21-26 октябры Республикæ Абхазы горæт Очамчирæйы уыдис фыццаг æппæтдунеон форум «Нæ фидæн иумæ аразгæйæ»

Йæ хайадисджытæ уыдысты Абхаз, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъары Республикæ, Сири, Турци, Иордани, Тамбов æмæ Санкт-Петербургæй. Хуссар Ирыстонæй Абхазмæ ацыдис фондз хайадисæджы. Æдæппæтæй 70 æвзонг æмæ зондагур фæсивæды минæвары. Фондз боны дæргъы цымыдисон программæимæ зонгæ кодтой, сæхи фæлвæрдтой проекттæ фыссыны, интеллектуалон æмæ спортивон хъæзтыты. Форумы темæтæ уыдысты «Медиа», «Волонтёрство». Форум уагъд æрцыд Республикæ Абхазы фæсивæды хъуыддæгтæ æмæ спорты паддзахадон комитеты ахъазæй. Йæ проекты автор у Габрава Камуг. Уый йæ бахъахъхъæдта форум «Eurasia Global»-ы 2022 азы июны æмæ рамбылдта «уды бæстæйы» грант йæ реализацийæн.

Горæт Очамчирæ. Тæккæ денджызы былыл. Райсомы авд сахатыл хайадисджытæ уылæнты æхсидтмæ фæли-дзынц… Афтæ-иу хъæлдзæгæй райдыдта алы бон дæр. Уый фæстæ æнцондæрæй цыдысты цыфæнды зонындзинæдтæ æмæ хъуыдытæ.

«Форум уыд тынг цымыдисон. Зæрдæйы баззадысты куыд лекцитæ, афтæ, уыдоны æддейæ цы цыд, уый дæр. Ссардтон дзы ног æмбæлтты, райстон дзы цымыдисон зонындзинæдтæ. Стæй мe ’мгæрттимæ куыд Абхазæй, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр нæ ахастытæ фæхъæрмуддæр сты. Бирæ цыдæртæ мæ зæрдыл дарын, фæлæ тынгдæр, куыд æмбырд кодтам изæрырдæм, куыд зары-дыстæм, нæ рæстæг хъæлдзæгæй куыд æрвыстам, уымæн рох кæнæн нæй.

Æппæтдунеон форум „Нæ фидæн иумæ аразгæйæ“ мæн бафæндыд, ног проект ныффыссын, æмæ йæ æввахс рæстæджы хъуамæ сæххæст кæнон. Форумы мах иумæ арæзтам нæ фидæн!» — йæ хъуыдытæ райхæлдта абхазаг хайадисæг Сария Касландзия.

Грантон конкурс

Йæ хайадисджытæ уыдысты фондз командæйы. Уыдон сæ проекттæ райхæлдтой жюрийы раз. Уæлахиздзаутæ рамбылдтой грант æртæ сæдæ мин сомы. Проект тагъд реализаци æрцæудзæн Республикæ Абхазы.

Куыд хъæздыг у ацы бæстæ æрдзы диссæгтæй: ис дзы денджыз, цъæх-цъæхид хъæдтæ, цæдтæ, урс дарæсы мидæг æнусон хæхтæ. Форумы фæсивæдæн уыдис фадат хи цæстæй Рицайы цад фенынæн, абхазаг этно-лагермæ экскурсимæ ацæуынæн.

Алцæмæндæр æрцæуы кæрон. Фондз боны дæргъы фæсивæд райстой актуалон зонындзинæдтæ, ссардтой ног æмбæлтты, федтой ног бæстæ. Ныр сæ хæс — ног зонындзинæдтæй ахсджиагæй спайда кæнын æвзонг фæсивæды ахастыты райрæзтыл æмæ сæ размæцыдыл. Форумы кæрон хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты сертификаттæй.

Иунæгæй ницы саразæн ис а-дунейы. Хъуамæ æнгомдæр кæной фæсивæды ахастытæ. Сæ зонындзинæдтæ та кæрæдзийæн хæлæг ма кæной.

БАГАТЫ Элинæ,
ХИПУ-йы студенткæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.