Фæнды мæ рæгъмæ рахæссын иу чысыл, фæлæ стыр проблемæ. Ацы чысыл, фæлæ стыр проблемæйы тых-хæй ныффыссынмæ мæ сразæнгард кодта, æрæджы Тæболты Сергейы уынджы æвдисæн цы цауæн сдæн, уый.

Цæвиттон, ацы уынджы фæцæйцыд, иу 60-70 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сылгоймаг. Йæ уæззау цыдыл зынд, йæхинымæры йæ хъуыдыты кæй уыд, уый. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр уынджы хъазыдысты чысыл лæппутæ, фæлæ сæ къухты цы уыд æмæ цы архайдтой, уый кæцæй зыдтам, цалынмæ стыр гуыпп айхъуыст, уæдмæ. Цы базонын ма мын æй хъуыд, кæд нырма Ног азы æрбалæудмæ дзæвгар рæстæг ис, уæддæр та ныридæгæн нæ базаргæнджытæ уæй кæнын кæй райдыдтой алыгъуызон пиротехникæ, уый. Кæд сын Хуссар Ирыстоны территорийыл уæй кæныны бар нæй æмæ сæ уый тыххæй æрвылаз дæр бафæдзæхсынц барадхъахъхъæнæг органтæ, уæддæр сын басæттæн ницæмæйуал ис, афтæ тынг сæ цæсгомыл сæ къух систой.

Сылгоймаг æнæнхъæлæджы гуыппæй тынг фæтарст, цæрæн хæдзары къулыл банцой кодта æмæ афтæмæй йæ хызыны цыдæр агуырдта. Фæхатыдтæн æй, сылгоймагæн йæ зæрдæ кæй бавзæр, æмæ уайтагъд цырд цыдæй йæ цурмæ бацыдтæн. Уый мæм бахатыд, цæмæй йын йæ хызынæй зæрдæйы хос систаин. Сылгоймаг йæ зыр-зырæй нал лæууыд, æмæ цалдæр хатты загъта: «Ног азы æрцыд мæ нал фæнды ацы гуыппыты тыххæй».

Ахæм ныхæстæ фехъусæн вæййы æндæр адæймæгтæй дæр, уымæн æмæ дæргъвæтин азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы  адæм бафæлладысты алыгъуызон гуыппытæм хъусынæй æмæ сын ныр цыфæнды уæлдай уынæр дæр сриссын кæны æнæуы-йдæр сæ рыст нуæрттæ. Дæхицæн фæцæйцæудзынæ уынджы æмæ дæ цурмæ хæстæг æнæнхъæлæджы ахæм гуыпп фæцæудзæн, æмæ фыртæсæй хæрдмæ фæхаудзынæ, зæрдæ рацæйтоны риуæй. Уый размæ азты-иу ахæм гуыппытæ кæд Ног азы хæдразмæ æмæ ногбонты хъуыстысты, уæд ныр та уыдон хъуысынц не ‘рвылбонон царды æмæ нын не ‘нæниздзинадыл æндавынц æппæрццагæй.

Ноджы ма йæ зæгъон, дæргъвæтин хæстон азты хуссарирыстойнаг адæм афтæ тынг бафæлладысты алыгъуызон хæцæнгæрзты гуыппытæй, æмæ сæм ныр бæрæгбонон фейерверкты хъæлæба дæр хъыг фæкæсы. Æгæрыстæмæй, бирæтæ, уыцы нымæцы ацы рæнхъыты автор дæр, сæ хæдзæртты къуымты ахæм рæтты бамбæхсынц, хъæлæба сæм кæдæм нæ хъуыса. Нæ республикæйы цæрджытыл ма æвзæрæрдæм æндавынц, хæстон ахуырты рæстæджы хæцæнгæрзты хъæр æмæ гуыппытæ кæй фехъуысынц, уый дæр, фæлæ уымæн æндæр гæнæн нæй, уыцы ахуыртæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны тых-хæй уагъд фæцæуынц æмæ сæм уымæ гæсгæ цæрджытæ æвдисынц æмбаргæ ахаст. Фæлæ æнæ-хъуаджы адæймаджы нурæттæ чи халы, уыдонæн бынтондæр бамбарæн нæй. Ау, цыдæр къапеччыты тыххæй, йæхи дзыппы пайдайæн исчи цæмæн хъуамæ хала цæрджыты æнцойад. Ау, ахæм æдзæсгæмттæ адæмы æлгъыстæй дæр нал тæрсынц!

Советон дуджы дæр адæмы иууыл уарзондæр бæрæгбон уыд Ног аз, фæлæ уыцы рæстæджы ничи фехъуыстаид гуыппытæ æмæ хæцæнгарзæй æхстытæ. Сывæллæттæ-иу балхæдтой «Бенгальский огонек»-тæ æмæ-иу уыдон ссыгътой Ног азы æхсæвы. Фæлæ нын ныр демократи цы бирæ ногдзинæдтæ æрхаста, уыдонæн сæ фылдæр, хъыгагæн, сты æппæрццаг. Цæрджыты æнцойад махмæ, Цхинвалы иуæй-иутæ сæ дзыппыты пайдайæн куыд халынц, афтæ æндæр цивилизацион бæстæты куы халиккой, уæд уголовон бæрн-дзинадæй нæ аирвæзиккой. Стæй дæр æндæр бæстæты ахæм гуыппытæ кæд æрмæстдæр Ног азы æхсæв райхъуысынц, уæд махмæ та фехъуысынц дæргъвæтин рæстæджы. Ног азы æхсæвы бирæты фæфæнды уынгты атезгъо кæнын, фæлæ æхстытæй тæрсгæйæ алчи нæ рахизы уынгмæ.

Ацы проблемæйы фæдыл нын РХИ-йы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Пухаты Мераб афтæ загъта: «Мах рагæй кусæм ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрад ацы фарст уынаффæмæ рахæсдзæн Хицауады рабадтмæ, цæмæй Закъонмæ хаст æрцæуой ивындзинæдтæ. Уыцы ивындзинæдтæм гæсгæ махæн нæ бон суыдзæн æххæстбартæй кусын. Науæд барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ куы бацæуынц базаргæнджытæм, уæд сæ бирæтæ масты хай дæр фæкæнынц. Базаргæнджытæй-иу сын бирæтæ загътой, зæгъгæ, дам, махмæ лицензи ис пиротехникæ ласыны тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæмæнгæй бакусдзыстæм ацы фарст кæронмæ аскъуыддзаг кæныныл, æмæ нын уæд бындур уыдзæн пиротехникæ байсынæн».

Уæдæ нæ ныфс ис, æввахс рæстæджы ацы чысыл, фæлæ стыр проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн Хицауады æмвæзадыл.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.