Ирон адæммæ рагфыдæлтæй фæстæмæ сылгоймагæн уыд стыр кад. Æгъдауыл хæст æфсæрмдзæстыг сылгоймаг кæддæриддæр уыд кадджындæр, куыд хи бинонты ‘хсæн, афтæ æхсæнады дæр. Ахæм сылгоймаг уыд кæстæр кары сылгоймæгтæн фæзминаг, нымад уыд рæзгæ фæлтæры раст фæндагыл æфтауæгыл.

Рæдыд нæ уыдзæн, ацы ран куы ракæнон,  йæ цæрæнбонтæ рæзгæ фæлтæры хæрзæбонæн чи снывонд кодта, хъыгагæн, æрæджы не ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыцы ирон сылгоймаг Гæбæраты Мерийы кой, уæд.

Мери райгуырд 5-æм августы 1939 азы Знауыры районы Уелиты хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты хуымæтæжы зæхкусæг адæм. Хъомыл кодтой цыппар хъæбулы – иу лæппу æмæ æртæ чызджы. Мери скъолайы кары куы бацыд, уæд æй бакодтой Уелиты астазон скъоламæ æмæ йæ каст фæцис тынг хорз бæрæггæнтимæ. Ахуырмæ æвзыгъд чызг, кæй зæгъын æй хъæуы, астазон ахуырад райсыныл не ‘рлæууыд æмæ йæ кæд дзæвгар цæуын хъуыд сыхаг хъæу Зиулеты астæуккаг скъоламæ, уæддæр хъæуы иннæ ахуырдзаутимæ цыд уырдæм æмæ йæ каст фæцис 1957 азы. Астæуккаг ахуырад райста  тынг хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ кæд йæ фæнд уыд йæ ахуыр адарддæр кæнын, уæддæр ын уыцы аз нæ бантыст уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын.  Бирæ бинонтæ уыдысты æмæ Мери уыдта, йæ ныййарджытæн кæй хъуыд сæ фарс æрбалæууын.  æмæ зæнæджы хистæр кæй уыд, уымæ гæсгæ уыцы хæс  æнкъардта йæхиуыл. Бацыд Уелиты колхозмæ æмæ уым хистæрты æмрæнхъ фæкуыста дыууæ азы. Фæлæ æппынæдзух йæ зæрдæ æхсайдта уæлдæр ахуырад райсынмæ æмæ фæстæдæр бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ райдиан ахуырады методикæйы факультетмæ. 1964 азы йæ каст фæцис æнтыстджынæй æмæ æрвыст æрцыд Снекъы хъæуы скъоламæ райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Уыцы аз ссис Мерийæн йæ хъомыладон куысты фыццаг къахдзæф дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй ахуыргæнæджы дæсныйад домы  куыд фидар сæрмагонд зонындзинæдтæ, афтæ ма амоныны æмæ хъомыл кæныны куырдиат æмæ арæхстдзинад дæр. Æппæт уыцы миниуджытæй æххæст уыд Гæбæриан дæр æмæ кæд йæ дæсныйадмæ гæсгæ уыд райдиан кълæсты ахуыргæнæг, уæддæр ма ноджы нысан æрцыд уыцы скъолайы хистæр кълæсты историйы ахуыргæнæгæй дæр.

Æрыгон чызг тынг бирæ уарзта, цы дæсныйадыл лæуд уыд, уый. Сæйраджыдæр та уарзта сабиты, уыдонимæ кусын, æнæвгъауæй сын лæвар кодта йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ зæрдæйы хъармдзинад. Ахæм рæвдаугæ ахаст сæм кæй дардта, уый тыххæй йын  аргъ кодтой йæ хъомылгæнингæтæ дæр.

Мерийæн æрдз æрмæст фæлмæн æмæ хæлар удыхъæд не схай кодта, фæлæ ма уый æххæст уыд æддагбакастæй дæр. Уыцы хъуыддаг цæсты æнæ ахадгæ нæ уыд, æмæ 1965 азы ноябры мæйы Мери  йæ цард баиу кодта йæхийау хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг лæппу Дзигойты Васяимæ. Бинонты хицау суæвгæйæ, æрыгон чызг рæстæгмæ ныууагъта йæ уарзон куыст, ссис ныййарæг æмæ æххæст кодта йæ сылгоймаджы уаз хæс.

