Хуссар Ирыстоны фæзынд къахдзоныгътыл æмæ сноуборды Федераци. Уый арæзт æрцыд æнæнхъæлæджы. Нæ республикæйы фæсивæды ‘хсæн разынд, къахдзоныгътæй чи архайы, ахæм спортуарзджытæ. Кæд сын нырма уавæртæ нæй тренировкæтæ уадзынæн, уæддæр уал цæуынц Цъæйы коммæ.

Тедеты Лери йæ хъомылгæнджыты цæттæ кæны Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы. Ацы бынат у уарзон туристтæн æмæ альпинисттæн. Комы ис, адæмы хохмæ чи ласы, ахæм механизм, уый у австриаг бæндæнвæндаг. Йæ иу бакастæй дæр æвзарын кæны æууæнчы æнкъарæн.

Алы сабат дæр Лери йæ командæимæ æрæмбырд кæны, хæххон къахдзоныгътыл бырын кæй фæнды сахуыр кæнын, уыдон, æмæ сæ аласы Цъæйы коммæ.

Цæмæй нæ республикæйы спорты ацы хуыз дæр  райтынг  уа, уый тыххæй Тедеты Лери  æмæ  фæсивæды  размæцыды  хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæмы бахъуыд дзæвгар бакусын. Уыдон ма агурынц спонсортæ  се ‘ввахс æмбæлтты ‘хсæн.

“Зымæджы Цъæйы комæй хуыздæр улæфæн бынат махмæ нæй, – загъта Зассеты Сергей. Фæлæ махмæ, Хуссар Иры, улæфын нæ зонынц. Уый у рæсугъддзинад, æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ сывæллæттæ феной, куыд хъæуы улæфын, уый. Уый фæдыл мах ныхас кæнæм адæмимæ, чи нын баххуыс кæндзæн æхцайы фæрæзтæй. Ныридæгæн нын чидæртæ баныфсæвæрдтой.

Федераци аразы æппæт дæр, цæмæй ахæм къахдзоныгъты курорт фæзына Хуссар Иры дæр, уымæн æмæ нæ æрдз у хъæздыг ахæм бынæттæй.

Дриаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.