11-æм августы  нысан цæуы Аразæджы бон. 14 азы размæ уыцы бон Хуссар Ирыстоны зæхх хъæрзыдта уæззау тугкалæн хæсты… Хæст æмæ арæзтад кæрæдзийæн – ныхмæвæрд æмбарынадтæ сты. Августы хæсты размæ дæр Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ агресси куы райтынг кодта, уæд арæзтадыл дзурæн нал уыд. Уый нæ, фæлæ бирæ куыстуæттæн сæ бæстыхæйттæ, цæрæн хæдзæрттæ пырх, дæрæн æрцыдысты. Августы хæсты рæстæджы та куыд нæ горæт, афтæ бирæ арæнгæрон хъæутæ дæр хъæрзыдтой сæ пырхæнты бын. Æрмæстдæр августы хæсты фæстæ, Гуырдзыстон тыхæй сабырадмæ конд куы æрцыд, Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн Хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй бадзырдыл къухтæ куы æрфыстæуыд, уæд уæрæх фæндæгтæ байгом нæ республикæйы æппæтварсон рæзтæн, уыцы нымæцы арæзтады къабазы дæр. Абон нæ цæстытæй уынæм нæ горæт, нæ районты центртæ æмæ хъæутæ куыд ивынц сæ хуыз. Уæлдай аивдæр æмæ цæрынæн хæрзвадатдæр кæны Цхинвал. Уый кæддæр цы уыдис, уымæй ноджы рæсугъддæр кæны. Фылдæрæй фылдæр кæнынц йæ хæрзарæзт уынгтæ. Зæгъæн ис, æндидзыд æрцыдысты цæрæн хæдзæрттæ æндæр нысаниуæджы объекттæ. Фæзындысты дзы ног, нырыккон бæстыхæйттæ дæр. Ахæм ивындзинæдтæ цæуы районты дæр. Æппæт уыцы ивындзинæдтæ, сæйраджыдæр, цæуынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты нæ, аразджыты фæрнæйдзаг куысты руаджы.

Ацы аз ацы программæйы фæлгæтты нæ республикæйы арæзт цы цæуы, арæзт дзы цы æрцæудзæн, уыдæтты тыххæй ныхас кæнæм РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуардимæ.

– Цахæм объекттæ рахызтысты ивгъуыд аз-тæй æмæ цахæм ног объекттыл цæуы куыст ныртæккæ. Финанскæнынады уын проблемæтæ ис?

– Инвестпрограммæмæ гæсгæ ацы азы планмæ хаст æрцыдысты 21 мадзалы. Уыдонæй 18 сты капи-талон арæзтады объекттæ. Æртæ мадзалы та эко-номикæйы реалон сектор æмæ туризмы рæзты фæдыл проектты проектон-сметæйон документаци æмæ паддзахадон æмфинанскæнынад бацæттæ кæнын.

Капиталон арæзтады объекттæй 6 объектты планмæ гæсгæ рахызтысты 2020 азæй. Уыдон сты нæ горæты Ирæтты уынджы æртæ цæрæн хæдзары арæзтад, Знауыры поселочы 18 фатерон цæрæн хæдзар, Дзауы районы сывæллæтты улæфæн лагеры бæстыхай æмæ нæ горæты 13 коммунары уынджы Леуахийы сæрты хиды арæзтад. 12 объекты арæзт æрцæудзысты ногæй. Уыдон та сты Ерцъо-Синагуры фæндаг, нæ горæты Ирæтты, Цоцийы фырты, Сабаны фырты уынгты фæзилæнтæ, инæлар Сланы фырты, Санахъойы фырты, Вокзалгæрон фæзуаты, Хъуылайы фырты, Къозоны фырты æмæ Гæззайы фырты уынгтæ, афтæ ма республикæ Хуссар Ирыстоны энергетикæйыл контролы æмæ хынцыны автоматикон системæ ныббиноныг кæнын. Ныртæккæ куыстытæ æххæст цæуынц, капиталон арæзтады 17 объекты.

Ацы азы кæронмæ планмæ гæсгæ арæзт хъуамæ фæуой 14 мадзалы, 7 мадзалы та, план куыд цæуы, афтæмæй ахиздзысты 2023 азмæ. Ацы аз объективон аххосæгтæм гæсгæ къорд объекты куыстытæ райдыдтой бафæстиатимæ. Фæлæ генподрядон организацитимæ корректировкæ æрцыдысты куыстытæ æххæст кæныны графиктæ æмæ мадзæлтты реализаци кæныны процесс ныртæккæ æрбæстон.

Объектты куыстытæ финанскæнынады нын проблемæ нæй. Æппæт уавæртæ дæр нын ис, цæмæй снысангонд плæнттæ азы кæронмæ æххæст æрцæуой.

– Лæмбынæгдæрæй нын куы радзурис Ерцъо-Синагуры автомобилон фæнда-джы арæзтады тыххæй…

– Ацы фæндаджы куыстытæ æххæст кæны республикон паддзахадон унитарон куыстуат “Дорэкспострой”. Ам аразынц лæсæнуромæн къултæ, сырæздзæнис дзы дыууæ хиды, æвæрд дзы æрцæудзысты æфсæн-бетонон донцæуæн трубæтæ. Афтæ ма дзы æххæст цæуынц зæххы куыстытæ дæр.

