Гæздæнты Булатыл сæххæст 85 азы

 

Иуæй-иу хатт нæ цæст раппæлын цы æвзагæй бауарзы, фырбуцæн Хуыцауы æвзаг дæр кæй схонæм, уыцы æвзаджы æнæнымæц кæркæ-мæркæ дзырдты ‘хсæн цæмæннæ бавæййы нæ бон, Хуыцау ма нын рæсугъд æмæ хъæздыг æвзаджы уæлдай цы стыр курдиæттæ балæвар кодта, уыдоны аккаг дзырдтæ ссарын?.. Æмæ цы хъуамæ бакæнай ахæм рæстæджы? Ницы, дæ уд къæмдзæстыг æмæ зæрдæхудты бар бакæнынæй дарддæр. Æмæ та  уæддæр æмæ уæддæр – æппыннæйы бæсты… Бæлвырддæр зæгъгæйæ, сæхæдæг сæхи тыххæй хуыздæр сарæхсынц дзурынмæ дæр æмæ сæхи равдисынмæ дæр…

Дзырдаивады нын Къоста у фыццаг, зонады – Васо, хуызфыссынады – Махарбег æмæ афтæ дарддæр. Музыкалон  аивадыл куы цæуа дзырд, уæд Хуыцау йæхæдæг дæр зæгъид: Гæздæнты Булат!

Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Ирыстон-Аланийы фыццаг Куысты хъайтар æмæ йын чи фæнымайдзæн йæ бирæнымæц бæрзонд нæмтты. Йæ иууыл стырдæр æмæ бæрзонддæр ном – ирон аивадæн табугæнджыты æнæссæугæ, æнæсивгæ уарзондзинад. Уый зонынц Ирыстоны алы къуымы дæр, алкуы дæр ын бæллынц йæ фæндыры цагъдмæ байхъусынмæ, алкуы дæр æм баулæфынц зондамындмæ, музыкалон аивады сусæгдзинæдты дæгъæл ракурынмæ. Æмæ алкуы дæр, алы хъуыддаджы дæр у, æмбал кæмæн нæй, ахæм! Адæм æй фыруарзт æви фырбуцæн Булик хуыдтой йе ‘взонджы бонты, афтæ йæ хонынц ныр дæр йæ фондз æмæ цыппарыссæдз азы кары дæр, уымæн æмæ у адæмон. Титултæй нæ, фæлæ æрдзон курдиатæй, профессионалондзинадæй, йæ ирондзинадæй, йæ ирон æфсарм æмæ лæгуарзон зæрдæйæ.

Ныр фæндзай азы бæрц разамынд кæны Цæгат Ирыстоны телерадиокомпанийы Адæмон инструментты оркестрæн. Йæхи базонынæй фæстæмæ та – ирон фæндыры зæлтæн. Куыд композитор, афтæ йæ уацмыстæ раджы систы адæмон, йæхæдæг куыд садæмон, афтæ. Йæ табугæнджытæй иутæ сæхи нывонд кæнынц Булаты «сыгъзæрин къухтæн», иннæтæ – йæ «зараг удæн», аннæтæ – йæ «сыгъдæг ирон аивадæн». Иутæ фæлварынц æндæртимæ йæ абарыныл, фæлæ йын æмбал, æмсæр нæма ссардтой æмæ нæма арынц. Фæлæ уыдонæй алкæмæй къаддæр сты, Булат ирон музыкалон аивадæн цы стыр хæрзты бацыд, уый сбæлвырд кæныныл чи архайы, уыдон. Цæмæн сты къаддæр? Уымæн æмæ уарзын æнцон у, зын – уыцы уарзт цæй охыл, цæй фæдыл райгуыры, уый раиртасын, уымæн саргъ кæнын у. Уæлдайдæр – Булаты  æнæкæрон аивадон тыгъдадæн.

