32 азы рацыд уыцы нысаниуæгджын бонæй. Бæгуыдæр нысаниуæгджын, уымæн æмæ 1990 азы 20-æм сентябры нæ адæмон депутаттæ æхсæнады фарсхæцынадæй цы  уынаффæ рахастой, уымæй фидар бындур æрæвæрдтой нæ  республикæйы рухс фидæнæн. Хъыгагæн, уыцы адæймæгтæй абон ацы рæсугъд бæрæгбон бирæтæ нал æрыййæфтой, нал азылдысты нæ горæты рæсугъд уынгтыл, хæдбар, нымад паддзахады нал рацардысты, фæлæ уыдонæн сæ нæмттæ ирон дзыллæйы ‘хсæн баззайдзысты нæргæ-цæргæйæ.

Нæ ногдæр историйы сыфтыл цæст ахæсгæйæ, бæрæгæй зыны, Хуссар Ирыстоны адæм бирæ хъизæмæрттæ кæй бавзæрстой. Гуырдзыстоны æрдыгæй, сæ хæдбардзинадмæ фæндаг тугæрхæмттæ уыд, бирæ удты аныхъуырдта уыцы фæндаг, фæлæ иу къахдзæф дæр фæстæ нæ алæууыдысты хуссайраг ирæттæ, иу мисхал дæр нæ фæиппæрд сты сæ фыдæлты равзаргæ фæндагæй. Уыдон сæ риуы ‘мбæрц цыдысты размæ æмæ сæ къухы бафтыд хæдбар паддзахад саразын.

Сæ барты сæрыл тох кæнын ирæттæн сæ фыдæлтæй баззад. Цæргæ-цæрæнбонты уыдон дæр тох кодтой, сæ сæрибардзинадмæ-иу сын чи фæныххылд-та, уыдонимæ. Уыдон кæддæриддæр цæттæ уыдысты, сæ национ интерестæ-иу сын дæлдзиныг кæнынмæ чи хъавыд, уыдонæн ныхкъуырд радтынмæ. Æнусты дæргъы знæгты астæу цæргæйæ, уыдон уырныдта, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæнис, сæрибар зæххыл цæрын сæ къухы кæй бафтдзæн æмæ-иу уый фæстиуæгæн æфхæрд дæр бирæ хæттыты æййæфтой, бирæ зиæнттæ сыл цыд æмæ бирæ зындзинæдтæн быхстой.

1989 азæй 2008 азы августмæ нæ республикæйы цытæ цыд, уыдоныл нæ цæст куы ахæссæм, уæд æрымысæн ис ахæм ирд цаутæн, кæцыты банымайæн ис, Хуссар Ирыстоны абоны бонмæ чи æркодта, ахæмтыл. Ацы цаутыл дзурын хъæуы советон дугæй, кæцыйы рæстæджы Хуссар Ирыстоны адæм нæ уыдысты бæллиццаг уавæры. Советон дуджы дæр хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ уагъд цыд ахæм политикæ, кæцыйы фæстиуæгæн ирæттæ хъуамæ батадаиккой гуырдзиæгты ‘хсæн, скуынæг уыдаиккой æнæ тугкалдæй. Уæды дуджы Гуырдзыстоны мидæггаг районты официалонæй цард 160 мин ироны. Сæ культурæ æмæ æвзагæй иппæрд ирæттæ  ассимиляцигонд  æрцыдысты, уыдон æцæгæй дæр батадысты гуырдзыйы ‘хсæн.  Хуссар  Ирыстоны  цæрæг  67 мин ироны та сæ сыхæгты «планмæ» гæсгæ хъуамæ «кафыдаиккой» кæйдæр къухæмдзæгъдмæ, кæнæ та хъуамæ сæ райгуырæн бæстæ ныууагътаиккой æмæ æндæр рæттæм фæцыдаиккой, науæд физикон æгъдауæй куынæг æрцыдаиккой. Фæлæ ССР Цæдисы уавæрты, йæ «интернационализм» æмæ «адæмты хæлардзинадмæ» гæсгæ, ирæттæн физикон æгъдауæй куынæггæнæн нæ уыд.

