Хуссар Ирыстон паддзахы рæстæджы уыдис Уæрæсейы фæстæзад къуымтæй сæ иу, цыран адæм уыдысты æбар, æнахуыр, сæ цард æрвыстой мæгуыр æмæ æххормагæй. Ахæм дуджы дзурæн дæр нæ уыдис адæмон ахуырадыл, ирон адæмы культурæйы рæзтыл.

Кавказы адæмты ‘хсæн Уæрæсе уагъта йæхи политикæ. Уымæ гæсгæ адæмон ахуырад рæзын кæныны бæсты паддзахы хицауад йæ бынæттон хицæутты æххуысæй дзыллæты ‘хсæн парахат кодта дины æгъдæуттæ. Александр I 1816 азы радта бардзырд сæрмагондæй Ирыстоны «Ирон дины кусджыты къамисы куыст» ногæй сæндидзын кæныны тыххæй. Къамисы хæс уыд хæххон адæмты ‘хсæн, фыццаджыдæр, ирæтты ‘хсæн чырыстон дин парахат кæнын. Фæлæ уыцы къамис, йæ сконды   бындуронæй гуырдзиаг дины кусджыты минæвæрттæ кæмæн уыдысты, уый ирон адæмæн хорзæй ницы сарæзта. Хуссар Ирыстоны территорийыл иунæг ахуыргæнæн-хъомыладон уагдон дæр нæ уыд, цалынмæ Гуырдзыстон Уæрæсеимæ баиу, уæдмæ. Колониалон политикæйы  иумиаг хæстæм гæсгæ миссионертæ æрæвæрдтой националон кадртæ бацæттæ кæныны тыххæй фарст. Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй та хъуыдис скъолатæ байгом кæнын. Фæлæ цалынмæ скъолатæ байгом кодтой, уæдмæ ирон аргъуаны сауджынтæ сæхи хæдзæртты ахуыр кæнын райдыдтой ирон лæппуты. Фæлæ ирон адæм сæ сывæллæтты ахæм ахуырæй райгонд нæ уыдысты æмæ домдтой, цæмæй байгом æрцыдаид æппынæдзух чи куыстаид, ахæм скъола.

«Ирон дины кусджыты къамис» æдзухон скъола байгом кодта Дзауы. Скъола райдианы уыд  дыууæхатæнон зæронд хъæдын хæдзары. Иу хатæны дзы цард сауджын йæхæдæг, иннæйы та ахуыр кодтой сывæллæттæ. Ам райдианы ахуырмæ цыдысты æндæр æмæ æндæр кары 13 сабийы. Скъолайы  ахуыргæнæгæй нысан æрцыд Дзауы сауджын Лашауров Иван. Уæлдæр загъдгонд къамисы домæнмæ гæсгæ  сауджынæн бахæс кодтой, цæмæй скъолайы фыццаг ахуыр кæной уырыссаг æвзаг, стæй уый фæстæ та – чырыстон дин. Ахуыргæнæджы куысты тыххæй йын ницы фыстой.

Дзауы скъолайы чи ахуыр кодтой, уыцы сывæллæтты нымæц хъæууонхæдзарадон куыстыты рæстæджы уыдис къаддæр, æххуыс кодтой сæ ныййарджытæн. Ахуыргæнинæгты нымæцыл ма æндæвта ахуыргæнæджы ахаст йæ куыстмæ. Кæд-иу намысджын адæймаг уыд, уæд скъоламæ цыд фылдæр кæстæртæ. Зæгъæм, Дзауы сауджын Лашауров Иван йæхæдæг арæх нæ цыд скъоламæ, уый фæстиуæгæн ахуыртæ фæстиат кодтой.

Мах абон сахуыр стæм, зæгъгæ, ахуыртæ райдайынц 1 сентябры. Фæлæ уæды рæстæджы скъоламæ истой кæцыфæнды мæйы дæр. Зæгъæм, 1860 азы Дзауы скъолайы нымадæуыд 18 сабийы æмæ ма сæм 15 февралæй ноджы бафтыд 20 сывæллоны. Банысан кæнинаг у уый дæр, æмæ скъолайы кæй ахуыр кодтой æрмæстдæр лæппутæ. Чызджытæ ацы скъоламæ бацыдысты 1882 азы.

Скъолайы материалон базæйыл дзырд куы цæуа, уæд уый та уыд тынг мæгуырау. Ахуыргæнæндонæн лæвæрдтой æрмæст ахуыргæнæн чингуытæ æмæ æндæр ахæм æрмæджытæ. Дзауы дины скъола дарынæн алы хæдзарæй дæр истой фæйнæ 50 къапеччы, æрмæст  ничи бæрæг кодта, уыцы æхцатæ куыд хардз цæуынц, уый. Зымæгон уазал бонты скъола фылдæр уыд æхгæд, уымæн æмæ æнæарт хæдзары æрбадæн нæ уыд. Агъуыст цалцæг никуы цыд. Ахуыргæн-джытæ райгонд нæ уыдысты сæ ацы куыстæй, уымæн æмæ мызд нæ истой. Мызд фидын сын райдыдтой 1863 азы –  алы ахуыргæнæгæн дæр афæдзы – 100 сомы.