Дзырд дæр ыл нæй, Булаты фæндыры цагъдæн йæ зæлтæ дæр æндæргъуызон сты. Булат цы мелоди самоны, уымæй æндæр ирон уæздандзинад ныззæй кæны, йæ фæндыры зæлтæй æндæргъуы-зон хæрздæф ракæлы, æрдзæн æм йæхи музыкалон мыртæ дæр æндæргъуызон, зæрдиагдæрæй ныхъусынц. Æмæ та фехъусдзынæ: «Булат æндæргъуызон ирон цагъд кæны», Булаты уды æндæр ирондзинад тæлфы…». Гæздæны-фырт нæ театрты спектакльтæн цы музыкæтæ ныффыста, уыдон арфдæр уидæгтæ ауагътой театралон аивады, æндæр агайдæй агайынц сценæмæкæсæджы зæрдæ.

Æнусты дæргъы ирон фарн æмæ уаг æлдариуæг кæм кæнынц, уыцы кадджын хъæу Ольгинскæйы райгуырд фидæны номдзыд композитор æмæ фæндырдзæгъдæг Гæздæнты Булат. Ам ын бауагътой йæ рæзгæ уды, абон дæр йе ‘мдзæрин чи у, уыцы ирон уæздандзинад.

Цалдæр фæлтæры кæм уыд, ахæм бирæнымæц бинонты ‘хсæн иууыл кæс-тæр уыд Булат. Æнгом, адæмы ‘хсæн нымад уыдысты Гæздæнты Гаппойы бинонтæ. Сæ хæдзары цы фарн уыд, уый хæрз сабийæ бандæвта Булатыл дæр, хъомыл кодта куыстуарзаг æмæ цумамæ æнæзивæг кæстæрæй. Гæздæнты сывæллæттæй  фæндырыл ничи цагъта, цæрыны фаг рацæрын кæмæн нæ бантыст, уыцы хистæр чызг Эммæйы йедтæмæ. Куыддæр-иу фæндыр йæ къухмæ райста, афтæ-иу æртæаздзыд Булат йæ хъазын фæуагъта æмæ-иу февзæрд йæ цуры. Йе стыр цæстытæ-иу зыдæй ныццавта фæндыры тæнтæм, афтæмæй-иу хъусынтыл фæцис, Эммæ зæрдиагæй кæй цагъта, уыцы адæмон мелодитæм. Æмæ иу райсом раджы, Булат йæ фынæйæ куы райхъал æмæ хæдзары йæ цæст куы никæуыл схæцыд, уæд йæ хуыссæнуатæй ныййарц, фæндыр кæм æвæрд уыд, уыцы къуыммæ. Тыхæйты йæ æриста йе ‘вæрæн бынатæй… Фæндыр йæ хъæбысы нæ цыд, нæ каст йæ чысыл фæлвых цæнгты коммæ, фæлæ уæддæр, сæ хистæр хойы фæзмгæйæ,  ацархайдта йæ айвазыныл. Æмæ – диссаг… Æрцыд, йæхæдæг дæр æнхъæл кæмæн нæ уыд, ахæм диссаг, фæндырæй куы райхъуысид, ольгинскæйæгтæ-иу арæх кæй зарыдысты, уыцы уырыссаг зарæджы мелодийы æнгæс зæлтæ. Йæ «амондæн» бинонтæй хæдзары ничи разынд, иууылдæр сæ райсомы зылдтытыл уыдысты æмæ ничи хъыгдардта æртæаздзыд сабийы, ничи йæ иппæрд кодта йæ цагъдæй. Æмæ цагъта, цы мелоди ацахста, уый ногæй ногмæ фæлхатт кæнгæйæ. Уыцы райсомæй фæстæмæ Булат нал фæхицæн фæндырæй. Хæдзары-иу исчи уыдис æви нæ, ууыл хъуыды дæр никуыуал акодта, уæгъд нал суагъта, цæрæнбонтæм кæрæдзийы удты кæимæ бацардысты, уыцы фæндыр.

