Сочийы уагъд æрцыд егъау турнир аивадон гимнастикæйæ «Жемчужина Черного моря», зæгъгæ. Уым хайад райстой хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ. Кокойты Дианæ ссис сыгъзæрин майданы хицау.

Йæ тренер Цхуырбаты Земæ банысан кодта: «Кокойты Дианæ ралæууыд спорты мастеры кандидатты ерысгæнæн программæйы. Турниры хайад истой бирæ тыхджын спортсменкæтæ, конкуренцийы æмвæзад уыд бæрзонд, фæлæ уыцы хъуыддаг нæ бандæвдта Дианæйыл. Уый йæхи равдыста тынг хорз æмæ йæ ралæудтыты хатдзæгтæм гæсгæ æрæмбырд кодта иууыл фылдæр баллтæ».

Турниры ма хайад райста Цхуырбаты Земæйы ноджы иу хъомылгæнинаг – Плиты Виктория. Уый та рамбылдта æвзист майдан. Хайад иста спорты мастерты программæйы. 2013 азы гуырд спортсменкæты къорды нæ гимнасткæтæ рамбылдтой дыууæ æвзист æмæ иу та бронзæ майданы. Æвзист майдантæ рамбылдтой Зассеты Мария æмæ Æлборты Ланæ. Бикъойты Виктория та бацахста æртыккаг бынат 2010 азы гуырд спортсменты ‘хсæн. Ацы спортсменкæты цæттæ кæнынц Зæгъойты Заринæ æмæ Тедеты Заринæ. 

Турниры цыппар тыхджындæр спортсменты нымæцмæ бахауд Пухаты Валерия (2011 азы гуырд). Болататы Виктория, Плиты Кристинæ æмæ Абайты Вероникæ та бацахстой фæндзæм бынæттæ. Бибылты Евæ æмæ Æлборты Виктория бацыдысты турниры тыхджындæр хайадисджыты фыццаг æхсæз спортсменкæйы скондмæ. Уымæй дарддæр ма Пухаты Валерия æмæ Хуыбылты Анастасияйæн саккаг кодтой специалон призтæ «Гордость тренера», зæгъгæ.

Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ ма аккагæй сæхи равдыстой эстетикон гимнастикæйæ Сочийы уагъдцæуæг æрвылазон гом турнир «Алые паруса»-йы, цыран рамбылдтой сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ. РХИ-йы аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйы федерацийы президент Цхуырбаты Земæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, командæ «Ир-Олимп Арион» ссис ерысты уæлахиздзау, кæцыйы сконды ралæууыдысты Цъæхилты Вероникæ, Дыгъуызты Валерия, Валерия Гулдаева, Цхуырбаты Миленæ, Мамиты Елизаветæ, Харебаты Елизаветæ, Гæбæраты Аделинæ æмæ Коцты Мария.

Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой тренер Цхуырбаты Земæ æмæ хореограф-æвæрæг Сония Глызина. Уыдон уый размæ та систы гом турнир «Северная Венеция»-йы уæлахиздзаутæ, турнир «Алые паруса»-йы призертæ (2018 аз) æмæ Санкт-Петербурджы чемпионаты æвзист призертæ. Сочийы турниры дыккаг призон бынат бацахста командæ «Ир-Олимп Валерия». Командæйы сконды уыдысты Тегкаты Илонæ, Цхуырбаты Валерия, Уанеты Валерия, Бестауты Аннæ, Хуыбиаты Валерия æмæ Елизавета Сенькова. Æвзонг гимнасткæты турнирмæ бацæттæ кодтой тренертæ Саулохты Наталья, Зассеты Эллинæ æмæ хореограф-æвæрæг Сония Глызина.

Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ ныр æртыккаг аз фæд-фæдыл, хайад исынц ацы егъау турниры. Ацы аз дзы хайад истой 50 командæйæ фылдæр æмæ уымæ гæсгæ ерысты конкуренци уыд бæрзонд. Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, равдыстой хорз фæстиуджытæ.

«Уавæрæй спайда кæнгæйæ, мæ нæ хъомлыгæнинæгты, тренерты æмæ, сæрмагондæй, мæхи номæй бузныг зæгъын фæнды Президент Бибылты Анатоли æмæ парти «Иууон Ирыстон»-æн регулярон æгъдауæй нын ерыстæм бацæттæ кæнын  æмæ ацæуынæн  кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй», – загъта Цхуырбаты Земæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.