтау канд 1989-2008 азты нæ, фæлæ цалдæр æнусты дæргъы. Сæ царды фæстаг уысммæ дæр ирондзинадыл æнувыд чи уыдысты, уыдон сæ мадæлон æвзагыл дзурынæй нæ бафсæстысты, афтæмæй репресситы азарæй басыгъдысты. Уый хыгъд бирæтæ та æвзæрстой æдыхст цард. Кæйдæр къæхты хъæрмæ кафын, чидæр ын йæ фынгæй цы уæлдæйттæ æппæрста, уыдоныл цин кæнын, сæхи адæммæ дæр æнæнымад чи у, уыдонæн табу кæнын, лæгъстиаг сын уæвын.

Ахæмтæ уыцы æдыхст цардыл ауæй кодтой, балхæнæн цæмæн нæй, уыцы фыдæлты æгъдау æмæ фарн, мыггаг, мадæлон æвзаг, æмæ, хъыгагæн, Райгуырæн уæзæг дæр! Æмæ сæ бирæ ницы домдæуыд, мыййаг. Дæ мыггагмæ бафтау «-дзе», «-швили», «-иани» кæнæ «-ури» æмæ дæ цард хорзæрдæм фæивта цæхгæр! Кус, фыдæбон кæн, дæ хъæбулты сахуыр кæн «нымад æвзагыл» аивæй дзурын, цыфæнды мæстджынæй дæр уæрæх мидбылхудтимæ æмбæл дæ «хæрзгæнджытыл» æмæ æгасæй дæр дæ фидæн – бæстонгонд.

Цал æмæ цал курдиаты нæ райхæлд æмæ фесæфт рæстæджы æрфыты, уыцы фыдбойнаджы мыггæгты кæрæттæй иу кæй нæ равзæрстой æмæ йæ сæхи мыггæгтæм кæй нæ бафтыдтой, уый тыххæй?! Æрттивгæ æмæ хъæздыг, æнæмæт æмæ «амондджын» царды ныхмæ уыдон тæрæзтыл æрæвæрдтой ирон мыггаг. Иу  дзырд, фæлæ йæ тых та æнусты дæргъæн у; мыггаг кæмæн нæй, уый ничи æмæ ницы у, йæ ивгъуыд у сæфт, йæ сомбон та у кæйдæр, кæд ын уа, уæддæр…

Дон дæр дзы нæ тæдзы, абон дæр нæм бирæ ис ахæм фæткойыл хæст адæм: «Цард дыууæ боны у, æз уал дзы дзæбæхæй рацæрон, стæй дур дурыл дæр мауал баззайæд!» Уыцы зондыл хæст адæмæй дард нæ лæууынц «мæнæн мæ  хъæбул амондджынæй цæрæд, уый йедтæмæ фæнды тæтæйраг мыггагыл ныффыссæд йæхи æмæ Африкæйы цæрæд! Ирон æвзаг хорз цардæн æппындæр ницы æххуыс у!» чи зæгъы, уыдон дæр. Афтæ чи хъуыды кæны, уый царды æргъадтæн æппындæр ницы зоны æмæ йæ койы аккаг дæр нæу.

Цыдæриддæр æвзæрдзинад æмæ мæнгарддзинадæй уыд гæнæн саразын, уыдæт-тæ бафтыд сæ чъизи къухты не знæгтæн, уæддæр ныл нæ фæтых сты, нæ сын бантыст ирон лæджы басæттын! Раст у, 2008 азы Стыр Уæрæсе куы нæ уыдаид, уæд бынсæфт кодтам, фæлæ дзæвгар рæстæг урæдтой армы дзаг лæппутæ знаджы, нæ йæ ‘рбауагътой сæрибарæй Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрбалæгæрдын, фæлæ æвыдæй дæр нæ баззадысты нæ «тых-джын фæткæвæрджытæ – Ирыстоны зæххæй сыгъдæг быдыр аразджытæ». Уымæй, сæйраджыдæр, ирæттæ равдыстой сæ позици, сæ дарддæры цардвæндаг; уыцы ныхмæ-лæуды ирдæй разынд фыдæлтæй баззайгæ æнусон фæдзæхст: «Кæнæ – сæрибар, кæнæ – мæлæт!»

