Рагæй æвзæры фарст: уырыссаг мыггæгтæ æмæ фыды нæмттæ иронау дзургæйæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын хъæуы æви, уырыссаг æвзаджы куыд æмбæлынц, афтæмæй уадзгæ сты? Ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ зæгъын хъæуы уый, æмæ уырыссаг адæмы æмæ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ  мыггæгтæ, уæлдайдæр та фыды нæмттæ, иронау дзургæйæ, æцæгæйдæр фехъусæн кæнæ бакæсæн вæййы, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фæдзурынц, канд афтæ нæ, фæлæ «ирондæргондæй» дæр, ома канд – вичимæ нæ, фæлæ фыртимæ дæр. Зæгъæм, Александр Сергейы фырт Пушкин, Кировы та, дыгурæттæ йыл цы зарæг скодтой, уым бынтондæр хонынц Кирати Мирони фурт Серго. А фæстаг рæстæджы уырыссаг мыггæгтæ æмæ фыды нæмттæ арæхдæр дзурынц æмæ фыссынц уырыссагау.

Куыд растдæр у уæдæ уырыссаг адæмы æмæ уырыссаг æвзагæй ист адæймæгты мыггæгтæ æмæ фыды нæмттæ иронау дзурын, ирон мыггæгты фæсæфтуан – ты-имæ æмæ ирон фыртимæ æви сæ уырыссагау куыд фæдзурынц, афтæ? Кæд «Ирон орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ» (1987, ф. 21) растыл нымайынц амынд уавæрты фыды ном канд уырыссагау нæ, фæлæ иронау дзурын æмæ фыссын дæр, уæддæр, мæнмæ гæсгæ, растдæр æмæ хуыздæр уаид уырыссаг мыггæгтæ æмæ нæмттæ, фыды нæмттæ иронау дзургæйæ дæр æнæ ивдæй куы уаиккой, уырыссагау сæ куыд фæдзурæм, афтæ сæ куы дзуриккам иронау дæр. Ома, растдæр уаид Сергей Миронович Киров, Александр Сергеевич Пушкин æ.а.д. Цæмæн? Алчидæр зоны, мыггаг, ном, фыды ном хъæуынц, цæмæй адæймаджы йе ‘мхуызон адæймæгтæй рахицæн кæнæм, раиртасæм. Уымæ гæсгæ уырыссаг мыггæгтæ æмæ фыды нæмттæ иронау дзургæйæ дæр, уыдон уырыссаг æвзаджы куыд фæдзурынц, афтæ куы зæгъæм, уæд фылдæр зæгъдзысты, кæуыл дзурæм, уый тыххæй, хуыздæр бамбарын кæндзысты, ныхас кæуыл цæуы, уый хъусджытæн. Зæгъæм, Иванов, Беликов, Исаев, Панаедов, Исаков æ. а. д. нын дзурынц канд ууыл нæ, æмæ ацы лæгтæн сæ мыггæгтæ куыд хуыйнынц, фæлæ ма, ацы мыггæгты хицæуттæ уырыссаг дæр кæй сты. Фæлæ-ма зæгъут адон иронау Ивантæ, Белыккатæ, Исатæ, Панаедтæ, Исахътæ, Медведьтæ (ахæм ирон мыггæгтæ дæр ис), уæд ма ацы мыггæгтæ дзурдзысты, адæймаг кæцы нацийæ у, уый тыххæй? Нал, кæй зæгъын æй хъæуы. Ироны тыххæй цæуы ныхас æви уырыссаджы, уый æмбæрстгонд нал цæудзæни. Раст афтæ рауайдзæн уырыссаг фыды нæмтты – вич-ы бæсты ирон фырт куы дзурæм, уæд дæр. Æмæ уым æвзæрæй цы ис, зæгъгæ, чи зоны, исчи бафæрса. Стæй цæмæн хъæуы, мыггаг кæнæ фыды ном бæрæг кæна адæймаг кæцы адæмы хаттæй у, уый – цы уæлдай у, кæцыфæнды адæмыхаттæй у, лæгæн бæзз, уый йедтæмæ. Иуæй-иутæ та нымайынц, æндæр адæмыхаттæй чи вæййы, уыдоны иронау схонæм, уымæй, уæлдай æввахсдæр, зынаргъдæр нын кæй вæййынц, уый æвдисæм, зæгъгæ. Ацы хъуыдытæн, мæнмæ гæсгæ, сæ дыууæйæн дæр ницы бындур ис. Фыццаджыдæр, мыггæгтæ нын, гæнæн кæм ис, уым уадз æмæ амоной, адæймаг кæцы адæмыхаттæй у, уый, иннæмæй та мах адæмтæ хæрзтыл æмæ æвзæртыл дих кæныны тыххæй нæ зæгъæм. Ныртæккæ алчидæр æмбары, адæмтæй уæлдай æвзæрдæр æмæ уæлдай хуыздæр кæй нæй, уый. Фæлæ цы ис æвзæрæй, адæймаджы мыггаг, ном æмæ фыды ном фехъусгæйæ кæнæ бакæсгæйæ, ды куы базонай, канд уый нæ, æмæ ахæм адæймаг зæххыл кæй цæры, фæлæ ма уыимæ уыцы адæймаг нæлгоймаг æви сылгоймаг у, уырыссаг, гуырдзиаг æви ирон у, уый дæр? Æвæццæгæн, уы-дæттæ æрмæст цымыдисæн куы хъæуиккой, уæд сæ адæймагæн йæ паспорты дæр нæ фыссиккой.