Сæрмагондæй скъолайæн фыццаг хатт агъуыст сарæзтой 1853 азы. Уый тыххæй газет «Кавказ» фыста: «Дзауы комы ирæттæ æмбæстагондзинады æнкъарынад сæ зæрдæмæ афтæ арф айстой, æмæ æрæджы сæхæдæг сæхи хардзæй сарæзтой иттæг хорз иууæладзыгон скъолайы хъæдын бæстыхай».

1889 азы Дзауы цæрджытæ æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ арæзт æрцыд скъолайы дурын бæстыхай, уыдис дзы дыууæ хатæны. Фæлæ уыдон уыдысты тынг къуындæг, афтæмæй дзы ахуыр кодта 73 сабийы. Нæ фаг кодтой партæтæ. Уымæ гæсгæ-иу сывæллæттæй бирæтæ бадтысты рудзгуыты тæрвæзтыл. Цæрджытæ мæсты кодтой, сæ сывæллæттæ ахæм уавæрты кæй ахуыр кодтой, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы фæзынд бынæттон  чысыл интеллигенци, кæцыты фæндыд, цæмæй уыцы скъола уыдаид культурæ æмæ ахуыры æцæг парахатгæнæг. Цæрджыты бирæ хъæстыты фæстæ дæр хицауад нæ разы кодта, æхцайы сæрибар фæрæзтæ, дам, нæм нæй.

Фæлæ адæмæн сæ бон бирæ у. Дзауы уæлдæр ахуыргæнæндон саразыны хорз райдианы сæргъ слæууыдысты уыцы рæстæджы Тбилисы æрмдæсныты ахуыргæн-джыты ахуыргæнæг Тедеты Петр Гулийы фырт æмæ  аргъуаны дины скъолайы хъусдарæг Беджызаты Алекси. 1912 азы дзауæгтæ се ‘хсæнæй равзæрстой делегациты къорд æмæ йæ губернатормæ арвыстой. Ахæм куырдиатимæ, цæмæй Дзауы арæзт æрцыдаид скъолайы ног бæстыхай. Хицауады бафæндыд, цæмæй аразынæн цы хъуыдис, уыцы фæрæзты æмбис бахастаиккой цæрджытæ сæхæдæг. Скъолайы арæзтады тыххæй организаци æрцыд сæр-магонд къамис, йе сконды уыдысты Тедеты Петр, Куымæридтаты Ягор, Беджызаты Алек-си, Козаты Разден. Къамисы уæнгтæ къорд-гæйттæй ацыдысты хицæн æмæ хицæн горæттæ æмæ районтæм скъолаты агъуыст саразынæн æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæнынмæ. Зæгъæм, Козаты Раздены къорд æхцайы фæрæзтæ æмбырд кодта Бакуйы цæрæг ирæтты ‘хсæн, Тедеты Петры къорд та ацы куыст кодта Тбилисы. Беджызаты Алекси ныффыста фыстæджытæ Фæс-кавказæн æддейæ цæрæг ирæттæм. Цыбыр рæстæгмæ æрæмбырд кодтой, цас хъуыд, уыйбæрц фæрæзтæ.

Куымæридтаты  Ягор та йæ къордимæ æхцаты фæрæзтæ хъуамæ æрæмбырд кодтаид бынæттон цæрджытæй.

Боныфæстагмæ æрæвналдæуыд скъолайы бындур ныккалынмæ. Куыд стыр бæрæгбон, афтæ уый тыххæй ирæттæ   æрцыдысты   бирæ горæттæ æмæ хъæутæй.

Фæлæ уæдмæ райдыдта фыццаг Дунеон хæст. Æхца дих кæныны хъуыддаг фæзындæр. Кавказы крайон зылд скъолайы арæзтадæн цы 15000 сомы хъуамæ рахицæн кодтаид, уыдонæй ницыуал радта. Æмæ скъолайы арæзтад æрлæууыд. Гуырдзиаг меньшевиктæ ирæтты ныхмæ куы рацыдысты æмæ сæ 1920 азы лидзинаг куы фæкодтой, уæд ма скъолайы арæзтад кæй æндæвта. Арæзтадæн цы æрмæджытæ фембырд кодтой, уыдон дæр гуырдзиæгтæ ныппаплой кодтой. Скъола арæзт æрцыд фæстæдæр, Стыр Октябры революцийы фæстæ.