Фæстæдæр Мери адарддæр кодта ахуыргæнæджы куыст æмæ  1970 азы бацыд кусынмæ Цхинвалы 10-æм рæвдауæндонмæ хъомылгæнæгæй. Куыста  Аунеуы хъæууон скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй, Цхинвалы сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны, стæй та 4-æм рæвдауæндоны.  Ам хъомылгæнæгæй фæкуыста 13 азы бæрц, уый фæстæ  нысан æрцыд ацы рæвдауæндоны къухдариуæггæнæгæй.

Мери йæ цард снывонд кодта æрмæстдæр иу хъуыддагæн –  рæзгæ фæлтæрæн лæггад кæнынæн, сæ царды рухс фæндагыл цæуынмæ сæ бацæттæ кæнынæн. Уый никуы ахъуыды кодта, йæ царды иу бон дæр æнæ сабитæй арвитыныл, æрмæстдæр уыдоны æнæхин цæстыты уыдта йæ алы боны рухс. Æрдæг æнусы дæргъы уый бирæ рæзгæ фæлтæрты фервыста æнæзæрдæхудтæй царды бæрзæндтæм. Уыд сын дыккаг мады бынаты. «Мери уыд ахæм хæларзæрдæ сылгоймаг æмæ-иу æгæрыстæмæй, тызмæг ныхас дæр никуы скодта йæ хъомылгæнинæгтæм», – фæзæгъынц йæ раздæры хъомылгæнинæгты ныййарджытæ.

Æнувыд æмгар æмæ хорз æмгусæгыл нымад уыд Мери йæ хæлæрттæ æмæ йе ‘мкусджыты ‘хсæн дæр. «Ацы рæвдауæндоны Мери фæкуыста цыппор азæй фылдæр æмæ нæ алкæйы зæрдæйы дæр ныууагъта ирд фæд. Уарзтой йæ куыд сывæллæттæ æмæ йе ‘мкусджытæ, афтæ ма йæ рæвдауæндонмæ æввахс цæрджытæй чи зыдта, уыдон дæр. Йе ‘ххуысы къух-иу  кæм хъуыд, уым йæ удыл науæрдгæйæ, лæггад кодта кæддæриддæр æмæ кæмæн фæндыдæр. Уыд хæларзæрдæ æмæ æмгæрттыл æнувыд.  Ныр кæд  не ‘хсæн нал ис, уæддæр æй мах, арæх æрымысæм. Æрæджы дæр ын йæ райгуырæн боны ссардтам  йæ ном, йæ ныгæнæн бынатмæ ссæугæйæ»,   – зæгъы йæ раздæры æмкусæг  рæвдауæндоны ныры къухдариуæггæнæг Æлборты Иринæ.

Нæ баззад рохуаты Мерийы æнувыд ахаст йæ разы æвæрд хæстæм нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй дæр. Йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыдысты бирæ хорзæхтæ, Кады грамотæтæ. У Куысты ветеран. 2014-æм азы  Мери ныууагъта йæ фæллойадон куыст йе’нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый тыххæй, фæлæ йæ фæстæдæр, 2017 азы октябры мæйы  нæ республикæйы   Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй.

Сылгоймаджы куырыхондзинады æвдисæн ма вæййынц йæ бинонтæ æмæ йæ хъæбултæ дæр. Вася æмæ Мери схъомыл кодтой æртæ лæппу æмæ иу чызг. Уыдонæй алкæмæн дæр райсын кодтой уæлдæр ахуырад. Фæрнджын æмæ хъæрмуд бинонтæ кæддæриддæр уыдысты уазæгуарзон, ирон æфсарм æмæ æгъдæуттæн кадгæнæг. Ныртæккæ уыдонæй алчи дæр у ныййарæг, сты сæ райгуырæн бæстæйæн лæггадгæнджытæ. Йæ чызг Ритæ равзæрста йæ мады дæсныйад æмæ бирæ азты дæргъы кусы нæ горæты скъолатæй сæ иуы ахуырады хайады гæсæй.

Августы мæйы Мери хъуамæ банысан кодтаид йæ 79-æм райгуырæн бон, фæлæ хъыгагæн, уæззау низы фæстиуæгæн æрæджы ахицæн ис йæ цардæй.

Рухсаг у, Мери, нæ фæзминаг хистæр…

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.