Фæлæ ССР Цæдис куы фæцудыдта, уæд æппæт дæр ивын райдыдта. Гуырдзыстон уадзын райдыдта ахæм политикæ, кæцы здæхт уыд æхсæнады æппæт фадгуыты  гуырдзиаг нацийы приоритет сифтонг кæнынмæ. Гуырдзиæгтæ дæл-дзинаг райдыдтой Гуырдзыстоны цæрæг æндæр нациты, уыцы нымæцы ирæтты бартæ æмæ интересты. Газеттæ æмæ телеуынынады арæхæй-арæхдæр зындысты ирæтты ныхмæ æрмæджытæ.

Тбилисæй Цхинвалмæ фæцахуыр сты алыгъуызон эмиссартæ æмæ бынæттон гуырдзиæгтæн уырнын кодтой уыдон фысымтæ кæй сты ацы зæххыл, ирæттæ та – уазджытæ. Æмæ уыдон дæр сæ тырысатæ тилгæйæ, митингтæ уагътой ирæтты ныхмæ.

Гуырдзиæгтæй ма уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ сæхи афтæ дардтой, цыма сæ фæндыд хуссайраг ирæттимæ баныхас кæнын. Тбилис æмæ Цхинвалы уагъд цыдысты цавæрдæр фембæлдтытæ республикæйы къухдариуæгады, интеллигенцийы, æхсæнадон организациты минæвæрттимæ. Фæлæ уыдон цæстмæ митæ уыдысты. Кæд æй æмбæрстой нæ областы къухдариуæггæнджытæй чидæртæ, уæддæр нæ уæндыдысты Гуырдзыстоны сæргълæуджыты ныхмæ исты зæгъын.

СÆ НЫСАН УЫД АВТОНОМИ ÆМÆ ЭТНИКОН ИРÆТТЫ СКУЫНÆГ КÆНЫН

Æппæт уыдæттæ уынгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм советон дуджы рæстæджы фыццаг хатт сæхи «куыд æмбæлд, афтæ нæ равдыстой». Адæм æргом рацыдысты хицауиуæгады ныхмæ, уагътой митингтæ. «Æнæсæттон» ирæтты басæттыны нысанæн Тбилисæй Цхинвалмæ æрбарвыстæуыд Мидхъуыддæгты министрады дæлхæйтты. Йæ бынатæй ист æрцыд обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Феликс.

Уыимæ ма Горбачевы рацарæзтон политикæ ССР Цæдисы закъонæй слегалон кодта гуырдзиаг националон змæлд. Гуырдзиаг националисттæ раразмæ кодтой лозунгтæ этникон дискриминаци æмæ Гуырдзыстоны ССР сконды ирæтты автономон област скуынæг кæныны тыххæй. Фыццаг къахдзæф уыд 1988 азы гуырдзиаг æвзаджы рæзты паддзахадон программæ, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хъуыддагкæнынад хъуамæ арæзт цыдаид æрмæстдæр гуырдзиаг æвзагыл. Гуырдзиаг информацион фæрæзты райтынг расистон-шовинистон кампани. Сæ сæйраг объект ссисты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны цæрæг ирæттæ. Йæ нысан та уыд Хуссар Ирыстоны автономи æмæ этникон ирæтты скуынæг кæнын.