Ацы объект ацы аз нæ фæуыдзæн æмæ ахиздзæн фидæн азмæ. Йæ закъазгæнæг у РХИ-йы Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет. Уый сбæлвырд кодта ацы азы бакæнгæ куыстыты гуырахст. Куыд закъазгæнæг, афтæ генподрядон организаци дæр бацархайдтой, цæмæй æмбæлонæй организаци æрцæуа объектты куыстытæ æххæст кæныны процесс. Ис сæм фаг спецтехникæ. Ифтонг сты специалист-тæй. Афтæ æмæ ныфс бавæрæн ис, азы кæронмæ сплангонд куыстытæ æххæст кæй æрцæудзысты.

– Бæрæг куыд у, афтæмæй къуылым-пыдзинæдтæ фæзыны нæ горæты цæрджыты донифтонгады. Цы куыст цæуы ацы проблемæ аиуварс кæныны фæдыл?

– Ныртæккæ Цхинвал донæй ифтонг цæуы Едыс-Цхинвал æмæ Уанат-Цхинвалы донуадзæнты руаджы. Фæлæ æрвылаз дæр апре-лæй июны мæймæ вæййы бæрæг къуылымпыдзинæдтæ горæты донæй ифтонг кæныны хъуыддаджы. Уый баст у уыимæ æмæ уæд вæййы миттайæнтæ æмæ къæвдаты рæстæг æмæ йæ ахицæн кæнын бахъæуы, Едыс-Цхинвалы донуадзæн кæй размæнты, уый аххосæй. Уый фæстиуæгæн доны дебет фæкъаддæр вæййы дыууæ хатты бæрц.

Дзырд куы цæуа Уанат-Цхинвалы донуадзæныл, уæд уый кусы штатон режимы, горæт уый руаджы исы 12-15 мин кубикон метры сыгъдæг нуазыны дон боны дæргъы, æмæ баххæст кæны Едыс-Цхинвалмæ цы дон цæуы, уый хъуагдзинад уæлдæр банысангонд рæстæджы.

Горæты нуазыны донæй ифтонг кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæныны тыххæй план цæуы 2023-2025 азтæн Инвестицион программæмæ Едысы хъæуы донæмбырдгæнæн ифтонгад среконструкци кæнын. Уый фадат ратдзæн горæты цæрджыты донæй ифтонг кæнынæн, уыимæ донуадзæнмæ нал хæццæ кæндзысты чъизи дæттæ.

Ацы мадзал æххæст куы æрцæуа, афтæ ма дон хардз кæныныл æмбæлон контроль куы уа, донуадзæнмæ хæстæг æй цæрджытæ сæхимæ æнæзакъонæй куынæ уадзой, уæд зæгъæн ис æмæ Цхинвалы цæрджытæ нуазыны дон исдзысты æнæкъуылымпыйæ.

 – Æрæджы арæзт чи æрцыдис, уыцы бронкалæн полигон эксплуатацимæ лæвæрд цæуылнæ цæуы?

– Цардуагон брæттæкалæн полигон æмæ сæ пресс кæм кæнынц, уыцы фæзуаты арæзтад фæцис æмæ лæвæрд æрцыдис эксплуатацигæнæг организацимæ. Фæлæ нырма сæ эксплуатаци кæнынæн уæлæмхас финанскæнынады фарстатæ скъуыддзаг кæй не `рцыдысты (специалистты уæлæмхас штаттæ, æртаг-сæрдæн æрмæджыты, электроэнергийы хæрдзтæ æмæ афтæ дарддæр) уымæ гæсгæ полигон нырма штатон режимы эксплуатаци нæ цæуы.

– Райцентрты ма дарддæр арæзт цæудзысты цæрæн хæдзæрттæ?

– 2023 азы Инвестпрограммæмæ хаст æрцыдис Знауыры поселочы 18 фатерон цæрæн хæдзары арæзтад. Раздæр цы хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдоны фарсмæ сырæздзæн æртæуæладзыгон цæрæн хæдзар. Йæ алыварс та æрцæудзæн хæрзарæзт.

– Дæ фæндиæгтæ куы зæгъис уæ бæрæгбоны цытæн нæ аразджытæн?

– Аразæджы боны цытæн мæн фæнды раарфæ кæнын æппæт мæ коллегæтæн – иууыл арфæйагдæр æмæ хæрзиуæгондæр професситæй сæ иуы минæвæрттæн, æнтыстытæ сæ архайды, амонд æмæ фæрныгад  сæ хисæрмагонд царды.

Фæстаг азты уыдон цъус нæ сарæзтой республикæйæн, уыдон сты горæт æмæ районты дæсгай уынгтæ, культурæ æмæ медицинæйы объекттæ, бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ, автомобилон фæндæгтæ, хидтæ, донифтонгады æмæ электроифтонгады хызæгты 10-гай километртæ æмæ æндæртæ. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй снысангонд нысæнттæ дарддæр дæр уæ къухты æфтой æмæ намысджынæй æххæст кæнат уæ разылæууæг хæстæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.