«Нæ хъуыды кæнын æмæ исты мигæнæн, кæнæ дзаума сарæзтон æмæ йыл зæрдæбынæй нæ бакуыстон. Цы аразын, уыдон иууылдæр вæййынц хус æмæ гъæдджын хъæдæрмæгæй», — афтæ райдыдта йæ ныхас нæ горæты хъæдæрмæгæй куыстгæнæн цехы хъæддæсны Тедеты Шота.

Шота райгуырд æмæ схъомыл Знауыры районы Пичъиджыны хъæуы. Йæ фыд Пъармен æмæ йæ мад Джиоты Дусяйæн уыдис æхсæз кæстæры — дыууæ лæппуйы æмæ цыппар чызджы. Æвзонг цардæмбæлттæ уарзтой кусын æмæ алцы дæр амал кодтой, сæ кæстæрты цух ницæмæй уагътой. Сабитæ сæхæдæг дæр куыд куыстхъом кодтой, афтæ стыр æххуыс уыдысты сæ ныййарджытæн.

Фæстагмæ сын сæ фыды хæдзар суынгæг æмæ апырх сты Ирыстоны къуымты. Алчи дæр дзы ныллæуыд хисæрмагонд цард саразыны фæндагыл. Шота дæр куыстагур балæууыд Цхинвалы хæдтæхджыты хæйттæ аразæн заводы. Райстой йæ куыстмæ æмæ йæ цинæн кæрон дæр нал уыд.

Куыд алы æвзонг адæймагæн, афтæ Шотайы тырнынад æмæ бæллицтæ дæр уыдысты дардыл, йæ куыст дæр æххæст кодта хорз. Йе ‘нтыстыты тыххæй заводы разамындæй арæх иста арфæйы дзырдтæ. О, фæлæ уыцы тæхудиаджы рæстæг фæцис, фехæлд, алкæмæн дæр уарзон чи уыд, уыцы Советон Цæдис æмæ сæ куыстæй æрлæууыдысты заводтæ, фабриктæ. Бахъуыдис царды амæлттæ кæнын. Уыцы рæстæджы Шотайыл амбæлд йæ хорз зонгæ Джиоты Мухар æмæ йæм бахатыд, цæмæй æрбацæуа æмæ йемæ куса. Мухарæн уыд хъæдæрмæгæй куыстгæнæн хисæрмагонд цех. Фæллой кодта иунæгæй, куыст та йын уыд бирæ æмæ алцæуыл не ’ххæссыд.

Шотайæн уыцы ныхæстæ æхсызгон куыннæ уыдаиккой æмæ дыккаг бон æд кусæн дарæс балæууыд Мухары фарсмæ.

Уый уыд 2000-æм азы. Шота уæдмæ дæр кæд йæхи æппæрста ахæм куыстытæм, уæддæр æй алыхуызон станоктыл хъуыдис ацахуыр кæнын æмæ сыл уайтагъд фæцайдагъ. Бонæй-бонмæ арæхстджындæр кодта. Ссис йæ куысты дæсны. Абон кæд хъæдæрмæгæй дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ æндæр ахæм дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ закъазгæнджытæ къаддæр сты, уæддæр стъолтæ, бандæттæ, чыргъæдтæ, арынгтæ æмæ æндæр ахæм хъæууон хæдзарадон мигæнæнтæ, дзаумæттæ æмæ кусæнгæрзтæ арæх бахъæуынц.

Шота уал азы кæмæн балæггад кодта, уыдонæй алчидæр райгондæй кæй баззад, уый ма бæрæг у адæмы æппæлæн ныхæстæй дæр. Сæ иу Куыдзеты Ахмæт афтæ зæгъы, зæгъгæ, æз ардæм цæуын цехы сырæзтæй фæстæмæ. Бирæ цыдæртæ саразын кодтон. Иуæй дæр дзы афтæ нæ загътон æмæ йæм исты аипп æрхæсдзынæн. Нырæй фæстæмæ дæр-иу мæм кæд исты аразинаг уа, уæд цæудзынæн ардæм. Алы хатт дæр бæрæг вæййы, цы саразы, уыдон вæййынц стыр бæрндзинадимæ арæзт.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.