СДЗЫРДТОЙ СÆ БАРТЫЛ

Гуырдзиæгты архайдæн ныхмæ архайд хъуыд. Æмæ уый нысанæн арæзт æрцыд националон змæлд «Адæмон Ныхас». Йæ лидертæ систы Хъуылымбегты Торез æмæ Цоциты Алан. Стыр хъыгагæн,  сæ дыууæ дæр ацыдысты се ‘нусон бынатмæ. Сæ дыууæ дæр уыдысты дуджы амæттæгтæ. Цоциты Алан æрæджы, уæззау рынчыны фæстæ ахицæн а-дунейæ. Уый кæд хæдбар республикæйы бындурæвæрджытæн сæ активондæртæй уыд, уæддæр хицауиуæгады æрдыгæй æфхæрд баййæфта, цалдæр азы фæбадт ахæстоны,  кæцыйы фæстиуæгæн уæззау низ бацыд йе уæнгты æмæ йæ цард аскъуыд æнæрæстæджы. Фæлæ ивы дуг, ивынц адæймæгтæ æмæ Хъуылымбегты Торез дæр æмæ Цоциты Алан дæр Хуссар Ирыстонæн цы хæрзтæ сарæзтой, уыдонæн скондæудзæн аргъ, сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы. Уымæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны инициатортæ уыдон уыдысты.

Зæгъæн ис,  «Адæмон Ныхас»-ы уæнгтæ куынæ уыдаиккой, уæд абон мах хæдбар, сæрибар паддзахады нæ цæриккам. Уыдон кæд рæстдзинадыл тох кодтой, уæддæр нæ адæмæй бæрнон бынæтты чи куыста, уыдонæй бирæтæ уыдысты сæ ныхмæ, æниу кæд уыдон дæр сæ мидзæрдæйы разы уыдысты адæмы фæндонимæ, уæддæр дзурын нæ уæндыдысты.

ХЪЫСМÆТСКЪУЫД-ДЗАГГÆНÆН СЕССИЙЫ РАЗМÆЙЫ ЦАУТÆ

1989 азы ноябрæй 1990 азы июнмæ Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Совет райста антиконституцион уынаффæтæ, кæцыты фæстиуæгæн ивд æрцыдысты советон дуджы акттæ, уыдоны ‘хсæн уыд 1922 азы бадзырд ССР Цæдисы сырæзты æмæ Хуссар Ирыстоны автономон областы сырæзты Декрет. Уымæй Тбилис йæ барадон тыгъдадæй йæхæдæг раппæрста Хуссар Ирыстоны. Уымæ нæ кæсгæйæ, хуссайраг ирæтты фæндыд уавæр сабырæй аскъуыддзаг кæнын æмæ архайдтой Тбилисимæ иумиаг æвзаг ссарын. 1989 азы 10-æм ноябры Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутатты æнæрадон сесси райста уынаффæ автономон областæй автономон республикæ (Гуырдзыстоны сконды) саразыны тыххæй. Уыцы уынаффæ æрвыст æрцыд Тбилисмæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгад политикон куырыхондзинад нæ равдыста, не сразы хуссайраг ирæтты куырдиатыл æмæ карзæй загъта «нæ».

Уый нæ, фæлæ ма 23-æм ноябры Цхинвалы «сабырадон митинг» ауадзынæй сæ бон куы базыдтой, уæд сæ абырæгон къордтæ æрбынат кодтой Цхинвалы алыварс гуырдзиагхæццæ хъæуты. Фæндæгты æхгæдтой, ахстой ирæтты, надтой сæ, фыдмардæй сæ мардтой. Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ райдыдта æргом агресси.

Уыцы фæззæджы Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ æрцыдысты фашисттæ сæ сæргъ Гамсахурдиа. Ацы фашистон режим Гуырдзыстоны расидт хæдбардзинад. Уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны уавæр ноджы фæкарздæр. Гарзджын провокацитæм бафтыдысты экономикон, транспортон, энергетикон блокадæтæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн фыдмитæ кодтой Иоселиани, Къитъовани, Адамияйы гæрзифтонг абырджыты къордтæ.

