Уæрæсейы Федерацийы 2018 азы 1-æм январæй фæстæмæ цы сабитæ райгуыра, уыдонæн иурæстæгон бафыстыты хъуыддаджы æрцыд къорд ивындзинæдтæ. Мах бацымыдис кодтам ацы фадыджы нæ республикæйы та цы ивындзинæдтæ ис, уыдонмæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты министрады юридикон хайады нын уый фæдыл загътой: «Иурæстæгон бафыстыты бæрц 5 мин сомæй сырæздзæнис 10 мин сомы онг 1-æм январæй. Уымæй дарддæр ма раздæр кæд лæвæрдтой æрмæстдæр æр-тыккæгæм æмæ уымæй фылдæр сывæллонæн, уæд нырæй фæстæмæ та дæтдзысты дыккаг сывæллоны тыххæй дæр».

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы фиддонтæ фыст цæудзысты афæдз æмæ æрдæджы онг. Юридикон хайады сæргълæууæг Багаты Аллæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы барамынды проект ныридæгæн æрвыст æрцыд Хицауадмæ, цæмæй йæм æркæсой сæ радон рабадты. Уыцы барамынд куыддæр фидар æрцæуа, афтæ фидын райдайдзысты уыцы фиддонтæ.

Мах бацымыдис кодтам æрвылмæйон æххуыс иу сабийæн раздæрау 200 сомы уыдзæн æви нæ, уыцы фарстмæ. Министрады куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уыцы бафыстытæ баззадысты æнæивгæйæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2016 азы куыстмызд фæфылдæр æмæ иурæстæгон бафыстытæ лæвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фæлгæтты æмæ цæрджыты социалон хъахъхъæнынад сифтонг кæныны нысанæн. Уæд, 2016 азы 30 ноябрмæ иурæстæгон фиддонтæ райсыны фæдыл сæ гæххæттытæ цы ныййарджытæ балæвæрдтой, уыдон нымæц уыд 6 427 сывæллоны бæрц. Уыдон се ‘ппæт дæр райстой уыцы фиддонтæ дыууæ этапæй. Фыццаг хай – 2016 азы декабры мæйы кæрон, иннæ æмбис та – 2017 азы январы мæйы. О, фæлæ ма разынд ахæм ныййарджытæ дæр, кæцытæ афоныл нæ бацæттæ код-той сæ гæххæттытæ социлон ифтонгады органтæм сæ бадæттыны тыххæй æмæ нал бахаудтой, ацы æхцайы фæрæзтæ фыст кæмæн хъуамæ æрцыдаиккой, уыдон номхыгъдмæ. Финансты министрады ныфс бавæрдтой кæй, ссардзысты фæрæзтæ ацы бафыстытæн хисæрмагонд æфтиæгты фæрцы. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы финансты министрадты ‘хсæн дæр цыд консультацитæ æмæ йæ фæстиуæг уыд, хуссарирыс-тойнаг сывæллæттæй ноджы иу мин сывæллонæн уыцы бафыстыты сæраппонд фæрæзтæ рахицæн кæ-нын. Ныр уыдон дæр æрцæудзысты фыст.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.