Хъæубæсты чызджытæ йыл райдыдтой «кæрæдзи хæрын». Алкæй дæр сæ фæндыд, чысыл Булаты йæ хъæбысы сæхимæ бахæсса æмæ йæ йæ фæндырæй ацæгъдын кæна. Афтæмæй рæзт сомбоны стыр фæндырдзæгъдæг æмæ композитор,  лæппуйы митæ æмæ хъæз-тытæ бынтон æцæгæлон кæмæн уыдысты, фæндыры тæнтæ æмæ иу мелодийæ иннæмæ хизын йедтæмæ кæй ницы æндæвта, уыцы Булат. Хистæртæ йæ алы хатт нæ уагътой фæндырмæ, тарстысты, куы йын æрхауа, йæ тæнтæ куы аскъуыйой, исты дзы куы фехæла, фæлæ-иу  Булаты ставд цæссыгтæ фенгæйæ, сæ зæрдæтæ æрфæлмæн сты æмæ йæ нал хъыгдардтой. Цы ма сæ тыхсын кодта, уый – Булат лæппу кæй уыд, уымæн æмæ ирæттæ рагæй фæстæмæ фæндырыл цæгъдынмæ æрмæстдæр чызджыты разæнгард кодтой. Фæлæ ууыл дæр тагъд сразы сты – нырма сывæллон у, зæгъгæ, афæлмæцдзæн дзы æмæ йæ йæхæдæг ныуаддзæн…

Цыдысты азтæ, рæзт нæ абоны номдзыд фæндырдзæгъдæг. Фадат ын фæцис ирон музыкалон аивады «ахуыргæнæндонмæ» бахауынæн дæр – зæрдиагæй йæ хонын райдыдтой Ольгинс-кæйы хъæуы чындзæхсæвтæ æмæ лæппуйы куывдтæм. Æцæгæйдæр, уæды заманы чындзæхсæв ирон музыкалон аивады фыццаг ахуыргæнæндон уыд. Æндæр кæм хъуамæ райхæлдаид хъæууон фæсивæды курдиат, кæм сын уыд сæ арæхстдзинад равдисыны фадат?..

Æмæ, куыдфæстагмæ, чысыл Булаты, лæппу кæй уыд, уый охыл фæндырæй баиртасыныл чи архайдта, уыцы хистæртæ ныр сæхæдæг систы йæ аивадæн табугæнджытæ. Зын уыдысты уыцы азтæ, куыд æппæт бæстæйы, афтæ Булаты райгуырæн хъæу Ольгинскæйæн дæр: стонгдзинад, хæсты тас, хъæумæ кæрæдзийы фæдыл цæуæг сау гæххæттытæ, мадæлты, идæдзбаззайæг сылгоймæгты хъарджытæ, фæлæ уæддæр цард йæ кæнон кодта. Хъысмæты фыдæнæн чындзæхсæвтæ дæр кодтой, æмæ ма-иу алыгъуызон æфсæнттæй хъæуы клубы концерттæ дæр æвдыстой, æнæ Булат чи нал фидыдта, ахæм концерттæ.

Булаты фæндыры цагъд хъæубæсты адæмы хъуыдис æхцондзинад райсынæн, сæхи ирхæфсынæн, сæ уæззау цард фæрогдæр кæнынæн. Булат та-иу цæгъд-гæ-цæгъдын йæ фæндыры зæлты агуырдта, йæ къухы чи нæма бафтыд, ахæм амонд, зонгæ мелодийæн æндæр аивадон хъомыс радтыны, фæаивдæр æй кæныны амонд.

