Иры дзыллæ тынг рагон адæмыхаттыл нымад сты. Сæ уидæгтæ цæуынц, суанг ма адæм хъæддаг цардахастыл хæст куы уыдысты, уæды дугæй. Нæ дзæнæты бадинаг фыдæлты къухы бафтыд æмбисæндты дзуринаг æгъдæуттæ сфæлдисын. Уыдон арф кæмтты хъæбысы цæргæйæ, цæмæй сæ цард рæсугъддæр æмæ хъæлдзæгдæрæй æрвыстаиккой, уый тыххæй хъуыды кодтой алыхуызон кувæндæттæ, бæрæгбонтæ æмæ бæрæгæхсæвтæ. Алы хъæуæн, комæн, æмæ мыггагæн уыдис йæхи кувæндон, хуыдтой ма сæ найфаттæ дæр. Нæ фыдæлтæ нæм уыцы бæрæгбонты æрбалæвæрдтой хохаг суадонау сыгъдæг æмæ мидисджынæй. Æмæ мах хæс та у уыдонæн аргъ кæнын, цыкурайы фæрдыгау сæ хъахъхъæнын. Не ‘гъдæуттæ сты махæн нæ цæсгом, нæ цард æмæ нæ удварны хæзнатæ, сты дзаг фарн æмæ амондæй. Йæхи ирон чи хоны, уымæн сæ хъуамæ йæ зæрдæ райа, сæрыстыр сæ уа, тырна, цæмæй сын арфдæр базона сæ мидис, сæ апп.

Нæ фыдæлтæ хæхбæсты кæд цыфæнды тыхцæрдтытæ кодтой, уæддæр хæст уыдысты æгъдауыл, цины æмæ зыны рæстæг дæр уыдысты кæрæдзийы фарсмæ, иу иннæмæн уыд ныфсы хос. Сæ иудзинад сын æххуыс уыд цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр æнцондæрæй ахизынæн.

Нæ фыдæлтæ хиуылхæцгæ уыдысты. Расыггæнаг лæг се ‘хсæн тынг æгады бынаты æвæрд уыд. Худинаджы зарджытæ йыл-иу скодтой, се ‘мвынг-иу æй нал æруагътой. Сæ кæстæртæн та æмбарын кодтой кад, намысы мидис, ахуыр сæ кодтой ирон рæсугъд æгъдæуттыл. Зæгъæм, мæнæ ахæмтыл: хистæрæн кад кæнын хъæуы, фынгыл хистæрæй уæлдæр бадын нæ фидауы, цалынмæ хистæр скува, уæдмæ хойрагмæ æвналæн нæй, хæргæ-хæрын искæйы дзыхмæ кæсын аив нæу, фыднозт, фыдхæрд худинаджы хос сты, фынгæй хистæры разæй стын дæр худинагыл нымад у æмæ а. д.

Хæххон адæмы царды ахсджиаг бынат ахста адæмы кæрæдзийыл бæттæг “Ныхас”.

Ныхас” уыди, ныры рæстæджы хъæуы администрацимæ цы бартæ хауы, ахæм уынаффæдон.

Уым лыггонд цыдысты сæ риссаг фарстатæ. Сæрдæй, зымæгæй “Ныхас” архайдта æддейæ, æмæ йын агуырдтой ахæм бынат, райдзаст ран куыд уыдаид, хуры рухс тынтæй хъарм куыд кодтаид, стæй исты гæнахы фарсмæ дæр куыд уыдаид, цæмæй сæ хохаг тыхдымгæтæ ма хъыгдардтаиккой. Ныхасы бадтысты, куырыхон зонды хицау чи уыд, царды гуылфæнты чи ацыд, фендджын, фæлтæрдджын, зондджын хистæртæ. Кæстæр фæсивæд хистæрты раз лæугæ кодтой, бадын сын худинагыл нымад уыд, æмæ-иу афтæмæй хъуыстой сæ куырыхон ныхæстæм, кæцытæ сæ æнæмæнг хъуыдысты сæ дарддæры цардвæндаджы.