Уæлдæр ранымад факттæ сты дырыс æмæ бындурон, фæлæ сæ нæ дзыллæйы историйы арф æвæрæнты ма хъуамæ нывæрæм. Æдзух сыл хъæуы дзурын, рæгъмæ сæ хæссын.

1920 азы гуырдзиаг лæгсырдтæ Хуссар Ирыстоныл туджы зæйтæ рауагътой, Чъребайы уынгтæ ирон лæджы тугæй ныхсадтой. Ахæм фыдбылыз, сæдæгай зиæнтты дудгæбон æмæ уæззау маст ферох кæнын, тынг дæ куы бафæнда, уæддæр æгас дзыллæйæн æнцон нæу, сæ ферох кæнын та стыр тугтæригъæд хъуыддаг у, фæлæ сæ махæн ферох кæнын кодтой!

Истори нæ быхсы бадзырдон здæхæн, фæлæ нын бæргæ ахæм удхор æмæ маргæйдзаг сыхæгтæ куы нæ уыдаид; уыцы рæстæджы æхсæнадон царды ахæм зыгъуыммæ закъæттæ куы нæ уыдаид; дыууæ Ирыстоны дыууынæм азты  фæстæ уæддæр куы баиу кодтаиккой. Фæлæ нæ! Æгæр фидар æмæ ныфсхаст адæмы хатт стæм. Дыууæ дихæй цы стæм æмæ ма нæ иумæ куы баиу кодтаиккой, уæд та цы уыдаиккам! Чидæр кæнæ чидæртæ (ном-хуындæй сæ кой нæ кæндзыстæм, не ‘ппæт дæр сæ зонæм) уымæй тынг тарстысты æмæ нын нæ амондджын фидæнæй æрымысыдысты зындон саразын. Зонадон интеллигенцийы уæлæмæ скæсын нæ уагътой, карз цензурæ адæмы рæгъмæ нæ уагъта рæстдзинадыл дзурæг ирон фысджыты æмæ поэтты хуыздæр уацмысты, сæ фæдыл зылдысты. Алчи иугъуызон нæу, бирæтæ басастысты, уымæн æмæ хъуыды кодтой сæ бинонтыл, сæ хъæбултыл. Стыр амондæн æви хъыгагæн, разынд ахæм-тæ,сæ мæлæт, айдæны кæсæгау, чи уыдта, дырысæй йæ чи æмбæрста: куы нæ басæтта, уæд фыдмитæ æмæ зындоны хай кæй фæуыдзæн, фæлæ уæддæр тох кодтой. Сусæг-æргомæй парахат цыд, национ идея цæй фæрцы фидар кæны, дзыллæйы фидæны хæдбындур цæрдхъом къабæзтæ цæй фæрцы ауадзы дардыл, уыцы ирондзинады тых, фыдæлтæй баззайгæ ирон лæджы æнæфæцудгæ æгъдау, кад æмæ фарн. Ахæм гоймæгты фæрцы нæ фæтасыд ирон лæг дуджы уæззау уаргъы бын, нæ йыл æруæз кодтой 1937 тугуарæн азтæ дæр. Цыфæнды æвæрæз æмæ фыддуджы дæр ирон дзыллæ генетикон æгъдауæй – басгуыхт фæндвидар, фæразонæй, кæд туг æмæ дзæнæттæгты стджытыл арæзта йæ дарддæры цард, уæддæр.