Раст нæ уаид æндæр адæмыхаттæй уæвæгмæ нæ уарзондзинад равдисыны æфсонæй уымæн йæ мыггаг æмæ йæ фыды ном ирон кæнын дæр. Иронау зæгъай адæймагæн йæ мыггаг, ном, фы-ды ном æви йын йæхи адæмы æвзагыл зæгъай, уымæй уыцы адæймаг уæлдай уарзондæр кæнæ уæлдай æнæуынондæр нæ кæны. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд ирон адæм Ленины, Марксы, Энгельсы æмæ бирæ æндæр зынаргъ адæймæгты мыггæгты, нæмтты æмæ фыды нæмтты раджы райдыдтаиккой иронгондæй дзурын. Зæгъæм, уырыссаг номдзыд поэт Михаил Юрьевич Лермонтовы схуыдтаиккой Лермонтаты Юрийы фырт Михал æ. а. д. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ кæнгæ дæр ничи кæны, стæй куыд загътам, афтæмæй уымæн бындур дæр нæй.

Гъе уыдæттæм гæсгæ, иу хатт ма йæ зæгъæм, уырыссаг мыггæгтæ, нæмттæ æмæ фыды нæмттæ растдæр уаид, уыдон уырыссагау куыд дзурынц, афтæ дзурын иронау дæр, мæнæ гуырдзиаг, сомихаг æмæ æндæр мыггæгтæ кæцыфæнды æвзагыл дзургæйæ дæр гуырдзиагау, сомихагау куыд фæдзурынц, афтæ. Æмæ уæд ирон мыггæгтæ дæр уырыссагау дзургæйæ, иронау сæ куыд фæзæгъæм, афтæ дзургæ сты, зæгъгæ, чи зоны ма исчи бафæрсдзæн. Æмæ цы, раст куы зæгъæм, уæд æз уым æвзæрæй ницы уынын, хицæн адæймæгтæ сæ мыггаг уырыссагау дзургæйæ кæнæ фысгæйæ дæр æнæ ивдæй кæй ныууадзынц æмæ кæй фæфыссынц Джусойты, Екати æ. а. д. Æцæг нæ мыггæгтæ, иронау сæ дзургæйæ, ирон кæрон – ты-имæ адæймаг нæлгоймаг у æви сылгоймаг, уый нæ бæрæг кæнынц, уæлдайдæр та адæймаджы ном æххæстæй фыст куы нæ уа, фæлæ æрмæст йæ раззаг дамгъæ лæвæрд куы цæуа, уæд. (Зæгъæм, Лакути А. Марадз базон, нæлгоймаг у ацы адæймаг æви сылгоймаг.) Афтæ куы нæ уаид, уæд цы хъыгдары ирон нæмттæ дæр мæнæ гуырдзиаг, сомихаг æмæ æндæр мыггæгты хуызæн æнæ ивдæй дзурын уырыссагау дæр æмæ уырыссаг кæрæттæ –ов, –ев-ы бæсты ирон кæрон -та-имæ дзурын? Мæнмæ гæсгæ, ницы. Уæд ныхас ирон адæймагыл цæуы, канд уый не ‘вдисид мыггаг, фæлæ ма кæд хицæн ирон мыггæгтæ дæр нал хæццæ кæниккам кæрæдзиимæ. Ныртæккæ сæ куыд хæццæ кæнæм, афтæ. Зæгъæм, ирон адæммæ ис ахæм хицæн мыггæгтæ: Рæмонатæ æмæ Рæмонтæ, уырыссагау та сæ дыууæтæ дæр свæййынц Рамонов; иронау Елойтæ æмæ Елуатæ, уырыссагау – Елоев; иронау Беройтæ æмæ Беруатæ, уырыссагау сæ дыууæтæ дæр – Бероев; иронау Сидахъатæ æмæ Сидахътæ, уырыссагау дыууæ мыггаджы дæр свæййынц – Сидаков. Иронау Хъоцытæ, Коцтæ, Къоцитæ, уырыссагау æртæ мыггаджы дæр свæййынц – Кочиев; иронау Абайтæ, Æбатæ, уырыссагау дыууæ мыггаджы дæр свæййынц Абаев æ. а. д.

