Информацион агентад «Спутник»-ы уагъд æрцыд пресс-конференци, цыран Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æрдзырдта сæ бакæнгæ куысты фæдыл æмæ сæ дарддæры архайды тыххæй. Уый фæстæ сдзуапп кодта журналистты цымыдисон фарстатæн. Банысан кодта, зæгъгæ, ныр «Спутник»-имæ цалдæр азты дæргъы æмгуыстад кæнæм, журналистикæйы факультеты студенттæ арæх рацæуынц «Спутник»-ы практикæ, квалификаци фæбæрзонд кæныны курсытæ æмæ мастер-класстæ æмæ бузныг загъта агентады разамынадæн.

Фаронимæ абаргæйæ, ХИПУ-мæ ахуыр кæнынмæ бацыдис фылдæр ахуырдзауы. Тедеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ ахæм тенденци цæуы ныр цалдæр азы дæргъы.

«Ацы аз ног æрбацæугæ студентты нымæц схызт 246 адæймагмæ. Фæсаууонмæ ахуырмæ та нæм æрбацыдис 753 ахуырдзауы, фæлæ сæ нымæц гæнæн ис æмæ нырма фæфылдæр уа – развæлгъау фæндон рахастам, цæмæй ма цыдæр рæстæг исæм фæсаууонмæ ахуырмæ. Хъыгагæн, азæй-азмæ абитуриентты нымæц къаддæр кæны, зæгъæм, ахæм дæсныйæдтæм, куыд ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, математикæ, истори, биологи. Æппынæдзух архайæм, ахуыргæнæджы профессийы престиж сисыныл.

Иууыл фылдæр студенттæ нæм бирæ азты дæргъы вæййы юриспруденцийы æмæ уый диссаг нæу. Зæгъæм, тыхон структурæты кусджыты хъæуы ацы дæсныйад, стæй ма тæрхондоны, прокуратурæйы æмæ афтæ дарддæр. Æгæрыстæмæй, иу ахæм куыстуат нæй, юристы дæсныйад кæм нæ хъæуы.

Ацы аз нæм дыккаг бынаты та сты «Промышленон æмæ граждайнаг арæзтад»-ы факультеты студенттæ. Бирæ студенттæ ма нæм ис психологийы факультеты дæр», – зæгъы ХИПУ-йы ректор.

Дæсныйæдты фæфылдæрыл дзургæйæ, Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ ног факультет бакæнынæн хъæуы бындур, хъуамæ æнæмæнг хъæуа æхсæнады.

«Цалдæр азы размæ нæм æрбахатыдысты паддзахадон драмон театры коллектив, цæмæй нæм баконд æрцæуа актерон факультет. Ацы фарст æрæвæрдтам бæстæйы къухдариуæгады раз æмæ баконд æрцыдис ног факультет. Фæлæ æрмæстдæр иу аз. Ацы курсы студенттæ сæ ахуыр куы фæуой, уæд ма кæд хъæуа ацы факультеты сæр, уæд та райсдзыстæм ногæй студенттæ», – банысан кодта Тедейы фырт.

Æфсæддон кафедрæйы фарст скъуыддзаг æрцыдис, ис Президенты уынаффæ дæр æмæ кæнæ ацы азы кæрон, кæнæ иннæ аз уыцы кафедрæ уыдзæн.

Мах фæнды, цæмæй ацы кафедрæйы дæттæм зонындзинæдтæ ахæм дæсныйæдтæй, куыд артиллерист æмæ развæдсгарæг. Ректорæй мæ куы снысан кодтой, уæд фыццаг уал бацархайдтам, политологи æмæ социологийы кафедрæтæ байгом кæныныл, кæцы абоны бон у æнæмæнгхъæуæг. Баконд ма нæм æрцыдис информатикæйы кафедрæ æмæ информацион технологиты центр дæр. Ацы центры фæрцы мах абоны бон нæхи тыхтæй нæ хъус дарæм университеты локалон хызæгтæм, видеокамерæты системæтæм, компьютертæм æмæ ма æндæр ахæм техникæмæ. Æгæрыстæмæй, ХИПУ-йы бæстыхайы фасадыл цы дынджыр экран ис, уый дæр сæвæрдтам нæхи тыхтæй. Искæй нæ куы бахъуыдаид æххуырсын, уæд нын слæууыдаид 2-3 хатты фылдæр. Стæй, мæнмæ гæсгæ, ахæм экран сæвæрын бирæ пайдадæр у – иу хардз ыл бакодтай æмæ дзы бирæ азты дæргъы дæ хъуыддаг аразыс. Дынджыр баннерыл бахардз вæййы дзæвгар æхца – нырма сæ саразыныл, стæй сæ монтажыл æмæ демонтажыл. Афтæмæй та цалдæр боны фæстæ уыцы информаци, актуалон нал вæййы», – зæгъы ХИПУ-йы ректор.

Ацы аз ХИПУ-йыл æххæст кæны 90 азы æмæ уый сæраппонд уагъд æрцыдысты æмæ нырæй фæстæмæ дæр уагъд цæудзысты дзæвгар мадзæлттæ.

ХИПУ-йы историон факультеты ахуырдзаутæ хайад фæисынц археологон къæхтыты. Семæ фæкусынц историктæ Табуты Нелли, Гаглойты Роберт æмæ Дзаттиаты Руслан. Университеты къухдариуæгады хъуыдыйы ис, археологон скъола бакæнын. Уый тыххæй сын уавæртæ дæр æмæ фæрæзтæ дæр ис. Хъæуы ма сæ æрмæстдæр æндæр ахуыргæнæндæттимæ æмгуыст. Ацы аз дыууæ рауагъдоны арвыстой Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, археологийы дæсныйад исынмæ.

ХИПУ-йы 90 азы юбилеймæ октябры мæйы уагъд æрцæудзæнис Æппæтадæмон фæсивæдон форум æмæ дзы хайад райсдзысты куыд Уæрæсейæ, афтæ ма Абхазæй æмæ Сомихстонæй дæр. Форум цæудзæнис ахæм номимæ «Сохранение исторической памяти в контексте глобальных изменений».

ХИПУ-йæн æнгом ахастытæ ис Донбассы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ – 30 адæймагæй фылдæр дзы фыссынц кандидатон æмæ докторон диссертацитæ. Ацы аз уал дзы æртæ ахуыргæнæджы æнтыстджынæй бахъахъхъæдтой сæ куыстытæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.