БИРÆ БИНОНТÆ – БИРÆ ФÆРÆЗДЖЫН

 

Раздæр ирон адæм бирæ бинонтæй цардысты. Бирæ бинонтæн æнцондæр аххæссæн уыд хохаг зын æмæ æвадат царды куыстытыл, тыхмимæ сæм ничи уæндыд. Гъе, уымæ гæсгæ-иу, хæдзары лæппутæ устытæ курын куы райдыдтой, уæддæр нæ тагъд кодтой байуарыныл. Цардысты-иу иу цары бын, хицæн уæтты. Сæ куыст, сæ хæрд та уыд иу. Чындзытæ цот кодтой, сæ хъомыл кæнын та фылдæр каст нана æмæ дадамæ. Уы-цы ахсджиаг хъуыддагмæ сæхи хæ-дзары куыстытæй не ‘вдæлд.

Бинонты ‘хсæн сывæллæттæ дæр уыдысты цыдæр куыстытыл хæст, æмхуызон сæ рæвдыдтой, йæ хъæбулæн дзы хъулон митæ ничи кодта. Уæлдайдæр та – сæ фыдæлтæ. Фыд йæ хъæбулмæ йæ номæй дæр нæ дзырдта. Дзырдтой сæм: «лæппу» кæнæ «чызг». Нанатæн, дадатæн та уыдысты: «урс уæрыччытæ», «дзыкъынатæ» æмæ «фыркъатæ». Фыды йе ‘нкъарæн равдисын æгъдау нæ уагъта. Æмæ-иу хатт лæппу кæнæ чызг йæ фыды базыдта, куы-иу байуæрстой, уæд.

Иуахæмы, дам, Куырттаты комы иу стыр бинонтæ уарыныл ныллæууыдысты. Хъуыддаг æгъдауыл, æнæзæрдæхудтæй ахицæн. Фæлæ сывæллæттæй иу лæппу йæ зæрдæхалæн куыдæй уарджыты йæхимæ æркæсын кодта, æмæ йæ куы бафарстой, цы кæныс, цæуыл кæуыс, зæгъгæ, уæд сын лæппу хæкъуырццæй кæугæйæ, афтæ:

– Æвзæрдæр махмæ æрхаудис!..

Уарджытæ æвиппайды нæ бамбæрстой лæппуйы дзуапп, фæлæ, бинонтимæ куы аныхас кодтой, уæд бамбæрстой, æфсымæртæй иу расыггæнаг кæй у, æмæ уый уыд йæ фыд. Лæппуйы зондæй уарджытæ бинонты мулк нæ уæрстой, фæлæ æфсымæрты æмæ расыггæнаг уыдонмæ æрхаудис.

Ирон адæм бирæ бинонтæй цардысты Хуссар Ирыстоны, стæй, Байаты Гаппо æртыккаг Ирыстон цы бæстæ хуыдта, уым – Триалеты хæхбæсты дæр. Триалет ис Гуры фале уæлвонг ран æмæ хаудис Гуырдзыстоны ССР-йы æртæ районмæ. Уымы ирон адæмы тыххæй æрмæджытæ ис стыр ахуыргонд Уанеты Захары (йæ ном хæссы Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт) иртасæн куыстыты. Йæ æвзæрст уацмысты дыккаг томы (Цхинвал. 1990 аз) 95 фарсыл ис ахæм дæлсæргонд «Семейная община Михела Гогичаева». Йæ бынмæ цы æрмæг лæвæрд цæуы, уый ныффыста, ацы бинонты хорз чи зыдта, уый – Гаглойты Давиды ныхæстæй.

Триалеты хæхты Гъебрианы хъæуы иумæ иу бинонтæй 1917 азы цардысты Годжыцаты дыууæ æфсымæры Михел æмæ Цикун. Æдæппæт уыдысты 50 адæймаджы. Хистæр æфсымæр Михелæн уыд фондз усджын фырты æмæ иу чызг. Йæ фырттæй æртæйæн уыд 4-гай сывæллæттæ, дыууæйæн та – æртыгæйттæ. Цикунæн уыд 4 усджын фырты æмæ дыууæ чызджы. Фырттæ æртæйæ хъомыл кодтой дыгай сывæллæттæ, цыппæрæм – иу. Цардысты иу даргъ егъау хæдзары, астæуæй дзы уыд къона артдзæстимæ.

Бинонты сæргъы лæууыд хистæр æфсымæр Михел. Уый разамынд лæвæрдта хæдзары æппæт куыстытæн æмæ бинонты хъуыддæгтæн.

