Парламенты Сæрдар Гасситы Петрæн уыд фембæлд «Маяки дружбы. Башни Кавказа – 2017»-йы  проект саразæг æмæ йæ къухдариуæггæнæг, журналист, Фæсивæдон æмæ информацион политикæйы Паддзахадон разамынады университеты проректор, Мæскуыйы кавказаг клубы эксперт Руслан Гусаровимæ. Фембæлды хайад райстой Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь æмæ Культурæйы министр Зассеты Жаннæ.

Руслан Гусаров рæгъмæ рахаста йæ проект «Маяки дружбы. Башни Кавказа – 2017». Уæрæхдæрæй проект хуыйны «Маяки дружбы. Башни Кавказа».

Уый радзырдта йæ куысты организаци æмæ нысæнтты тыххæй. Æхсæннацион ра-зыдзинады фæсивæдон проект «Маяки дружбы. Башни Кавказа – 2017» æвдыстæуы ахæм лозунгы бын –  «Сочийы фæсивæды æппæтдунеон XIX-æм фестивалыл æмбæлгæйæ». Проекты девиз у «Нæ бынтæ хъахъхъæнгæйæ. Адæмы æнгомгæнгæйæ». Проект цæуы ахæм формулæимæ: «Хæдбар фæллой рухстауыны тыххæй».

Мæскуыйаг студенттæ араст уыдзысты Кавказмæ, цыран бынæттон фæсивæдимæ иумæ хайад райсдзысты культурæйы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæ-нынимæ баст куыстыты.

Проекты нысæнттæй  иу у – Кавказмæ æрцæуын бæлвырд миссиимæ, бæстæимæ базонгæ уæвын, иумæйагæй бынæттон æцæгдзинад сахуыр кæнын. Фыццаг этапыл уыцы маяктæ систы зындгонд кавказаг мæсгуытæ: хъахъхъæнæн, нысан дæттæн, мыггаджы мæсгуытæ.

«Мах фæнды проекты нысаниуæг æмæ фадаттæ фæуæрæхдæр кæнын, æмæ уымæ гæсгæ уый схуыдтам «Кавказы культурæ», уымæн æмæ дзы ис канд мæсгуытæ нæ, фæлæ æндæр культурон-историон цыртдзæвæнтæ, туристты хъусдарды аккаг объекттæ», – загъта уый.

Уый ныхæстæм гæсгæ, кавказаг мæсгуытæ æмæ æндæр астæуккагæнусон арæзтæдтæ къаддæр цымыдис не ‘взæрын кæнынц, æвдисынц бынæттон цæрджыты уаг, сæ истори, сæ вазыгджын фæндæгтæ.

«Мах фæнды нæ акцийæ культурæйы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны ахс-джиагдзинад, афтæ ма нæ проект уагъд кæм цæудзæн, уыцы регионты туристон фадатты ‘рдæм адæмы хъудард раздахын. Æмæ æппæтдæр та иунæг нысанæн  æхсæнадæмон разыдзинады сæраппонд», – банысан кодта Руслан Гусаров.

Ивгъуыд аз – дзырдта дарддæр уый, – проект уыцы-иу рæстæджы уагъд цыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Мæхъæлы Республикæйы. Нæ къордтæй иу куыста Куырттаты комы Фиагдоны Цæлыккаты мæсыджы цур, иннæ та Мæхъæлы Хамхоевты мæсы-джы цур.

Проекты уавæртæм гæсгæ интернационалон къорд æмæ æппæт хайадисджытæ дæр хъуамæ уадзой электрон бонæг. Проекты къухдариуæгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй – иу проекты сайтыл æрвылбон дæр фæзынд 20 хæдхуызон æрмæджы. Æппæт уыдæттæ – иу апарахат сты интернеты хызæ-джы. Ацы аз регионты нымæц хъуамæ фæфылдæр кæной асты онг. Проектмæ бацыдысты Республикæ Дагъыстан, Цæцæны Республикæ, Мæхъæл, Цæгат Ирыстон-Алани. «Хуссар Ирыстон уырдæм ныр бацæудзæн паддзахады хуызы. Афтæмæй уый суыдзæн ноджы иу архайæг регион, æмæ нæ акцийæн та ратдзæн æхсæнадæмон статус æмæ йын ауæрæх кæндзæн йæ арæнтæ», – банысан кодта уый.

Проекты ныр ис, фарон куыд уыд, афтæ 20 хайадисæджы нæ, фæлæ 80. Мæскуыйаг минæвæрттæ сты 40, уый бæрц та сты кавказаг регионты ми-нæвæрттæ – алы республикæйæ дæр фæндзгай адæймæгтæ. 18-28 азы кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Проекты организаторты ныхæстæм гæсгæ, уым хайад райсын сæ бон уыдзæн канд студенттæн нæ, фæлæ фæндон кæмæ ис, ахæм хуымæтæджы фæсивæдæн дæр. Къорды ном хуыйны «Маяки дружбы». Конд у цыппар дæлкъордæй, алкæцыйы дæр дзы ис 20 адæймаджы. Мæскуыйы æмæ мæскуыйаг регионты минæвæрттæй 10 æмæ фондз та республикæтæй.

«Фыццаг фæлтæры уал фæсивæд абалц уыдзыысты фыццаг цыппар республикæмæ, арвитдзысты уым иу къуыри, бынæттон фондз адæймаджы та сын æххуыс кæндзысты фысымты хуызы. Куысты кæронбæттæны æрæмбырд уыдзысты «Машук»-ы форумы, æвдисдзысты сæ куыстытæ æмæ мах ауадз-дзыстæм куыст фæуыны мадзал. Дарддæр ма нæ зæрды ис медион равдыст саразын æмæ йæ Сочийы равдисын»,- фæци йæ ныхас Руслан Гусаров.

Гасситы Петр йæхи ‘рдыгæй загъта бузныджы ныхæстæ проект уадзджы-тæн.

«Тынг æхсызгон мын у, проект Хуссар Ирыстоны кæй райдайдзæн кусын, уый. Уымæн ис стыр фидæн. Проект у мидуæрæсейаг, фæлæ дæуæн, Руслан Владимиры фырт, бантыст уырдæм Хуссар Ирыстоны дæр бакæнын, æмæ дын уый тыххæй дзурын сæрмагонд бузныг», – загъта уый.

Æхсæнадæмон иноформагентад Хуссар Ирыстон абон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.