ЦЫРÆГЪТИМÆ СЕССИ

Хуссар Ирыстоны адæм ма сæ сæрæн уый зыдтой, æмæ аскъуыддзаг кодтой 1990 азы 20 сентябры сесси ауадзын. Сесси хъуа-мæ ауагътаиккой Цхинвалы Советты хæдзары (Парламенты ныры бæстыхай) органон залы. Уыцы рæстæджы-иу депутаттæй дарддæр сессийы куысты хайад райстой æхсæнады минæвæрттæ дæр. Боны 11 сахатмæ депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ цæуын куы райдыдтой Советты хæдзармæ, уæд федтой бахизæны  гуырдзиаг милиционерты. Уыдон лæууыдысты дуæрттыл æмæ адæмы мидæмæ нæ уагътой. Депутатты бирæ ахъуыды кæнын нæ бахъуыд, уыдонæй уыд æви – адæмæй, чидæр бæстыхайы фæстæмæ бауад, рудзынг бакодта æмæ багæпп кодта мидæмæ, бакодта иннæ рудзгуыты дæр æмæ депутаттæй дæр æмæ æхсæнады минæвæрттæй дæр бирæтæ, уыцы нымæцы Джусойты Нафи дæр, бахызтысты рудзгуытыл, уый фæстæ бакодтой дуæртты дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бон дæр йæ кæнон кодта – æрталынг. Боны фæткы уыд бирæ фарстатæ. Дыууæ фарстыл уынаффæйы фæстæ ахуыссыд рухс æмæ депутаттæ иу сахат улæфт расидтысты. Уыцы рæстæджы гуырдзиаг милиционертæ Советты хæдзары цурæй фæтары сты.  Адæмæй чидæртæ ацыдысты хæдзæрттæм  æмæ чи фæтæгены лампа, чи парафины цырагъ æрбахастой, ссыгътой сæ æмæ сесси йæ куыст адарддæр кодта.

Уалынмæ  гуырдзиæгтæ горæт æхсын райдыдтой  стыркалиброн хæцæнгæрзтæй, фæлæ уæддæр сесси йæ куыст дарддæр кодта. Кæд æддейæ стыр рæмыгътытæ уыд, уæддæр сæ хъусгæ дæр нæ кодтой залы адæм, уыдон сæ куыст стыр дискусситимæ кæй кодтой, уый фæстиуæгæн. Сесси цыд  суанг райсомы 4 сахатмæ. Ацы сессийы уый фæстæ адæм рахуыдтой «сессия при свечах», ома, цырæгъты рухсмæ сесси.

Хуссар Ирыстоны адæмы фæндонмæ гæсгæ, ацы сессийы расидт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон, кæцы хъуамæ уыдаид ССР Цæдисы сконды, райст æрцыдысты национ суверенитеты тыххæй Деклараци æмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ССР Цæдисы Конституци кæй кусдзæн, уый тыххæй уынаффæ. Фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй ацы ахсджиаг къахдзæф уыд раст æмæ æнæмæнгхъæуæг.

Уæдæ абон мах хæдбар, нымад паддзахады цæрæм æмæ хъуамæ кусæм уæхскуæзæй йæ хæрзæбонæн. Ныхæстæй нæ, фæлæ не ‘рвылбонон куыстæй хъуамæ фидар кæнæм нæ паддзахаддзинад. Уымæй цыт кæндзыстæм, уыцы уæззау дуджы ахæм хъуыддæгтæ чи скъуыддзаг кодта, уыдонæн, Хуссар Ирыстоны амондджын фидæн развæлгъау чи уыдта, йæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд йæ тых, йæ зонд æмæ, æгæрыстæмæй, йæ цард дæр чи нæ бавгъау кодта, уыдонæн. Ма сын ферох кæнæм сæ хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинад. Уырны мæ, нæ фидæны фæлтæртæ дæр кад æмæ цыт кæндзысты æмæ нæ ферох кæндзысты, ирон адæмы интерестæ ныхасæй дæр, хъуыддагæй дæр æмæ хæцæнгарзæй дæр чи хъахъхъæдта, уыдоны.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.