Се ‘мбырдты æвзæрстой æхсæны (тæрхоны) лæгтæ.  Уыдон уыдысты дзырддзæугæ. Цы уынаффæтæ хастой, уыдонæн æнæ кæнгæ нæ уыд. Чи сæ не ‘ххæст кодта, ууыл та кодтой хъоды. Лæмбынæг кастысты æхсæны лæгтæ сæ адæмы цардмæ, æмæ-иу галиу фæндагмæ чи хызт, уымæн афоныл кодтой уайдзæф, цæмæй дарддæр мауал рæдийа. Фидауын кодтой туджджын мыггæгты дæр.

Хæххон хъæуты хæдзæртты нымæц бирæ нæ уыд, фæлæ дзы цы адæм цард, уыдон кæрæдзийыл уыдысты æнувыд. Æнгом сæ кодта хохаг зын цард. Арæх цыдысты зæйтæ, донивылдтытæ, уыдон сын пырх кодтой сæ хæдзæрттæ, сæ фæндæгтæ æмæ хидтæ.

Фæстæмæ сæ саразын та уыд тынг зын, хъуыди адæмы иумæйаг тыхтæ. Хъæубæсты уыди ахæм хæдзæрттæ, кæцытæм нæ уыд нæ бæх, нæ гал, стæй кусынхъом адæм дæр.

Иуæй-иу сылгоймæгтæ-иу баззадысты идæдзæй.”Ныхас”-ы хистæртæ-иу бауынаффæ кодтой, цæмæй ахæм фæкæсинаг бинонтæн фыццагдæр æххуыс æрцыдаид зиуы хуызы.

Зиу арæзт цыд хосгæрдæнты, ссивæнты, хосласæнты, хуымгæнæнты, найгæнæнты æмæ а.д. Уыцы куыстытæ адæм иумæйагæй кодтой рæвдз, зæрдæрайгæйæ. Ныры дуджы зиуæй адæм стæм хатт пайда кæнынц. Рæстæджы фæлмы рохуаты зайын байдыдта. Тынг тæссаг у, ахæм тыхджын, хъæугæ мадзал бынтон куы бамынæг уа, нæ къухтæй куы ахауа, уымæй.

Стыр кады бынаты уыд сылгоймаг. Ныхасы бадгæйæ-иу нæлгоймæгты рæзты куы рацæйцыд, уæлдайдæр та, йæ кары чи бацыд, ахæм, уæд-иу ын иууылдæр сыстадысты, суанг урс зачъе ацæргæ лæгтæ дæр. Кæрæдзимæ хъаматæ сласын нæ бауагътаид сылгоймаджы фæзынд. Хылгæнджыты размæ-иу йæ кæлмæрзæн куы баппæрста, уæд-иу уыдон цæхгæр сæ хыл ныууагътой. Сылгоймаг нæлгоймагимæ ныхас кæнгæйæ, каст иуварс, йæ сæр гыццыл зæхмæ здæхт, афтæмæй. Дзырдта уæздан, ныллæг хъæлæсы уагæй, худгæ нæ кодта, фылдæр ныхæстæн дзуапп лæвæрдта сæрæй, уæхсчытæй æмæ къухæй амонгæйæ.

Ирон адæмы царды æвæджиауы бынат ахста уазæджы фæзынд. Уазæг-иу хæдзармæ куы æрбацыд, уæд уый канд уыцы хæдзары уазæгыл нымад нæ цыд, фæлæ уыд æнæхъæн хъæубæсты уазæг дæр. Алы хæдзар дæр тырныдта йе сбуц кæнынмæ. Уазæджы номыл хæдзары дардтой сæрмагонд уат. Уазæг цы хæдзармæ цыд, уый нымад уыд кадджыныл.

Дард ранæй æрбафтæг уазæджы номыл кодтой сæрмагонд кусарт, фых цыдис иууылдæр.

Уазæджы номыл кусарт акæнын – уый кады нысан у. Уæлдай кад та йын уæд скæнынц, фынджы хистæр æм цыты нуазæн куы авæры. Цы уазæгмæ цыты нуазæн лæвæрд не ‘рцæуы (фылдæр хатт хистæры æнæрхъуыдыйæ), уый баззайы æгады бынаты. Хистæры хæс вæййы уазæджы (уазджыты) цæрæнбоны тыххæй сæрмагонд гаджидау рауа-дзын.

Дриаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.