Гуырдзыстоны æмæ уыимæ иумæ Хуссар Ирыстоны дæр Советон хицауад куы æрфидар, уæд 1921 азы 9 июлы арæзт æрцыд рухсады Адæмон къамисариат. Уый сæргъ слæууыдысты, Дзауы скъола каст чи фесты, ахæмтæ – Тыбылты Алыксандр, Тедеты Петр, Куымæридтаты Захар. Къамисариаты куыст цыд зынтæй, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл нал баззад æнæпырх æмæ æнæсыгъд хæдзæрттæ. Алцы дæр аразын хъæуы ногæй. Къамисариат кæй банысан кодта, уыцы 34 цæрæн пунктæй иу уыдис Дзау, цыран 1921 азы байгом иууон фæллойадон цыппаразон скъола. 1935-1936 ахуыры азы уымæй арæзт æрцыд æххæст астæуккаг скъола. 1939 азы уый фыццаг хатт каст фесты 16 адæймаджы.

Стыр  Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд иннæтимæ иумæ уырдæм ацыдысты Дзауы скъолайы ахуыргæнджытæй дæр бирæтæ, сæ зынгæ хай хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Ахæмтæ сты Харебаты Зелимхан, Санахъоты Григол, Бежанты Димитр, Цхуырбаты Гиуæрги, Тедеты Зелимхан æмæ æндæртæ. Хъыганæн, бирæтæ дзы хæстæй нал æрыздæхтысты.

1991 азы 29 апрелы стыр зæххæнкъуыст егъау зиан æрхаста дзауæгтæн. Поселочы цæрæн æмæ административон хæдзæрттæ, рынчындон, сывæллæтты цæхæрадон  иууылдæр ныккалдысты. Уыдоны нымæцмæ хауы Дзауы астæуккаг скъолайы агъуыст дæр. Йæ бынаты арæзт æрцыд ног скъола. Уымæн фæрæзтæ рахицæн кодта австриаг фирмæ. Ног скъоламæ сабитæ бацыдысты 2000 азы.

Ныртæккæ дзы ахуыр кæны 231 ахуырдзауы. Скъолайы абон кусы 37 ахуыргæнæджы.

Хуссар Ирыстоны зæронддæр скъола цы даргъ фæндагыл рацыд, уый хъуамæ зонæм æмæ сæрыстыр уæм, уал азы дæргъы кæй хъомыл кодта, уыдонæй. Канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр кусынц йæ рауагъдонтæ. Уыдон цъус не сты, фæлæ дзы цалдæры тыххæй æнæзæгъгæ нæй. Ацы скъола схъомыл кодта зынгзæрдæ революционертæ æмæ æнувыд патриоттæ Санахъоты Серо, Мате, Самсон, Цхуырбаты Ефим, Санахъоты Иван æмæ æндæрты. Ирон газет «ног цард»  рауадзыны хъæппæрисы хицæуттæ уыдысты Дзауы скъолайы раздæры ахуыргæнинæгтæ Джиоты Н. З., Тедеты П. Г., Дзауы скъолайы раздæры ахуыргæнинæгтæ Хъоцыты Б., Санахъоты И. Л., Куымæридтаты М.Д., Гугкаты Дз. А. уыдысты  ирон скъолатæн фыццаг ахуыргæнæн программæ æмæ чингуыты аразджытæ. Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады хайады фыццаг разамонæг, стæй педагогон институты æмæ зонадон-иртасæн институты фыццаг аразджытæй иу, Хуссар Ирыстоны фыццаг доцент дæр уыд Дзауы скъолайы раздæры ахуыргæнинаг Тыбылты Алыксандр. Нæ раздæры областы зонæдты фыццаг доктор, Гуырдзыстоны ССР зонæдты сгуыхт архайæг дæр уыд ацы скъолайы раздæры ахуыргæнинаг Уанеты Никъалайы фырт Захар.

Æнæзæгъгæ нæй скъолайы фыццаг директор Джиоты Гегайы тыххæй. 1924 азы йæ Хуссар Ирыстоны Адæмон Къамисариат   снысан кодта.  Уый уыд Тбилисы политикон институты цæвиттойнаг студент, раздæры революцион комитеты зынгæдæр активисттæй иу. Директоры хæстæ æххæст кæнынимæ иумæ уый ра-замынд кодта ног скъолайы арæзтадæн дæр.

Гегайæн уыдис æртæ чызджы – Светланæ, Заирæ æмæ Циалæ. Уыдон дæр каст фесты ацы скъола æмæ ам ахуыргæнджытæй дæр фæкуыстой. Æцæг, Заирæ иу рæстæджы конд æрцыд партион куыстмæ, уæды партийы Дзауы райкомы секретарæй. Растдæр уый хъæппæрисæй 1991 азы 29 апрелы райцентры арæзт æрцыд æмбырд Гамсахурдиайы политикæйы ныхмæ æмæ уырдæм æрцыд бирæ адæм – скъоладзаутæ, уагдæттæ æмæ организациты кусджытæ æмæ уыдон аирвæзтысты фыдбылызæй  – зæххæнкъуыстæй.

Скъолайы абоны директор та у Санахъоты Алан. Уый ацы бынаты кусы зæххæнкъуыстæй фæстæмæ.

Джиоты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.