Уагæр афтæ ма йын куы уыдаид йæ сомбоныл хъуыды кæныны, йæ аивад фæцæрдхъомдæр кæныныл архайыны фадат… Хæст фæцис, фæлæ хъæубæстæ нал уыдысты царды амæлттæ кæнынхъом. Ольгинскæйы цы адæм цард, уыдонæн сæ бæрæг фылдæр хай уыдысты, саударджытæ, идæдзтæ, сидзæргæстæ. Раст уыцы уæззау рæстæджы Гæздæнты бинонтыл æрцыд фыдусы æлгъыст. Амард сæ хæдзардарæг, сæ уарзон фыд Гаппо. Æмæ сывæллæттæн фæндырыл цæгъдын нæ, хъæрæй сдзурыны бар дæр нал уыд… Булатæн йæ фыды мæлæт афтæ риссаг æвнæлдæй нæ нывнæлдта йæ зæрдæмæ, цæгъдыны фадат ын кæй нал ис, уый йын куыд æвдæрзта йæ чысыл зæрдæ. Ныхъуыста йæхимæ, фæлæ цы йæ бон уыд, фæндыр цæгъдыны мондагæй йæхи сусæг цæссыджы цы æхсадта, æндæр. Йæ риуыдзаг ма-иу сулæфыд æрмæстдæр скъолайы, музыкæйы урок-иу сын куы уыд, уæд. Цыфæнды мелоди, цыфæнды зарæг сын ма амыдтаид сæ музыкæйы ахуыргæнæг – Булатыл-иу базыртæ базад, йæ бæллицтæ, йæ уды рæмудзгæ цæлхъытæ-иу ахæм уæлтæмæны хæлбурцъ скодтой æмæ-иу æм ахуыргæнæгæй, ахуырдзауæй кæсгæйæ баззадысты. Булат бæл-лыд стыр аивадмæ. Æмбæрста, сæ хъæуы клубы цы концерттæ вæййы, дуне уыдоныл кæй нæ банцад – горæты кæй ис театр, кæй дзы вæййы, уымæй хуыздæр кæм цæгъдынц æмæ зарынц, ахæм концерттæ. Фæлæ, мæгуыр, æвæрæз бинонтæн маамæлайы къæбæр кæм нæ фаг кодта, уым ын горæтмæ концертмæ ацæуынæн фæндаггаг æмæ билет балхæныны æхца чи хъуамæ радтаид?..  Æмæ-иу йæ уды рыст æрмæстдæр ныллæмæрста, уæд, сæ хъæуы-иу искуыдæй-искуыдмæ спектакль кæнæ концерт куы равдыстой. Суинаг композиторы цæстытæ-иу сцæнæйыл бандæгъдысты, профессионалон артистты аивад-иу ын йæ зæрдæ йемæ ахаста.

Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ йæ ном популяронæй популярондæр кодта. Ольгинскæйы æнахуыр курдиаты хицау лæппу кæй бахъомыл, уыцы хабар тагъд айхъуыст æнæхъæн Ирыстоныл. Æмæ-иу сæ хъæумæ ирон театры артисттæ спектакль куы сластой, уæд-иу хъуамæ æнæмæнг байхъуыстаиккой Буликы фæндыры цагъдмæ. Уым ыл æрæвæрдта фыццаг хатт йæ цæст ирон аивады æрттивгæ стъалы Икъаты Серафимæ дæр. Серафимæ æрмæст драмон театры артисткæ нæ уыд, фæлæ тынг зындгонд уыд куыд фæндырдзæгъдæг, афтæ дæр. Булат йæхæдæг дæр бирæ уарзта ацы диссаджы зæрдæскъæф сылгоймаджы сценæйон æмæ музыкалон аивад æмæ йæхи сæрыстырыл нымадта, номдзыд фæндырдзæгъдæг æм йæ хъус афтæ лæмбынæг кæй æрдардта, уымæй. Æмæ ноджы фæтыхджындæр йæ зæрдæйы æнæ-кæрон уарзт аивадмæ. Фæндзайæм азты рай-дианы йæм амонд йæ мидбылты бахудт. Ахуыр кæнынмæ бацыд, ныртæккæ нæ номдзыд дирижер Гергиты Валерийы ном чи хæссы, Дзæуджыхъæуы уыцы зындгонд музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Тынг зæрдæргъæвд æмæ æнахуыр курдиатджын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ уыцы-иу рæстæджы ахуыр кæнынмæ айстой æртæ хайадмæ. Ам ын фадат фæцис, йæ уды змæлæнтæ йын чи феуæгъд кодта, уыцы аивады амондæй бафсæдынæн. Ахуыр кодта тынг хорз æмæ æнтыстджынæй, каст алыгъуызон музыкалон литературæ, ахуырæй уæлдай йын цы рæстæг зад, уыцы рæстæг та хардз кодта спектакльтæ æмæ концерттæм цæуыныл, йæ кадавар стипендийæ исты  бахæрын, исты скæнын никуы бауарзта йæ цæст – æрмæстдæр билеттæн, театртæм, концерттæм…

Цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджындæр æнхъæлы – Булатæн кæд ацы ахуыргæнæндоны фадат фæцис музыкалон аивады æппæт сусæгдзинæдтæ базонынæн, уæддæр ахæм амонд фагыл нæ банымадта æмæ ацыд дарддæр ахуыр кæнынмæ – Мæскуыйы Гнесинаты номыл Æппæтцæдисон Паддзахадон Музыкалон институты адæмон инструментты факультетмæ. Ам бынтондæр аныгъуылд аивады æнæбын денджызы сомбоны номдзыд композитор, хæдбындур дирижер æмæ номхæссæны фæндырдзæгъдæг. Фæлæ ма адæймагмæ курдиат æмæ тырнындзинады уæлдай æндæр цыдæртæ дæр фембæлы амондскæнæгæй!.. Булатæн йæ сидзæргæс мад Гусалон царды фæндтæ бæргæ кодта, фæлæ бынтон цыбыр уыдысты йæ къухтæ. Колхозы куыстмæ-иу ын цы картоф радтой, уымæн-иу йе ‘мбис ауæй кодта æмæ уымæй кодта царды амæлттæ. Цæмæй ма хъуамæ баххуыс кодтаид, стыр горæты йын чи ахуыр кодта, уыцы студент лæппуйæн та?.. Стæй Булат куыд хъуамæ банхъæлмæ кастаид, йæ уæззау цард кæмæн уыдта æмæ кæй мæтæй рыст, уыцы мады æххуысмæ?.. Æмæ райсомæй изæрмæ ахуыр кодта, æхсæв та кусгæ кодта – кæм вагæттæ æвдæлон кодта, кæм – алыгъуызон сау куыстытæ… Цасы фаг хъуамæ скома афтæмæй адæймаг, цыфæнды æвзонг æмæ æнæниз куы уа, уæддæр?.. Æмæ фæцудыдта йе ‘нæниздзинад Булатæн дæр. Æмæ йын… дохтыртæ нал радтой йæ ахуыр адарддæр кæныны бар.

Цы зæрдæйæ, цахæм равг æмæ хъуыдытимæ хъуамæ здæхтаид фæстæмæ, аивадæн сæрнывонд лæппу! Фæлæ йæ цы бон уыд… Куыста алы æмæ алы рæтты. Радиокомитеты, Ирон театры. Фæлæ йæ куыдфæстагмæ райдыдта æмбарын, æнæ ирон фæндыр йæ цард царды хуызæн кæй никуы уыдзæн.

