Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста, тагъд рæстæджы Эльбрусы хохы цъуппмæ цы тыхтон структурæты кусджытæ хъуамæ схизой, уыдоны. Ацы мадзал арæзт цæуы Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады кусæг Уалыты Владимир, Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусæг Тедеты Иван, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады кусæг Багаты Марат, афтæ паддзахадон æдасдзинады комитеты æртæ кусæджы схиздзысты Эльбрусы хохы цъуппмæ 7-æм майæ 9-æм маймæ, фæлтæрд альпинист – РЦИ-Аланийы альпинизмы федерацийы президент Хæмыцаты Марат семæ, афтæмæй.

Къорды хайадисджытæй æртæйæ раздæр ацыдысты Эльбрусы хохрæбынмæ альпинистон базæйон лагермæ, цæмæй уæлæмхасæн цæттæдзинад райстаиккой схизыны æмæ акклиматизацийы тыххæй. Уым сæм 5-æм майы баиу уыдзысты къорды иннæ хайадисджытæ.

«Лагеры ис 300 альпинисты онг, уагъд дзы æрцæудзысты алыгъуызон мадзæлттæ æмæ дзы мах дæр хайад райсдзыстæм, 7-æм майæ 9-æм маймæ, боныгъæдмæ гæсгæ, мах схиздзыстæм Эльбрусы хохы иууыл бæрзондæр цъуппмæ. Уымæн йæ бæрзæнд у 5642 метры», – загъта Багаты Марат.

Паддзахады сæргълæууæгæн йæ цæст альпинисттæн бауарзта æнтыст æмæ банысан кодта, зын фæндаг сæм кæй æнхъæлмæ кæсы.

«Сымах уæхимæ райстат зын хæс, æмæ мæ ныфс ис, кæй йæ аскъуыддзаг кæндзыстут. Уый тынг хорз хъуыды у  Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл  10 азы сæххæсты бон нысан кæныны сæраппонд Эльбрусы хохы цъуппмæ схизын. Уымæ гæсгæ мæ фæнды сымахмæ радтын дыууæ паддзахадон тырысайы: Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы, цæмæй куы схизат Эльбрусы хохы цъуппмæ, уæд сæ уым æрсадзат», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.