Ныртæккæ ирон адæм, стæмтæй фæстæмæ, уырыссагау дзургæйæ, сæ мыггæгтæ ивынц уырыссаг æвзагмæ, ома, уырыссаг фæсæфтуантæ –ов æмæ –ев-имæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам дæр æнæрастдзинад æмæ æвзæрдзинадæй ницы ис, стæй ма ацы хъуыддаг наукон æгъдауæй раст куы кæниккам, уæд нæ мыггæгтæ уырыссаг фæсæфтуантимæ дæр сæ райдиан хуыз къаддæр сафиккой æмæ кæрæдзиимæ дæр нæ хæццæ кæниккой. Наукон домæнтæм гæсгæ ирон мыггæгтæ уырыссаг æвзагмæ ивгæйæ хъуамæ уаид æрмæстдæр ахæм ивындзинæдтæ. Ирон фæсæфтуан –ты-йы бæсты ирон мыггаджы кæрон фыссиккой –ов кæнæ –ев (мыггаджы бындур цавæр мырыл фæуа, уымæ гæсгæ), стæй уырыссаг æвзаджы цы мыртæ нæй: къ, пъ, тъ, цъ, чъ, хъ, гъ, æ, уыдоны бæсты мыггæгты фыст цæуид к, п, т, ц, ч, г, а. Æрмæст ахæм хъæугæ ивындзинæдтæ куы хæссиккам, уæд нæ мыггæгтæ уырыссагау дæр сæ уагыл уаиккой æмæ кæрæдзиимæ дæр нæ хæццæ кæниккой. Уæд, зæгъæм, Елойтæ уаиккой – Елойев, Елуатæ – Елуаев  æ.а.д. Фæлæ мах, нæ мыггæгтæ уырыссагау дзургæйæ æмæ фысгæйæ, наукон домæнтæ кæй нæ хъахъхъæнæм, уый тыххæй арæх æруадзæм гуымиры рæдыдтытæ æмæ хицæн мыггæгтæ, уæлдæр куыд федтам, афтæ иухуызон свæййынц, иу мыггаг та дыууæ хуызы рауайы йæ ирон æмæ йæ уырыссаг вариантты.

Ацы уырыссаг æнæраст «тæлмацтæм» гæсгæ та арæх мыггаг рæдыд фыссын райдайынц иронау дæр æмæ иу мыггаг дыууæ хуызы æмбæлын райдайы ирон æвзагæн йæхи мидæг дæр. Зæгъæм, бакæсæн вæййы нæ газетты Соттатæ дæр æмæ – Шотатæ дæр, Жукъатæ, стæй – Дзукъатæ, Чыбыртæ, стæй – Цыбыртæ æ. а. д.