Абон арæх ис фехъусæн, ирон æвзаг, ирон æгъдау æмæ фидар удыхъæд кæй сæфынц, фæсивæд сæфты къахыл кæй ныллæууыдысты æмæ раууатмæ кæй цæуы фыдæлтæй баззайгæ уæздандзинад æмæ куырыхондзинад. Уый æппындæр раст хъуыды нæу. Акæсæм-ма фæсарæнтæм: царды æнæмæнгхъæуæг æргъадтæ, фæтк æмæ æгъдау, хæрзиуæг æмæ намыс æппындæр никæйуал хъæуынц. Зæххы къори кæд тымбыл у, уæддæр йæ цæрджытæ цæхгæр æртæ дихы фесты: иутæ фидар хæст сты æнусон æмæ æнæмæлгæ фарныл; иннæтæ «хъазуатонæй» архайынц, историйы закъæттæм гæсгæ мургай цы цалх сарæзтæуыд æмæ уæззаугай чи тулы цæрæнбонты, уый æруромын æмæ йæ иннæрдæм атулын; аннæтæ та пырх æмæ дæрæн кæнынц, мингай азты адæм сæ хидвæллойæ æмæ туджы амæхст къæбæрæй цы цыртдзæвæнтæ фæамадтой, уыцы историон хæзнатæ. Хъыгагæн, азæй-аз уыцы дихты нымæц фылдæр кæны, иуæй-иутæн сæ сæры магъз кæй хæццæ кæны, уый аххосæй. Кæмæндæр стыр пайда у адæймагады ныкъкъуырма æмæ ныккуырм кæнын, цæмæй мауал зоной, чи сты, кæцæй сты, цæй тыххæй цæрынц а-зæххыл. Уæд сын ныхмæлæууæг нæ уыдзæн æмæ æххæст кæндзысты сæ чъизи фæндтæ, адæмы тæригъæды цæугæйæ.

Афтæтæ фæндыд нæ «кадджын разагътайы сыхæгты» дæр. Хуссар Ирыстоны хъæздыг бæстæ хъавыдысты байсынмæ, ирæттæм  кæдфæндыдæр (!) кастысты маргдзæстæй, æнæуынон сын уыд ирон лæг æмæ сæ худгæйæ, лæгъз æвзагæй дæлдзиныг кодтой æфсымæрон Советон Цæдисы дуджы дæр. Цыдæриддæр нæ фæрнæйдзаг бæстæйы хорзæй, зынаргъæй, пайдайæ уыд, уыдон сæхирдæм ссывтой гуырдзы. Фыццаджы-фыццаг архайдтой ирондзинад фесафын, истори сзыгъуыммæ кæнын, цæмæй ирон лæг сæргуыбырæй  баззадаид, куыдфæстагмæ та йæ ном бынтондæр куыд фесæфтаид, афтæ. Уыдæттæ ма æруадзын, знагæн йæ мæнгæфсон дарæс раласын, хурмæ йын ракалын йæ чъизи миддунейы хъæстæ æмæ йæм фидарæй ныхмæ фæлæууын æгæр зынагъ слæууыд хуссарирыстойнæгтæн, фæлæ Хуссар Ирыстон баззад йæ бынаты цæргæйæ.

Мах æппындæр никæмæй ницы хъæуы, ис нын нæ фаг. Нæ хъæздыг историмæ нын алчи хæлæг æмæ лæбургæ кæны алырдыгæй, цæмæй дзы атона кæна хуыздæр хай. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлæууын, бацархайын, цæмæй рæзгæ фæлтæр аргъ кæной Райгуырæн уæзæг æмæ мадæлон æвзагæн, цыт кæной ныййарæгæн æмæ иттæг хорз зонындзинæдтæм тырной. Ахуырдзинадæн  стыр тых ис, ахуыргондæн  стыр кад, фæлæ уыцы стыр ахуыргонд дæр, куыройы мыстау, йæ къуымы ма хъуамæ бада æгомыг æмæ æмбæхстæй, фæлæ спайда кæна йæ гæнæнтæй  радтæг адæмыхæрзиуæгæн. Бæлас ныссадзын, хæдзар самайын æмæ фырт схъомыл кæнын абон диссаг нал у, йæ къухы æфты алкæмæн дæр. Ныууадзын хъæуы арф æмæ ирд фæд фидæны фæлтæртæн. Цæмæй йæ æмбарой, хорз цард æрмæстдæр ивгъуыд рæстæджы фидар цæджындзыл æнцойгæнгæйæ кæй ис саразын; зоной йæ, ивгъуыд цаутæн, фыдæлтæн кад чи нæ кæны, сæ ном сын чи рох кæны, уымæн йæхи цард дæр æнæбындур кæй уыдзæн.