Уый-иу райсомæй сыстад æппæты разæй æмæ, бинонтæй дæс азæй уæлæмæ кæуыл цыд, уыдон иууылдæр æфтыдта куыстыл. Алчи дæр дзы зæрдиагæй æмæ разæнгардæй æххæст кодта йæ хæслæвæрд, ахæм кадджын уыд се ‘хсæн.

Бинонтæм уыд стыр хæдзарад: дæсы бæрц бæхтæ, 20 бæрц – галтæ, 30 хъуджы, 1000 бæрц фыстæ æмæ мæргътæ – бирæ.

Сæ хъом, фос дардтой æртæ скъæты.

Сæ хуымзæххытæй истой хъæздыг тыллæг: 5-6 тоннæйы бæрц хор, 30-40 тоннæйы – картоф. Æххуырстытæ нæ дардтой. Фæлæ тыллæгæфснайæнты, хосгæрдæнты афон амалджынæй пайда кодтой ирон зиутæй. Уырдæм-иу фæдзырдтой сæ сыхбæстæ æмæ хиуæттæм. Зиуы архайджытæн ирон æгъдаумæ гæсгæ, фидгæ ницы кодтой, фæлæ сæ-иу хæрд, нозт æмæ арфæтæй хорз федтой. Фынгæвæрдæн-иу акусарт кодтой цалдæргай фыстæ æмæ стуртæ, рауагътой-иу арахъхъ, сфыхтой-иу бæгæны.

Бинонтæ тынг æнгом цардысты. Алкæмæн дæр сæ фæзминагыл нымадтой. Бинонты хистæр Михел æрмæст йæ бинонты, хъæубæсты æхсæн кадджын нæ уыд, фæлæ амы зыл-ды алы ран дæр. Кæсын, фыссын нæ зыдта, фæлæ иттæг хорз зыдта ирон æгъдæуттæ, уыд дзырдарæхст æмæ арæх фидауын кодта быцæугæнæг адæмы, туджджынты. Уыцы хъуыд-дæгтæм æй адæм сæхæдæг агуырдтой. Йæ уазæгуарзондзинадæн та æмбал нæ уыд.

Михел куы амард, уæддæр бинонты æнгомдзинад нæ фехæлд, фæлæ сын ахæм ахадгæ разамынд чи лæвæрдтаид, уый нал уыд æмæ байуæрстой. Аст бинонтыл ныддихтæ сты.

Ирон адæмы уыйбæрц бинонтæй цæрын кодтой сæ царды уавæртæ, æмæ сын дзы æнтыст, уымæн æмæ хистæр, кæстæр, нæлгоймаг, сылгоймаг зыдтой. Хистæртæ, уæлдайдæр нæлгоймæгтæ кадджын уыдысты Михелау бинонты ‘хсæн. Сылгоймаг йæхи уромын кæй нæ фæразы, алчидæр дзы йæхион кæй кæны, уый фыдæй нæ фыдæлтæм фидар æвæрд уыд уайсадыны хъуыддаг. Æмæ уыцы æгъдауы фæрцы сæхи дардтой уæзданæй, хылтæ кæнынæн сын фадат нæ уыд, хъæлæба нæ кодтой, хистæр нæлгоймæгты, уайсадгæ кæмæ кодтой, уыдонæй æфсæрмы кæнгæйæ. Кæрæдзимæ цæуыл сдзырдтаиккой, уый та куы нæ уыдаид, ахæм егъау бинонты ‘хсæн цæргæйæ. Уæлдайдæр цотджынтæм. Ахæм сылгоймæгты алкæй дæр фæфæнды йæхи къонайы фарсмæ хи бинонтимæ балæууын, куыд ничи йын уынаффæ кæна, афтæ. Уый у сылгоймагæн йе ‘рдзы сконд. Фæлæ йæ æгъдау урæдта.

Сылгоймаджы хъæлæба, дам, худинаггæнæг, фарн æмæ бæркадсафæг у, зæгъынц ирон адæм. Уыцы æгъдау дæр фидар æвæрд уыд нæ фыдæлтæм. Æмæ уымæй дæр сæхи хъахъхъæдтой сылгоймæгтæ. Йæ хъæр, йæ загъд дардмæ кæмæн  хъуыст, уыцы сылгоймæгтæ фидиссаг уыдысты æрмæст сыхбæсты нæ, фæлæ æнæхъæн хъæуы дæр.