Бакæсæн вæййы, кæд ирон дзырдты уырыссаг дамгъæ я растфыссынады æгъдæуттæм гæсгæ хъуамæ макуы фыст цæуа, уæддæр: Бязыртæ, Батятæ æ.а.д. Æппæт уыдæттæ та хæссынц æмтъерыдзинад. Уыцы иу адæймаджы хицæн мыггæгты бын фыстæй лæг зонгæ дæр нал бакæны. Нæ мыггæгтæ нæхæдæг дæр хатгай раст фыссын кæй нæ фæзонæм, стæй сæ махмæ гæсгæ та иннæтæ дæр раст кæй нæ фæфыссынц, уый арæх расайы алыхуызон къуылымпыдзинæдтæ. Зæгъæм, æз зонын ахæм цау. Ирон лæппу ссыди Кæсæгæй Ирыстонмæ, фæндыдис æй техникуммæ бацæуын. Йæ гæххæттытæ балæвæрдта къамисмæ, фæлæ йын сæ къамис нæ райста. Аттестаты лæппуйы мыггаг фыст уыдис Дедегкаев, йæ куырдиаты Дедеккаев, йе ‘ннæ гæххæттытæй та кæм Дедекаев, кæм Дедегкаев. Къамис ын загътой, адон иу адæймаджы гæххæттытæ не сты, зæгъгæ, æмæ лæппуйы бахъуыд бирæ рæстæг фесафын йæ гæххæттытæ иу мыггагыл скæнынæн. Кæнæ ирон адæммæ ахæм цаутæ нæй, иу хæдзарвæндаг сæ мыггаг фæйнæ хуызы кæм фыссынц?

Кæнæ, ирон растфыссынады æгъдæутты рагæй дæр ис  ахæм  амынд:  дзырды бындуры дæргъвæтин æмхъæлæсонтæн сæ равзæрд бæрæг куы нæ вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы æзæланг æмхъæлæсонтæ, ома, цæттæйы фыссæм дыууæ т-йы, дыууæ д-йы кæнæ дт нæ фæлæ, лæппуйы фыссæм дыууæ п-йы æ. а. д. Ацы амындмæ гæсгæ хъуамæ фыстаиккам мах, ирон мыггæгты цы дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмбæлы, уыдон дæр. Афтæмæй та ацы раст амынд хъахъхъæд цæуы æрмæст иуæй-иу мыггæгты, ин-нæты та алы хуызы хæлд цæуы.

Зæгъæм, газет «Рæстдзинад»-ы мах фæкæсæм ацы амындмæ гæсгæ раст фыст мыггæгты дыууæ к-имæ: Цæлыккатæ, Алыккатæ. Раст фыссæм дыууæ т-имæ мыггæгтæ: Алдаттатæ, Тлаттатæ.

Арæх та суанг уыцы-иу мыггæгты лæгтæ дæр фæйнæ хуызы фыссынц сæ мыггаг, зæгъæм бакæсæн вæййы:

Магкæтæ – Маккæтæ

Æрчъегкатæ – Арчъеккатæ

Тегкатæ – Теккатæ

Дзадтиатæ – Дзаттиатæ.

Цы бирæ йыл дзурæм, мыггаг кæй у, æрмæст уый нæ хъæуы, уæд æй уадз æмæ мыггаджы хицау, куыд æй фæнды, афтæ иронау дæр æмæ уырыссагау дæр ивæд. Мыггаг æмæ ном хъæуынц адæймаджы адæмы ‘хсæн цæрынмæ, цæмæй йæ адæм иннæты ‘хсæн иртасой, уымæ гæсгæ хъуамæ алы адæймаг дæр арæхса наукон æгъдауæй раст фыссын æмæ дзурынмæ куыд йæхи мыггаг æмæ ном, афтæ иннæйы мыггаг, ном æмæ фыды ном дæр. Ныртæккæ мах нæ мыггæгтæй бирæты раст кæй нæ фыссæм, уæлдайдæр та уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй, уым диссагæй ницы ис. Нæ мыггæгтæ уырыссаг æвзагмæ тæлмац кæнын кæд байдыдтой. Æвæццæгæн, революцийы агъоммæ, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу ис, уæд. Æмæ уæд кæсын, фыссын, стæй уырыссагау дзурын зыдтам? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ, стæмтæй фæстæмæ. Уæдæ нын нæ мыггæгтæ чи ивта уырыссаг æвзагмæ? Æрдæгахуыргонд писыртæ, æндæртæ. Æмæ уыдон наукон æгъдауæй цас раст раивтаиккой ирон мыггаг уырыссагмæ, уый алчидæр бамбардзæн. Фæлæ иугæр дæ мыггаг документты фыст æрцыд, уæд æнæ-раст куы уа, уæддæр ма йын цы дæ бон у? Æмæ афтæмæй бирæ мыггæгтæ зыгъуыммæтæй баззадысты. Æмæ ма сын кæд кæмдæрты сраст кæнæн ис, уæддæр сæ мах ныууагътам афтæмæй, æмæ хатгай нæхи дæр æмæ иннæты дæр къуылымпы кæнынц не ‘нæраст фыст мыггæгтæ. Уæвгæ ацы хъуыддаджы æппæт бæллæхтæ историйы аххос кæнын раст нæ уыдзæн. Нæ мыггæгты цы рæдыдтытæ ис, уыдонæй бирæты аххосæгтæ сты, абон дæр фаг кæй нæма зонæм не ‘взаг, уымæн йæ растфыссынады æгъдæуттæ.