Абон Булат зындгонд у, æмбал кæмæн нæма ис, ахæм фæндырдзæгъдæг æмæ композиторæй. Абон Булат йæхæдæг дæр нал зоны, цал ирон спектаклæн ныффыста удылтайгæ музыкæ. Профессионалон æгъдауæй цал адæмон мелодийыл бакуыста, Туркæй цы  симды музыкæ æрхаста æмæ адæмон кæй скодта, уымæй райдайгæйæ. Фæндзай азы дæргъы цас балæггад кодта ирон музыкалон аивадæн Адæмон инструментты оркестрæн къухдариуæггæнæг уæвгæйæ. Цал суинаг лæппу æмæ чызгæн бауарзын кодта ирон фæндыр æмæ цал номдзыд адæймаджы кувынц абон Булаты цæрæнбонæн, стыр аивадмæ сын фæндæгтæ кæй байгом кодта, уый тыххæй. Цас фæрæзтæ бахардз кодтаиккой туркаг ирæттæ, йæ фæндыры амонæнтæ йын сыгъзæрин амонæнтæй куы раивтой, уæд…

Уый тыххæй ныффыста ахæм æмдзæвгæ нæ номдзыд поэтессæ Гуырдзыбегты Иринæ Булаты 85 азы юбилеймæ:

 

Рассвет над горами багрянцем горит.

Орлиные крылья блестят…

Мелодия жизни над миром звучит –

Играет БУЛАТ…

О, в скольких краях слушал зал, не дыша,

Тех звуков густой водопад!

В них нашей Осетии – боль и душа…

Играет БУЛАТ…

Наверное, с детства в себя он вобрал

Всю музыку отчей земли.

Здесь Ольгинского золотые поля

Раздольною песней взошли.

Джигиты несутся, взрастают сады,

И Терека волны шумят…

Любовь материнскую славит фандыр…

Играет БУЛАТ.

Устанет гармонь – так он к пульту встает,

И руки, как птицы, летят…

Сто лет, если Бог их, конечно, пошлет, –

Играй нам, Булат!

Над бытом мирским, суетой и бедой,

Над бездной удач и утрат, –

Великий и скромный, седой, молодой… –

Играй нам, БУЛАТ!

Диссаг куыднæ у – уый бæрц сфæлдисын æмæ саразын кæмæн бантыст, уый ма адæмæн æндæр хуызы лæггад кæнынмæ дæр æвдæла!.. Рукъы тъунел куы фегом, уæдæй фæстæмæ ноджы æнæзивæгдæрæй райдыдта цæуын, йæ уарзынæй кæмæн не ‘фсæды, Ирыстоны уыцы хуссар хаймæ. Æрвылаз дæр-иу нæ театры коллектив, Цæгат Ирыстонмæ гастролты цæугæйæ, Рукъы тъунелмæ бахизæны федтой ахæм ныв: уæртæ лæууы Гæздæнты Булаты урс «Жигули», йæ цуры лæууы йæхæдæг дæр æмæ йæм куыддæр Чъребайы театры «Кубань» автобус сзынд, афтæ йæ фæндыр дардыл айвæзта æмæ ныццагъта исты ирон мелоди. Стæй фæндыр машинæйы бавæрдта æмæ ныр та машинæйæ исын райдыдта, йемæ-иу цы хæрд-нозт раласта, уыдон. Афтæ æрвылаз дæр, æрвылхатт дæр…

Ирыстон хъæздыг у курдиæттæй, уæлдайдæр та – фæндырдзæгъдджытæй. Уыдис нæм æмæ нæм ис, адæмæн уарзон чи ссис, Нарты Ацæмæзы фæдонтæ схонæн кæмæн ис, ахæм фæндырдзæгъдджытæ: Икъаты Серафимæ, Цхуырбаты Барис, Цæукъаты Хуыме, Реуазты Симæ, Мыстъулаты Ирæ, Дзуццаты Сослан, Цъыгкаты Светланæ, Хадыхъаты Аллæ, Хъайтмæзты Мæдинæ, Хуытъыгаты Маринæ, Цорæты Жаннæ æмæ бирæ, бирæ æндæртæ. Фæлæ уыдонæн ис сæхи бардуаг. Уыцы бардуаг, иннæ бардуæгтау, уæларвы нæ цæры – цæры, мах цы зæххыл цæрæм, уыцы зæххыл æмæ уый у Гæздæнты Булат, нæ фæндыры бардуаг.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.