Сылгоймаджы хъæлæбайы тыххæй ахæм æмбисонд ис ирон адæммæ. Иуахæмы, дам, фондз æмæ ссæдз барæджы – дардбæлццоны æрфистæг сты иу асгомау сидзæргæс усы кæрты. Ус сæ мидæ-мæ бахуыдта æмæ сæ æрбадын кодта фынджы уæлхъус, æрæвæрдта сын нозт, цыхты кæрстытæ æмæ сæм бахатыд:

– Чысыл фæгæдзæ кæнут, ныртæккæ уын дзул дæр афыцдзынæн…

Хæдзары устыты æрдыгæй фарс, къулмæ æнгом, рæгърæгъы æвæрд уыдысты æртæ ссаддоны. Ус сæм бацыд æмæ дзы иуы сæр систа. Уазджытæ уынынц, ссаддон йе ‘дзаг у ссадæй, фæлæ уæддæр ус афтæ бакодта:

– Уый сын не сфаг уыдзæн…

Уазджытæм уый диссаг фæкаст, æмæ сæ хистæр усы цурмæ бацыд. Ус дыккаг ссаддоны сæр систа. Ссаддон – æрдæгмæ ссадæй над, фæлæ та ус афтæ бакодта:

– Уый дæр сын не сфаг уыдзæн…

Æртыккаг ссаддонмæ ныккасти ус, æмæ ма дзы уыди иу армы дзаг ссад, фæлæ бацин кодта:

– Уый сын фагæй ноджы фылдæр у!..

Барджыты хистæр бадис кодта, фæлæ ницы сдзырдта. Ус уыцы ссады тæппæй иу дзул ракодта, уæлкъæй йæ афыхта æмæ уазджытæм бадзырдта:

– Адих æй кæнут, уæ нывонд фæуон, фæйнæ къæбæры уæм дзы æрхаудзæн, æмæ уе стонг айсæфдзæн…

Уазджытæ бавнæлдтой хæрынмæ. Кæд стонг уыдысты, уæддæр дзы иу дæр йæ хай хæрд нæ фæци, бафсæстысты, ахæм бæркадджын разынди уыцы дзул!

Æрæджиау уазджыты хистæр бафарста фысымы:

– Бахатыр кæн, нæ мады хай, фæлæ ма мын бамбарын кæн, дзаг ссаддоны ссадæй загътай: «Уый сын не сфаг уыдзæн», иннæ ссаддонæй дæр: «Уый дæр сын не сфаг уыдзæн». Æртыккаджы ма иу ссады тæпп уыди, æмæ уымæй та: «Уый сæ фагæй уæлдайдæр у». Æмæ раст разынди. Куыдæй?

Ус ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы:

– Диссагæй дзы ницы ис, мæ хъæбултæ. Дзаг ссаддоны ссад уæды хойраг у, чындзы ныхас артдзæстæй кæртмæ хъуысын куы райдыдта. Уый æбæркад у… Дыккаг ссаддоны ссад та уæды хойраг у, чындзы ныхас артдзæстæй фæрсагмæ хъуысын куы райдыдта… Уый дæр бæркадджын нæу… Æртыккаг ссаддоны ссад та уæды хойраг у, чындзы хъæлæс артдзæстæй рæхысмæ дæр куы нæ хъуыст… Уый цы бæркад хæссы, уый ныр уæхæдæг уæхиуыл бавзæрстат… Афтæ у, мæ хуртæ, адæймаджы фарныл зайы йæ хойраджы бæркад…

Гъе, ахæм цардфæлтæрд хъуыдытыл хæст уыдысты нæ фыдæлтæ, æмæ сæ царды фæтк æгъдауыл уыд. Уыдоны зонын хъæуы. Æмæ сæ æрмæст зонын нæ, фæлæ хатдзæгтæ кæнын, абоны царды нын дзы цы бæззы, уыдонæй пайда кæнын. Ахъуыдыйаг сты, абоны ирон сылгоймæгтæй иу-дыууæ сывæллонæй фылдæр цот чи нæ уадзы, йæхи дзы æгъдауы уромын чи нæ фæразы, зæгъыны фыдæй йæ бинонты, сыхбæсты ‘хсæн хъæлæба чи кæны, йæ мойы кад дæлæмæ чи тæры, æнгом цардыл чи нæ архайы, уæлдайдæр та ирон сылгоймаджы фарн æмæ рæсугъд, адæймагдзинады æгъдæуттыл чъизи къахæй бацæуыны фæлтæрæнтæ чи кæны, уыдонæн.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.