Цæмæй мæ цæхгæр дзырдтæй макæй зæрдæ фæхудын кæнон, уый тыххæй æз мæхицæй æрхæсдзынæн дæнцæг. Мæнæн мæхицæн мæ мыггаг ирон у – Тахъазтæй, афтæмæй та мæ документты иууылдæр фыст дæн Токазов. Куыдæй рауади уый. Исчи зæгъдзæни, æмæ уæдæ искæмæн амоныны бæсты дæхицæн цæуылнæ зоныс, зæгъгæ. Сæттын ыл, мæ мыггаджы рæдыд фыст мæнæн дæр æвзаг нæ зонынимæ баст кæй у. Раст куы зæгъæм, уæд ныртæккæ базонин, мæ мыггаг иронау дæр æмæ уырыссагау дæр раст фысгæ куыд у, уый. Фæлæ ма йын ныр цы акæнон?.. Уæртæ раздæр, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, æмæ мæм иунæг документ дæр Токазовыл куы нæма уыд, уæд мын мæ ахуыргæнджытæй исчи куы бацамыдтаид, мæ мыггаг раст куыд фысгæ у, уый, уæд абон æз дæр, мæнмæ гæсгæ та мыггаджы кæстæртæ дæр, Токазов нæ фыссиккам æмæ иу мыггаджы адæмæй иутæ абон Таказов нæ уаиккой, иннæтæ та Токазов, мæхæдæг дæр иронау Тахъазтæй нæ уаин, уырыссагау та Токазов.

Ранымад цаутæ æмæ дæнцæгтæй мæ фæнды ахæм хатдзæг скæнын. Уырыссаг мыггæгтæ, нæмттæ æмæ фыды нæмттæ иронау дзурын æмæ фыссыны хъуыддаджы, уæлдайдæр та ирон мыггæгтæ æмæ нæмттæ уырыссагау, стæй иронау дзурын æмæ фыссыны хъуыддаджы махмæ æмхуызондзинад æмæ бæрæг фæтк нæма ис. Стæй афтæ хъуыды кæнæн дæр нæй, æмæ ацы æмæ не ‘взаджы культурæйы бирæ æндæр фарстытæ сæхи ‘гъдауæй искуы сæ гаччы сбаддзысты, зæгъгæ. Уый нæ, фæлæ нæ наукон кусджытæ, не скъолаты ахуыргæнджытæ, уæлдайдæр ирон æмæ уырыссаг æвзæгты ахуыргæнджытæ хъæуты не ‘взаджы культурæйы фарстытæ бæрзонддæр куы нæ скæной, уæд дарддæр дæр æнæраст фыссыны тыххæй иу ирон мыггагæй уайдзæнис дыууæ мыггаджы, дыууæ кæнæ æртæ мыггагæй та – иу. Дарддæр дæр ма нæ хъæусоветы чингуыты нæ ноггуырдты регистраци кæндзыстæм Петры бæсты Петкæ, Марияйы бæсты Марицæ, Верæйы бæсты Верицка, Александрæйы бæсты Сасинкъа. Уыдон та искуы мах аххосæй сæ нæмттæй æфсæрмы кæндзысты æмæ мах азымы æвæрдзысты.

ТАХЪАЗТЫ Харум, профессор                 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.