Царды уагæвæрд афтæ нывæзт у, æмæ куыдфæндыйæ дæр фæуæлахиз вæййы хорздзинад. Уыцы принципмæ гæсгæ хъомыл кодтой мах дæр нæ ныййарджытæ:фыдæлты удварны хæрдгæбыд æмæ ирон адæмон сфæлдыстады хуызтæм гæсгæ. Нарты кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтыл бындуриуæггæнгæйæ. Бæрзонд урс хæхтæ æмæ æрттивгæ цъититы сыгъдæгдзинад, фынккалгæ æхсæрдзæнты æмæ сатæг уæлдæфы царддæттæг æхцондзинад, уæрæх хуызджын быдыртæ æмæ тар хъæдты рæсугъддзинад  – æппæт адæттæ ирон адæмыæнкъарынады æмæ мидзæрдæйы сфæлтæрдтой Райгуырæн бæстæмæ стыр уарзты монон æмæ намысон тых; Ирыстоны алæмæтон æрдзы уыцы диссæгтæ стыр ахъаз уыдысты æмæ сты гоймаджы патриотикон æмæ эстетикон хъомылады рæзтæн. Раст уыдæттæй  амад вæййы национ идеяйы фидар гæнах. Æмæ йыл рæстæджы цыд, дугивæнтæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ ма хъуамæ æндавой, фидарæй-фидардæр хъуамæ кæна фæлтæрты фæрцы. Фæлтæртæм та йæ хъуамæ адæттой сыгъдæгæй намысджын æмæ цæрдхъом æхсæнады минæвæрттæ, цæмæй уыцы æндонвидар цæг ма аскъуыйа, ма фесæфа йæ адæмондзинад. Радтæг адæмы хæрзиуæг, æгъдау æмæ кæрæдзийыл аудындзинад, Райгуырæн бæстæйы фарн æмæ размæцыд кæддæриддæр ныхмæвæрд вæййынц æнæсæрфат æмæ æнæхсæст митæм. Фæлæ нæ хæдбар паддзахады нырыккон афоны æппæт æвæрццаг æууæлтæ, царды ног ивддзинæдты ко-мулæфт æмæ хуымæтæг социалон цардуагæн сæ  æнæфæцудгæ бындзæфхад у национ бархиады сæйраг ратæдзæн. Уырдæм та сывæллæтты, ахуырдзауты, фæсивæды хъуамæ акæной хистæр фæлтæры аккадæр минæвæрттæ, кардзыд адæмы куырыхондзинад æмæ амындтытæ  сæ сæйрагдзинад кæмæн сты, ахæмтæ.

Нацийы тых æмбаст у дзыллæйы иудзинадимæ. Уыцы иудзинад та æнцой кæны патриотизмы бæрзонд æнкъарынадыл. Нæ хæдбар Хуссар Ирыстон æндидзы, размæ цæуы йæ экономикæ, хъæздыг кæны йæ аивады хæзнадон; æвзонг паддзахад бирæ бæстæтимæ сфидар кодта хæларадон ахастытæ. Иу уысм дæр дызæрдыггаг нæу, нæ сомбон амондджын æмæ дидинæфтаугæ кæй уыдзæн, фæлæ, куыдфæнды ма уа, уæддæр хъуамæ хъуыды кæнæм нæ истори, нæ зындзинæдтæ æмæ фыдбонтæ. Фидæны фæлтæртæ хъуамæ бæлвырдæй зоной, цард æмæ тугæй æлхæд сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад æнустæм кæй сты, Райгуырæн бæстæйы цæрдхъомдзинад кæй хъæуы бахъахъхъæнын цæрæн-бонтæм.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.